Нæ паддзахадон бюджет баххæст кæнынмæ уæзгæ бавæрд чи хæссы, уыдонæй сæ иу у таможнæйон управлени.

Ивгъуыд аз паддзахадон бюджетмæ таможнæйон управленийæ цы æфтиæгтæ æрбацыд, уый фæдыл нын йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат куыд радзырдта, афтæмæй уыдон уыдысты 172 милуан æмæ 301 мин сомы. Уыцы æфтиæгтæ бæрæг фылдæр сты, планмæ гæсгæ цас хъуамæ бахастаид, уымæй. Ацы аз, йæ ныхæстæм гæсгæ, та планмæ гæсгæ паддзахадон къазнамæ хъуамæ бахæссой 195 милуан сомы. Цхуырбайы фырты ныфс ис, сæ бон кæй суыдзæнис уыцы план сæххæст кæнын дæр.

Управленийы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг таможнæйон системæ хъуамæ максималонæй ахъаз кæна амалиуæгады рæзтæн. Хъуамæ уа хæдхуыз хид хицауад æмæ адæмы ‘хсæн. Йæ фæнд у, цæмæй хицауадимæ ахъуыды кæной иуæрдыгæй таможнæйон-транспортон формалондзинæдтæ фæхуымæтæгдæр кæныныл, иннæрдыгæй та къазнамæ таможнæйон æфтиæгтæ фылдæр кæныны фарстатыл. Мæхи ‘рдыгæй, дам, æз цæттæ дæн цахæмфæнды рационалон фæндоны æвварс дæр рахæцынмæ æмæ йæ хицауады бахъахъхъæнынмæ.

Æфтиæгты тыххæй лæмбынæгдæр дзургæйæ, Цхуырбаты Мурат загъта, зæгъгæ, Рукъ, Цхинвал æмæ Раздæхæн постытæй цы æфтиæгтæ æрбацыд, уыдон уыдысты 61, 39 милуан сомы. Цы автотранспортон иуæгтæ сфидаргонд æрцыд, уыдонæй та æфтиæгтæ райстæуыд 15,14 милуан сомы, акцизон æмбырдгæндтæ та уыдысты 95, 48 милуан сомы. 2017 азмæ абаргæйæ ацы æмбырдгæндтæ фæфылдæр сты 109, 3 милуан сомы.

Æфтиæгтæ афтæ бирæ кæй фæфылдæр сты, уый комкоммæ баст у ластцæуæг уæзтыл контроль кæй тыхджындæр æмæ сæ документацимæ лæмбынæгдæр хъусдард кæй уыд, уый фæстиуæгæн. Амалиуæггæнджытæ активондæрæй райдыдтой ласын базайрæгтæ республикæмæ. Акцизтæ дæр цы продукцийæн лæвæрд цæуы, уыдон дæр хорз æфтиæгтæ хæссынц бюджетмæ. Уыцы-иу рæстæджы, управленийы хистæры ныхæстæм гæсгæ, æмрæстæг хæлцадон продукттыл таможнæйон фиддонтæ нæ фæбæрзонддæр сты.

2018 азы, таможнæйон æфтиæгтæ бюджетмæ кæй фæфылдæр сты, уымæн ахъаз уыд Ленингоры районы Раздæхæны цы уадзæн пост фæзынд, уый дæр. Куыд зонæм, афтæмæй ацы бынаты арæныл цы товартæ ласт цыд Хуссар Ирмæ, уыдоны тыххæй хъалон фыст нæ цыд. Пункт бакæныны хъуыддаг та фадат радта продукцийы гъæд æмæ гуырахстыл контроль кæнынæн. Ныр уырдыгæй иттæг хорз æфтиæгтæ цæуын райдыдта, кæд æмæ ныр нæ фæкъуылымпы уа, Гуырдзыстоны цы хæцгæ вирусон низ H1N1 фæзынд, уый аххосæй, уæд. Куыд зонæм, афтæмæй уый фæстиуæгæн æхгæд æрцыд, Раздæхæны цы пост ис, уый.

Таможнæйы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй постыл урæд æрцæуынц контрабандон товартæ дæр. Рукъы таможнæйыл урæд æрцыд, тамако æмæ «насвай» чи ласта, ахæм машинæтæ. Гуырдзыстонæй Раздæхæны постыл та хъавыдысты сæны продукци ласынмæ.

Цхуырбаты Мурат ма радзырдта, таможнæйы хъуыд-даджы фæдыл ахуыр кæнынмæ Уæрæсейы цы студенттæ уыдысты æмæ ныр Хуссар Ирыстонмæ чи æрыздæхт, уыдон ифтонг кæй æрцыдысты куыстæй, хицауадæй цы уæлæмхас штатон иуæгтæ æркуырдтой, уыдоны фæрцы.

РХИ-йы Таможнæйон комитеты сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй æрвылаз дæр сæйраг Таможнæйон управленийы разылæууæг хæстæ кæнынц фылдæрæй-фылдæр, уымæ гæсгæ хъæуы алы фадыджы дæсны кусджытæ. «Нæ управленийы цы кусджытæ ис, уыдонæй йæ хæстæ æмбæлон уагыл чи нæ æххæст кæна, уыимæ контракт фыст нал æрцæудзæн, йæ бынатмæ та ист цæудзæнис квалификациджын кусæг. Контракт та мах комитет аразы кусæгимæ иу азæй фондз азы æмгъуыдмæ».

Паддзахадон таможнæйон управленийы сæргълæууæг райгонд у Уæрæсейы Федерацийы сæйраг Таможнæйон управлениимæ сын цы хорз ахастытæ ис, уымæй, алыварсон æххуыс сын кæй кæнынц, уый тыххæй. Уæлдай æххуыс та сын кæнынц техникон ифтонгадтæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.