Уæлахизы боны хæдразмæ Президент Бибылты Анатоли фæуазæг Стыр Фыдыбæстӕйон хæсты ветерантæм. Паддзахады сæргълæууæг сын раарфæ кодта æрбалæугæ бæрæгбоны цытæн, бакодта сын зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ сын бузныг загъта сæ хъайтарон сгуыхтдзинæдты тыххæй.

«Стыр Уæлахизы бонæй цы азтæ рацыд, уыдон нымайгæйæ, æз фидарæй зонын, рæстæгæн йæ бон нæ бауыдзæн уæ хъайтарон сгуыхтдзинæдты асхджиагдзинад фæкъаддæр кæнын, кæддæридæр уыдзæн ныфс, хъайтардзинад æмæ патриотизмы цæвиттон. Бузныг уын», – загъта Бибылты Анатоли.

«Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæ, лæвæрттæ æмæ æхцайы хорзæхтæ паддзахады сæргълæууæджы къухæй райстой Æлборты Евгения Александры чызг, Цоциты Амиран Григорийы фырт, Кокойты Григори Никъалайы фырт, Нарыкъаты Любæ Никъалайы чызг, Джергаты Васили Захары фырт, Къудухты Ефросиня Арсены чызг, Тедеты Никъала Григорийы фырт æмæ Магкоты Соня Василийы чызг.

Ветерантæй иууыл хистæр – Æлборты Евгенияйы бинонтæ бузныджы ныхæстæ загътой Президентæн, сæ хæдзары æмбæрзт ивд кæй æрцыд, уый тыххæй, æмæ банысан кодтой, алцы-дæр оперативонæй æмæ гъæдджынæй арæзт кæй æрцыд. Цоциты Амиранӕн йæ хæдзары фыццаг уæладзыг цалцæг æрцыд паддзахады æххуысæй. Кокойты Григорийы хатæн дæр цалцæг æрцыд Президенты бахæсмæ гæсгæ.

Макготы Соня цæры зæронд хæдзары. Йæ цуры йын аразынц ног хæдзар, фæлæ æхцайы фæрæзтæ кæй нæ фаг кæны, уый аххосæй ног хæдзары арæзтад æрлæууыд. Бибылты Анатоли бахæс кодта хъæуæг инстанцитæн, цæмæй материалон æххуыс бакæной Соняйæн æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æппæт ветеранты цæрыны æмбæлон уавæртæй сифтонг кæной.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.