Президент Гаглойты Алан ауагъта æрвылкъуырион æмбырд. Хайад дзы райстой тыхон структурæты сæргълæуджытæ. Уыдон бæстæйы сæргълæууæджы базонгæ кодтой къуырийы дæргъы бакæнгæ куыстытимæ.

Йæ дæлбар уагдон къуырийы дæргъы цы бакуыста, уый тыххæй информаци радта республикæйы генералон прокурор Битеты Сергей. Уый Президентæн фехъусын кодта ГУП-тæ «Дорэкспострой»-ы æмæ «Водоканал»-ы куыстуæттæ æнæ-хъуаджы цы бирæ милуан æхцайы фæрæзтæ бахардз кодтой, уыдоныл ногæй уголовон хъуыддæгтæ арæзт кæй æрцыд, уый тыххæй.

«Паддзахадон унитарон куыстуæттæ „Дорэкспострой“ æмæ „Водоканал“-ы æнæзакъонон хæрдзты фæстиуæгæн цы уголовон хъуыддæгтæ бакондæуыд, уый тыххæй мах уадзæм æмбæлон слестгæ-нæн мадзæлттæ. Ацы эпизоды æппæт хайадисджытыл дæр уадзæм æрфарст. Уымæй дарддæр ма хъуыддаджы фæдыл æрмæджытæ арвыстам Контролон-нымайæн палатæмæ, цæмæй куыд æмбæлы, афтæ сбæрæг кæной уæлдæр банысангонд куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайд. Уырдыгæй цы æрмæджытæ райстам, уый тыххæй уадзæм уæлæмхас слестгæнæн мадзæлттæ, бæрæг кæнæм куыстуæтты финансон операцитæ.

Ноджы ма иу уголовон хъуыддаг бакодтам „Водоканал“-ы раздæры сæргълæууæг Цхуырбаты Аланыл, йæ дæлбар куыстуат æнæ бындурæй 15 милуан сомæй фылдæр кæй бахардз кодта, уый тыххæй», — банысан кодта генералон прокурор.

Цхуырбаты Аланыл ма амæйразмæ дæр бакодтой уголовон хъуыддаг дыууæ милуан сомы зианы факты тыххæй.

Битеты Сергей куыд загъта, афтæмæй генпрокуратурæ тæрхондонмæ алæвæрдта дыууæ резонансон уголовон хъуыддаджы. Сæ иу уыд подрядон организацийы сæргълæууæг Уалыты Владиславмæ балæбурын æмæ йæ фæнæмыны тыххæй, дыккаг уголовон хъуыддаг та у фыднады фæстæ фæмардуæвæг Куымæридтаты Сæрмæты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цалдæр уголовон хъуыддаджы та фæуынхъус сты.

Юстицийы министр Гаглойты Олег дæр Президентæн радзырдта, ахæстоны чи ис, тæрхондонон пъырыстæфты службæмæ цы хъæстытæ æрбацыд æмæ цы уголовон хъуыддæгтæ бакодтой, уыдæтты тыххæй.

Къуырийы дæргъы республикæйы территорийыл цы уæлвæткон цаутæ æрцыд, уый тыххæй доклад сарæзта уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Бестауты Ацæмæз. Радзырдта 24 октябры Шанхайы микрорайоны сæрмагонд цæрæн хæдзары зæнгсивæрзты тыххæй.

«Газы аххосæй æрцыд зынгсивæрзт. Йæ фæстиуæгæн бынаты фæмард дыууæ сывæллоны, 71-аздзыд сылгоймаг та рынчындоны фæзиан. Дыууæйæ нырма рынчындоны сты. Сæ дыууæ дæр сты стабилонæй уæззау уавæры, фæлæ сæ удтæн тас нæу. Дыууæуæладзыгон цæрæн хæдзар кæронмæ басыгъд», — загъта Бестауты Ацæмæз.

Министры хæдивæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ газ хъуызыд, хæдзармæ æнæ закъонæй цы газы хæтæл уагъд уыд, уырдыгæй.

«Зынгсивæрзт ма уыд Знауыры районы Ахалшены хъæуы дæр, басыгъд æдзæрæг хæдзар. Цæй аххосæй басыгъд, уый бæрæг цæуы», — банысан кодта Бестауты Ацæмæз.

Докладтæ ма сарæзтой Паддзахадон æдасдзинады Сæрдар Олег Ширан, Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери, æддаг развæдсгæрсты службæйы сæргълæууæг Варзиаты Алексей, Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат.

Мадзалы хайад райстой Парламенты Сæрдар Æлборты Алан æмæ Президенты Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.