Сывæллæттæ сты нæ фидæны аразджытæ, алы адæймаг дæр йæ кæстæртæй æвæры стыр ныфс. Царды та фæтырны, цæмæй йæ кæстæртæ æппæт хорздзинæдтæй уой ифтонг æмæ хайджын. Алкæмæн дæр стыр æхсызгон вæййы йæ кæстæртæ размæдзыд куы вæййынц, куы сын вæййы бирæ æнтыстытæ сæ æхсæнадон архайды æмæ куысты.

Уæдæ алчидæр кæд æрвылбон йæ кæстæртыл зæрдиагæй фæцин кæны, уæддæр ма сæ уæлдай буц дæр скæнæм сæ бæрæгбоны, Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны. Ацы рæсугъд бæрæгбоны цытæн нæ республикæйы кæстæртæн уагъд æрцыдысты бирæ рæсугъд, цымыдисон мадзæлттæ æмæ нæ чысыл хуртæ дæр сæ рæстæг арвыстой хъæлдзæгæй.

Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн нæ горæты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны кусджытæ бацæттæ кодтой цалдæр мадзалы. Уыдонæй сæ иу уагъд æрцыд бонæн йæ дыккаг æмбисы. Уыдон галуанмæ æрбахуыдтой сæ хъомылгæнинæгты æд ныййарджытæ. Нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элисайы, ацы министрады уæлæмхас ахуырады хайады сæргълæууæг Джиоты Эльзæйы.

Галуаны директор Джиоты Арянæ кæстæртæн загъта арфæйы ныхæстæ æмæ бузныджы ныхæстæ та сæ ныййарджытæн. Уый фæстæ мадзалмæ æрбацæуджыты базонгæ кодта, галуаны кæрты цы алыхуызон куыстыты равдыст уыдис «Амондджын сабидуг», зæгъгæ, уыимæ. Равдыстæн йæ иу хай уыдис  ахуыргæнинæгты, иннæ хай та – ахуыргæнджытæн сæхи. Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ хуынд æрцыдысты Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны актон залмæ. Уым та ацы галуаны ахуыргæнджытæ сæ хуыздæр ахуыргæнинæгтæн, кæцытæ сæм цæуынц æмæ сæ хæстæ æххæст кæнынц тынг хорз, уыдонæн радтой сæрмагонд бæлвырдгæнæнтæ, куыд уыдон бахæсгонд программæйы фæлгæтты райстой æмбæлон зонындзинæдтæ.

Галуаны директор Джиоты Аряна, куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ хъомылгæнинæгтæн ахæм бæлвырдгæнæнтæ лæвæрд цæуынц фыццаг хатт æмæ сын фæахъаз уыдзысты сæ дарддæры ахуыры хъуыддаджы дæр.

Бæрæгбонон мадзалы хайадисæг кæстæртæн арфæйы ныхæстæ загъта Гаглойты Элиса дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, сымах нæ, зынаргъ кæстæртæ стут царды иууыл зынаргъдæр æмæ мах архайæм, цæмæй уын æппæт дæр уа. Бузныг загъта галуаны коллективæн дæр нæ кæстæрты кæй цайдагъ кæнынц бирæ æнæ-мæнгхъæуæг зонындзинæдтыл.

Уый фæстæ ацы галуаны курдиатджын ахуыргæнинæгтæ барæсугъд кодтой бæрæгбон музыкалон номыртæй.

Фæстæдæр адарддæр кодтой акци «Æмгары мидбылхудт». Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгтæн æнцойад нæ лæвæрдта сæ бæрæгбоны се ‘мгæрттæй æмæ æндæр сывæллæттæй чидæртæ рынчындоны кæй хуыссынц æмæ сын бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны фадат кæй нæ фæцис. Уыцы бон сæм бацыдысты рынчындонмæ, загътой сын арфæйы ныхæстæ, бахъæлдзæг сæ кодтой алыгъуызон рæсугъд ныхæстæй æмæ сын бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

ТУАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.