Дзауы районы Стыр Уæлахизы боны цытæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайджыты мемориалыл сæвæрдтой «Уæлахизы гирляндæ» æмæ ауагътой бæрæгбонон митинг. Фехъусын кодта информагентад «Рес»-æн районы администрацийы пресс-службæ.

Бæрæгбонон митингмæ æрбацæуджытæ æрымысыдысты, уыцы тугкалæн хæсты чи фæмард сты, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ. Фехъусын кодтой, Дзауы районы администрацийы спорт æмæ туризмы хайад кæй бацæттæ кодта 9-æм майы боны цытæн уалдзыгон кросс æмæ æмбаладон матч футболæй.

Уалдзыгон кроссы хайад райстой районы скъолатæ, тыхон структурæты æмæ уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты минæвæрттæ. Футболæй æмбаладон матчы ахъазыдысты районы скъолатæ.

Уалдзыгон кроссы 1000 метры дистанцийы чызджыты æхсæн фыццаг бынат бацахста Нартыхты Аланæ, лæппуты ‘хсæн та 1500 метры фыццаг уыд Коцты Артем.

Районы тыхон структурæты ‘хсæн кросcы фыццаг бынат бацахста Хъуылымбегты Æхсар (ОМОН), дыккаг – Станислав Медведев (арæнхъахъæнæг), æртыккаг та – Джиоты Николай ( Мидхъуыддæгты министрад).

Стыр Уæлахизы боны Дзауы районы сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзæрттæ æмæ сывæллæтты музыкалон скъолайы иумæйаг тыхтæй уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.