Цæгат Ирыстоны Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбегæн сæ фембæлды рæстæджы сæ ныхас сæйрагдæр здæхт уыд фæндæгты уавæрмæ.

Разамонджытæ фыццагдæр æрныхас кодтой зымæгон рæстæджы Арвыком æмæ Ручъы фæндæгты æнæкъуылымпы куысты тыххæй.

Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, ахæм хъызт зымæг уæлдай тынгдæр хъæуы хъус дарын бæлццæтты æдасдзинадмæ. Паддзахадон арæнты сæрты автотранспорт æмæ бæлццæтты цыды фæткмæ бар чи дары, æппæт уыцы службæтæ хъуамæ æнгом æмархайд кæной. Контролон-уадзæн пункттæ “Уæллаг Ларс” æмæ “Дæллаг Зæрæмæджы” куысты къуыхцытæн æруадзæн нæй.

“Алыгъуызон æрдзон æнæнхъæлæджы уавæртæм цæттæ уæвын хъæуы, бахъуа-джы рæстæг æппæт ведомствотæ дæр           хъуамæ æппæт дæр саразой, цæмæй адæмæн фадат уа фæндæгтыл æдасæй цæуынæн. Контролон-уадзæн пункттæм æввахс территорийыл æрдзон уавæрты тыххæй æппæт информаци дæр хъуамæ афойнадыл хæццæ кæна адæммæ. Фæндагон инфраструктурæйы куыст бирæ аразгæ у Дзæуджыхъæуы, Алагир æмæ Кировы районты администрацитæй. Уыдоны бæрны сты фæндæгты санитарон уавæр æмæ æдасдзинады фарстаты иу хай”, – нысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Фембæлды ма ныхас цыд фæндаггон фыдбылызты тыххæй дæр. 2016 азы æрцыд авдсæдæйæ чысыл фылдæр фæндагон-транспортон фыдбылызы. Уыдоны рæстæг фæмард сты 130 адæймаджы, 993 адæймаджы та баййæфтой хъыгдард. 2015 азимæ абаргæйæ, фыдбылызтæ æмæ хъыгдардбаййафæг адæмы нымæц фæфылдæр.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй сæвзæргæ уавæрмæ хъæуы бæстон цæстдард, уыимæ, хъуамæ фæхъомысджындæр уа профилактикон куыст дæр. Фæндагон фæткы æгъдаухæлдтытæ регистрацигæнæг видеосистемæйы руаджы æххæстдæрæй спайда кæнын хъæуы. Фæндагон фæткы уагæвæрдтыл йæ къух чи систа, уыдон хъуамæ бæлвырдæй бамбарой, алкæцы æгъдаухæлды тыххæй дæр карз административон æфхæрд кæй æй-йафдзысты, уый. Уыцы хъуыддаг та аразгæ у Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекци æмæ Тæрхондонон пъырыстыфты федералон службæйы республикон управлениты æмархайдæй.

Ныхас ма цыд, федералон фæндæгтыл цы реанимобилтæ æвæрд æрцыд, уыдоны куыстыл. Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы фæндæгтыл æвæрд æрцыдысты “Тагъд æххуыс”-ы 4 машинæ. Уыдонæй дыууæ кусынц Алагиры трассæйыл, иу – Беслæнмæ æввахс, цыппæрæм – Кæсæг æмæ Ирыстоны арæныл ахæм баннертимæ: “Террито-риальный центр медицины катастроф”. Сæ нысан у фæндагон фыдбылызты рæстæ-джы фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Уыдон кусынц æхсæвæй-бонæй æмæ 5 – 7 минутмæ балæууынц, фыдбылыз кæм æр-цыд, уым. Кæд реанимобилтæ нырма фæн-дæгтыл æрæджы райдыдтой кусын, уæд-дæр практикæ куыд равдыста, афтæмæй дохтыртæ ныридæгæн аирвæзын кодтой бирæты цард.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæ-мæй рæхджы реанимобилтæ бауыдзысты иу дæсы бæрц, цæмæй фыдбылызтæ но-джы фæкъаддæр уой.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.