Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы рагæй фæстæмæ  кад кодтой æмæ кæнынц Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн. Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ‘хсæн Сырх Æфсады рæнхъыты Райгуырæн бæстæ сæ риутæй хъахъхъæдтой хуссарирыстойнаг хæстонтæ дæр. Фронтмæ ацыд Хуссар Ирыстоны цæрджыты 23 проценты бæрц.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисджытæй иу у Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуы цæрæг Мæлдзыгаты Владимир. Æрвылаз дæр Стыр Уæлахизы бæрæгбоны размæ ветераны бабæрæг кæнынц Хелцуайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ, ацы рæнхъыты автор, скъолайы директор  Хъуылымбегты Венерæйы сæргълæудæй. Афтæ та уыд ацы аз дæр. 8-æм майы Хелцуайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ хæдзармæ бацыдысты Мæлдзыгаты Владимирмæ æмæ йын загътой æнæниздзинады арфæйы фæндиæгтæ, бакодтой йын зæрдылдарæн лæвæрттæ.  Уый дæр сын радзырдта йæ хæстон фæндаджы тыххæй.

Абон Мæлдзыгаты Владимирыл азтæ кæд сæ уæззау фæд æруагътой, кæд йæ бон цæуын нал у, уæддæр зæрдæбынæй фæцин кæны Стыр Уæлахизы бæрæгбоныл. Уый у фашистон Германы ныхмæ удуæлдай тох чи кодта, уыдонæй сæ иу. Уый у , уыдонæй сæ иу, кæцыты руаджы советон адæм не систы фашистон Германы амæттæгтæ, кæцыйы лозунг уыд: «Махæн фаг нæу уырыссаг æфсады ныппырх кæнын æмæ Ленинград, Мæскуы, Кавказ бацахсын. Мах хъуамæ зæххы уæлцъарæй фесафæм ацы бæстæйы æмæ йын скуынæг кæнæм йæ адæмы».

Мæлдзыгаты Владимир фронтмæ ацыд 17-аздзыдæй. Æвзонг лæппу бахаудта хæсты цæхæрмæ. Пулеметчик уæвгæйæ, уый хайад иста бирæ карз тохты Молдавийы æмæ Украинæйы территорийыл, хæцыд Кавказы дæр. Абон кæд уыцы тæссаг хæстæй 72 азы рацыд, уæддæр Владимир хъуыды кæны йæ хæстон æмбæлтты. Хæсты, фронтон царды тыххæй дзурын нæ уарзы, зын ын вæййы йæ уæззау мысинæгтæ дзурын, фæлæ хатт йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ раргом кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Советон Цæдис фашистон Германыл кæй фæуæлахиз, уый тыххæй цины хабар дæр фехъуыста Молдавийы. Уыцы цины хабарыл дзургæйæ, стыр райзæрдæйæ йæ зæрдыл æрлæууынц, цас циндзинад æмæ амонд æрхаста советон адæмæн Стыр Уæлахиз, уыдæттæ. Уый хъуыды кæны советон адæм сæрыстыр кæй уыдысты уыцы Стыр Уæлахизæй, уыцы уæлахизæй, кæцы скуынæг кæнынæй бахызта бирæ адæмты.

«Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы фæци, уæд мæ ныфс уыд мæ райгуырæн Ирыстонмæ кæй æрцæудзæн, уымæй. Фæлæ мæ райгуырæн къуыммæ æрæфтыдтæн æрмæстдæр 1949 азы» – йæ зæрдыл æрлæууыд Владимирæн.

Мæлдзыгаты Владимир хæстæй æрæздæхт сæрæгасæй,  уæлахиздзауæй, фæлæ сахъатджынæй. Уый ма кæцæй ахъуыды кодтаид цалдæр дæс азы фæстæ та гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд  райдайдзæн, Гуырдзыстоны фашизм кæй райхъал уыдзæн, ууыл. Бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой Владимиры бинонтæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды уæззау азты. Гуырдзиæгты  фашистон митæм кæсгæйæ-иу йæ зæрдæ уæлдай рыст скодта. 2008 азы гуырдзиаг лæгсырдты аххосæй фæмард йæ иунæг фырт, бинонты ныфс æмæ бындар.

Мæлдзыгаты Владимирæн ис фондз чызджы æмæ хъæбулы хъæбултæ. Йæ цардæмбал Козаты Замирæ алыхатт дæр ис йæ фарсмæ æмæ иумæ дих кæнынц сæ циндзинад дæр æмæ сæ хъыг дæр. Уыдон сæ зæрыбонты бæллынц, цæмæй Ирыстон хæст макуыуал фена æмæ сæ кæстæртæ цæрой сабыр арвы бын.

Хелцуайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутимæ йæ фембæлды рæстæджы хæсты ветеран зæрдæрыстæй æрдзырдта ныртæккæ Украинæйы цы цаутæ цæуы, уыдоны тыххæй. Загъта, зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы фашизмы ныхмæ кæрæдзийы фарсмæ тох кодтой уырыссæгтæ, украинæгтæ, белорусæгтæ, ирæттæ æмæ æндæр адæмы хæттытæ, фæлæ абон фашизм райхъал Украинæйы дæр. Ацæргæ ветеранмæ тынг диссаг кæсы украинæгтæ сæхи адæмы ныхмæ кæй хæцынц, уый дæр загъта, зæгъгæ, уыдон фашисттæй æвзæрдæр сты сæ адæмы кæй марынц, уымæ гæсгæ.

Æрæджы хæсты ветераны бабæрæг кодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады вице-консул Игорь Вичиков, йемæ ма уыдысты Уæрæсейы æдас-дзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнæг управленийы минæвæрттæ, афтæ ма Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан дæр. Уыдон хæсты ветеранæн бакастысты æмæ радтой УФ-йы Президент Владимир Путины арфæйы фыстæг. «Цытджын Владимир Георгийы фырт! Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын Уæлахизы боны цытæн. Нæ адæм алыхатт дæр кад кæндзысты хæсты фæлтæры сгуытдзинадæн æмæ сæ зæрдыл дардзысты 1945 азы триумфалон майы тыххæй. Сымахæй алкæцы дæр йæ хайбавæрд бахаста Стыр Уæлахизмæ. Нæ сæртæй уын ныллæг кувæм. Æгæрон бузныг уын дзурæм сымах руаджы сабыр арвы бын кæй цæрæм, уый тыххæй. Мæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ», – дзырдæуы Уæрæсейы Федерацийы Президенты фыстæджы. Уыдон ма ветеранæн лæвары хуызы бахастой хæлцадон продукттæ дæр.

Владимир Путины фыстæг рынчын, уатон ветеранмæ сывзæрын кодта тыхджын эмоционалон æнкъарæнтæ. Афтæ зынд, цыма сæ цæстыты раз фæивта, йе ‘взонгдзинад æрæмысгæйæ. Уый йæ уазджытæн радзырдта йæ хæстон фæнда-джы тыххæй, æрæмысыд йæ хæстон æмбæлтты нæмттæ æмæ мыггæгтæ æмæ сæ коймæ йæ цæстытæ баумæл сты…

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ Стыр Уæлахизы размæ Хелцуайы астæуккаг скъоламæ кæй æрбацыдысты Дисеуы хъæуы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты заставæйы минæвæрттæ. Уыдон 9-æм майы цытæн скъоладзаутæн ауагътой хъайтардзинады урок. 9-æм майы та хæсты ветераны РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы номæй схорзæхджын кодтой «Фыдыбæстæ хъахъ-хъæнæджы» майданæй.

Хъуылымбегты Венерæ,

Хелцуайы астæуккаг скъолайы директор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.