Кæронмæ бахæццæ ногазон хæрзаудæн телепроект «Бæллицты фонтан»-ы арфæйаг куыст. Ацы хæрзаудæн акци ныр уагъд æрцыд æртыккаг хатт. Кæд уый размæ азты проект бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæн уагъд цыдис, уæд ацы аз та уагъд æрцыд сидзæр сывæллæттæн, æрмæст интернаты сывæллæттæн нæ, фæлæ æппæт республикæйы скъолаты цы сидзæртæ ис, уыдонæн.

Æдæппæтæй абоны онг сæ бæллицтæ сæххæст сты æмæ ногазон лæвæрттæ райстой 190 скъоладзауы. Телепроекты фыццаг уазæг уыд нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Уый сæххæст кодта æртæ ахуырдзауы бæллиц. Сывæллæтты фыстæджыты фыст уыд алыгъуызон бæллицтæ. Чи сæ Митын Дадайæ мобилон телефон домдта, чи – велосипед, чи – PlayStation 4, чи – ноутбук, чи – спортивон формæ, чи та- къанфеттæ.

Хæрзаудæн проекты нæ горæты цæрджытæй бирæтæ райстой хайад. Бирæтæ дзы систой цалдæргай наутæ æмæ афтæмæй сæххæст кодтой æххуысхъуаг сывæллæтты бæллицтæ, сæ зæрдæты сын бауагътой цины ныфс æмæ сын æрхастой стыр æхсызгондзинад. Сывæллæттæ сæ ногазон лæвæрттыл афтæ тынг бацин кодтой æмæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой Митын Дадайæн.

Ацы бонты газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ фыстæг æрбарвыста нæ горæты цæрæг сылгоймаг. Уый йæ фыстæджы куры, цæмæй йын нæ газеты фæрцы бузныг зæгъæм йæ 12-аздзыд сидзæр хъæбул Къæбулты Сергейы зæрдæ йын ногазон лæвар – PlayStation 4 чи барухс кодта, уымæн – ОМОН-ы командир Плиты Игорæн. «Æрдæг азы размæ бынтон æнæнхъæлæджы 42-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн мæ цардæмбал. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый стыр трагеди уыд æмæ у махæн, йæ бинонтæн. Абоны онг дæр нæхимæ нæма æрцыдыстæм, хатт нæм афтæ фæкæсы, цыма та нæ фатеры дуар æрбайгом уыдзæн, мидæмæ æрбахиздзæн  æмæ та йæ æнахъом фыртыл фæцин кæндзæн. Æрвылаз дæр-иу Ног азы размæ хъуамæ ацыдаид Дзæуджыхъæумæ æмæ-иу уырдыгæй ногазон лæвæрттæ æрхаста йæ сывæллæттæн. 12-аздзыдæй сидзæрæй аззайын тынг зын у, мæ лæппу йæ тæккæ фыд уарзыныл бæргæ уыд, фæлæ… Æппынæдзух æнкъард кæнынц мæ сывæллæттæ сæ фыды тыххæй. Æмæ кæд ме ‘ввахс хиуæттæ  тырнынц не стыр маст нын фæрогдæр кæнынмæ æмæ мын мæ сидзæрты ницы цух уадзынц, уæддæр ын Плиты Игорь цы ногазон лæвар бакодта, ууыл ахæм цин фæкодта æмæ йын дзыхы ныхæс-тæй зæгъæн нæй. Мæ хъæбул ахуыр кæны нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы 6-æм къласы æмæ йын ногазон лæвар уырдæм куы бахастой, уæд мæм телефоны фæдзырдта æмæ йын уыд ахæм хъæлæс, раст ыл цыма стыр хæрзиуæг æрцыд. Стыр бузныг дæ хæрзаудæн архайдæй. Дæ хъæбулты хурæй æфсæст у. Бирæ фæцæр æнæниз æмæ зæрдæрухсæй. Тыхст уавæры бахауæг адæмæн лæггад кæнынхъом цы уай, уыцы амонд дын Стыр Хуыцау цæст бауарзæд. Бирæ ног азтæ дыл хъæлдзæг æмæ æнæнизæй цæуæд», – дзырдæуы фыстæджы.

 Бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы сидзæр сабиты зæрдæтæ ногазон лæвæрттæй чи барухс кодта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Æвæццæгæн æй уыдон хатгæ дæр нæ кæнынц, цас циндзинад æрхастой сидзæрты зæрдæтæн, уый. Ахæм лæвар, ома, PlayStation 4 ма 2-æм скъолайы ахуырдзау Хацырты Аланæн бакодта цырд фердæхты сæрмагонд къорды командир Бететы Руслан дæр. Æмæ чи фæнымайдзæнис хæрзаудæн архайды хайад чи райста, уыдоны. Сæ алы Ног азтæ дæр сыл хъæлдзæгæй цæуæнт.

