Лев Кузнецовы кусæгон балц Хуссар Ирыстонмæ

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй 18 июлы нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов. Уый РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментиимæ азылд æмæ бынаты бабæрæг кодтой, 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст объекттæ арæзтад куыд цæуынц, уый. Сæ балц райдыдта Дзауы районы Синагур-Карзманы фæндаджы арæзтад бабæрæг кæнынæй. Семæ ма уыдысты республикæйы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Фæндагон арæзтады æмæ автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыттаты Эдуард æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Уæрæсейаг уазæг райгондæй баззад, банысангонд фæндаджы арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уымæй æмæ банысан кодта рæстæгыл æй эксплуатацимæ радтыны ахсджиагдзинад. Ныртæккæ аразджытæ фæндаджы уæрæхдæр кæнынц. Калынц ыл хуыр. Йæ дæргъ у 10 километры æмæ 800 метры. Объекты аргъ æдæппæт у 370 милуан сомы.

Гуыззыттаты Эдуард куыд радзырдта, афтæмæй фæндаджы арæзтадыл кусынц фаг техникæ æмæ кусджытæ. Нæ сын вæййы проблемæ финанскæнынады дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фæндаг арæзт фæуыдзæн сфидаргонд æмгъуыдты .

Ардыгæй Лев Кузнецов æмæ Хъуылымбегты Доментиимæ чи уыдысты, уыдон  æрцыдысты Цхинвалмæ æмæ азылдысты Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объекттыл. Райдианы бацыдысты Октябры уынджы кæрон дыууæ фарастуæладзыгон хæдзæрттæм, цыран аразджытæ кæнынц демонтажон куыстытæ – исынц уæллаг уæладзгуытæ. Бацыдысты, Хъайтарты уынджы цы цæрæн хæдзæрттæ аразынц, уыдонмæ. Ам куыстытæ æххæст кæны арæзтадон фирмæ «СоюзПроектСтрой» æмæ йæ минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй ам бирæуæ-ладзыгон корпусы арæзтад чысыл фæстейæ зайы графикæй, рæстæгыл ифтонг кæй нæ цæуынц арæзтадон æфсæйнаг конструкцитæй, уый аххосæй. Ацы фирмæ ма арæзтадон куыстытæ æххæст кæны Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты ног корпусы арæзтады дæр. Комбинаты директор Цхуырбаты Вадим куыд загъта, афтæмæй ам ныртæккæ кусы 28 адæймаджы. Куыстыты цыдимæ базонгæ уæвыны фæстæ уæрæсейаг министр йе нæразыдзинад равдыста, куыстытæ æххæст  цы темптæй цæуынц, уымæ æмæ куыстуаты директор Цхуырбаты Вадимы бафæдзæхста, цæмæй йæхæдæг контроль кæна ног дзулфыцæн корпусы арæзтадыл.

Дарддæр уыдон сæ фæндаг акодтой æмæ базонгæ сты, ног университетон комплекс  арæзтад куыд цæуы, уыимæ. Ам та арæзтадон куыстытæ æххæст кæны «Мегаполис». Куыстытæ цæуынц рæвдз. Лев Кузнецов райгондæй баззад куыстыты темптæй æмæ сæ гъæдæй. Бузныг загъта аразджытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыс-тытæ. Уый ма загъта, зæгъгæ, “фæстаг хатт ма ам куы уыдтæн, уæд ам уыдис æрмæст-дæр къахт зæхх. Ныр та арæзт цæуы дыккаг уæладзыг”.

Куыд зонæм, афтæмæй республикон соматикон рынчындоны территорийыл арæзт цæуы медицинон кластер – хирургион комплекс, сывæллæтты бирæпрофилон рынчындон. Ацы объекттæм бацæугæйæ, уæрæсейаг  министр  банысан кодта, зæгъгæ, ацы объекттæ аразын райдыдтам проектон-сметæйон документаци сын саразыны фæстæ. Сæрмагонд хъусдард аздæхта арæзтадон куыстытыл контроль кæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн ацы медицинон уагдæттæн снысан кæнын хъæуы къухдариуæггæнджытæ, цæмæй сæ хъус дарой бакæнгæ куыстыты гъæдмæ. Ацы объектты цы коллективтæ кусой, уыдон хъуамæ хайад исой арæзтадон процессы дæр.

Объекттыл азилыны фæстæ балцы хайадисджытæ бацыдысты æмæ базонгæ сты Инвестпрограммæйы фæлгæтты иууыл егъаудæр арæзтад – Паддзахадон драмон театры арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ. Ацы объекттыл æдæппæт бахардз уыдзæн 1 миллиард æмæ 300 милуан сомы. Ныртæккæ ам аразджытæ æххæст кæнынц агъуындæн куыстытæ, монтаж кæнынц сценайы ифтонгадтæ, кæнынц æддагон куыстытæ, æвæ-рынц дуæрттæ, монтаж кæнынц мидæггагон системæтæ.

Ацы объектæй рацæугæйæ, балцы хайадисджытæ азылдысты, горæты уынгты æн-дидзæн куыстытæ кæм цæуынц, уыдоныл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.