Фæлæ нæ горæты сæмбæлæн ис ахæм цаутыл дæр, кæцытæм кæсгæйæ адæймаджы зæрдæ фæриссы… Ног азы размæ нæ горæты Джиоты Аланы проспекты уæвæг магазинтæй сæ иуы баййæфтон иу æвзонг саударæг сылгоймаджы. Уый йæ ахуырдзау фыртæн æлхæдта Митын Дадайы уæлæдарæс (формæ). Бæрæг уыд,  скъолайы сын уагъд кæй цыд ногазон мадзал. Сылгоймаг афарста магазины хицауы, зæгъгæ, цасы аргъ у ацы уæлæдарæс. Уый йын сæрыстырæй сдзаупп кодта, зæгъгæ, 2 мин æмæ 900 сомы. Сылгоймаг æм бахатыд, зæгъгæ, йæ чысыл уæддæр куы фæасламдæр кæнис. Уæд та йын магазины хицау загъта, зæгъгæ дам, дын æй фæасламдæр кæндзынæн æрмæстдæр 100 сомы æмæ уый дæр хатырæй. Саударæг сылгоймаг  уый йæ сæрмæ не схаста, ома, 100 сомы сæ дзурыны аккаг дæр не сты æмæ йын бафыста, фыццаг ын цы аргъ загътой, уый – 2900 сомы.

Мæхи тыххæй баурæдтон, хъуамæ магазины хицæуттæн бауайдзæф кодтаин, зæгъын, бынæттон телевизоры цы хæрзаудæн проект уагъд цæуы, уымæ уæддæр бакæсут, цæмæй цæвиттон райсат æмæ иу сидзæр сывæллоны зæрдæ уæддæр барухс кæнут. Фæлæ магазины хицауы уазал цæсгоммæ куы бакастæн, уæд мæхинымæр ахъуыды кодтон, зæгъын, хуыздæр у ардыгæй хи айсын, науæд исты куы зæгъон, уæд мæ масты хай фæкæндзысты. Йæхи аргъ  1500 сомæй фылдæр нæ уыдаид. Мæхинымæр ацы магазины хицæутты абарстон «Бæллицты фонтан»-ы цалдæргай чысыл наутæ чи систа, уыцы зæрдæхæлар адæймæгтимæ. Æмæ ахъуыды кодтон, адæмæн сæ хуызтæ куыд алыгъуызæттæ сты, афтæ сты сæ зæрдæтæ дæр. Чи – хæларзæрдæ, чи та – хæрамзæрдæ.

Фæнды ма мæ бауайдзæф кæнын, нæ горæты цæрæг фæрæзджын адæймæгтæй «Бæл-лицты фонтан»-ы хайад чи нæ райста æмæ сидзæрты зæрдæтæ чи нæ бахъæлдзæг кодта, уыдонæн дæр æмæ ахæмтæ та цъус не сты. Йæ мæйы æфтиæгтæ 300-500 мин сомы кæмæн сты, уыдонæн цас диссаг уыд æмæ хæрзаудæн проекты хайад райстаиккой. Ахæм фæрæзджын æмбæстæгты адæймаг цæстæй агуырдта телепроекты рæстæджы, фæлæ…

Проекты амонæг Сабанты Мæдинæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æдæппæт «Бæллицты фонтан»-ы уыд 280 чысыл науы, ома, Митын Дадамæ сæ бæллицтимæ фыстæджытæ ныффыстой 280 сывæллоны. Уыцы чысыл наутæй систæуыд 190 науы. Фæ-лæ Сабанты чызг куыд банысан кодта, уымæ гæстæ нырма дæр æххæст цæуынц сывæллæтты бæллицтæ. Кæд, зæгъ, афтæ рауайа æмæ æххæст ма æрцæуой сывæллæтты бæллицтæ иууылдæр, уæд  уый размæ азты куыд уыд, афтæ та сæ гæнæн ис æмæ сæ ахæссой парти «Иууон Ирыстон» æмæ республикæйы Президент. Æмæ та уыдон æнæмæнгæй сæххæст кæндзысты сывæллæтты бæллицтæ. Уый ма загъта, зæгъгæ, иууыл фылдæр чысыл наутæ систой Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Юстицийы министрадтæ сæ сæргълæуджытимæ, афтæ ма горæт Цхинвалы администрацийы минæвæрттæ Коцты Аланы сæргълæудæй.

Хорз уаид æмæ иннæ аз нæ горæты магазинты хицæуттæ æмæ æндæр  амалиуæггæнджытæ дæр хайад куы   райсиккой ацы хæрзаудæн телепроекты. Уæд фылдæр сидзæртæ райсиккой ногазон лæвæрттæ æмæ уый та чысыл хъуыддаг нæ уаид.

Сидзæр сывæллæттæй ногазон лæвæрттæ чи райста, уыдон æй бахъуыды кæндзысты цæ-рæнбонтæм. Чизоны, уыдон сомбоны цахæм пайда æрхæссой сæ радтæг адæмæн. Стыр бузныг зæгъын æмбæлы паддзахадон телерадиокомпани «ИР»-ы коллективæн сæ директор Челехсаты Георгийы сæргълæудæй, афтæ ма телепроекты автор Хъуылымбегты Еленæйæн æмæ проекты амонджытæ Асаты Вандæ æмæ Сабанты Мæдинæйæн.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.