Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бон махæй алкæмæн дæр у стыр æмæ зынаргъ бæрæгбон. Уый цытæн 26-æм августы уагъд æрцыдысты бирæ бæрæгбонон мадзæлттæ.

Нæ горæты Къостайы скверы бонæн йæ фыццаг æмбисы уагъд æрцыдис къамты дыккаг республикон равдыст «Южная Осетия 2016» æмæ декоративон-прикладон аивады равдыст «Возрождение». Мадзæлтты организатор уыдис Адæмон сфæлдыстады республикон центр. Равдыстыты адæмы размæ хаст æрцыдысты нæ республикæйы цардыл дзурæг алыгъуызон къамтæ æмæ хицæн адæймæгты къухтæй алы æмæ алыгъуызон æрмæджытæй арæзт хæдзарон мигæнæнтæ æмæ сувениртæ. Уыдон иууылдæр уыдысты тынг рæсугъд аив æмæ оригиналон арæзт. Сæ оригиналондзинадæй равдыстмæ æрбацæуджыты дисы æппæрстой. Уыдон æввахсмæ зонгæ кодтой сæ автортимæ æмæ сын дзырдтой арфæйы ныхæстæ.

Мадзалæн йæ æртыккаг хай та конд уыдис, ирон адæмон кæфтытæ æмæ рагон хъæзтытæ чи хуыздæр сæххæст кæндзæнис, уымæй.

Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Эльзæ мадзалы райдайæны бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн, бузныг ма сын загъта, æрбацæуынæн рæстæг кæй ссардтой, уый тыххæй дæр. Уый ма æрдзырдта, ацы бæрæгбон нæ къухты куыд бафтыдис, уый тыххæй дæр, куыд æм тырныдтой ирон адæм. Йæ ныхасы ма уый загъта, зæгъгæ, фæуæлахиз стæм, уымæн æмæ рæстдзинад æмæ Уæрæсе уыдысты не ‘вварс, Стыр Хуыцау дæр нæ рохуаты нæ ныууагъта, ныр та аст азы стæм хæдбар паддзахад, рæстæг рацæудзæнис æмæ алчи дæр ноджы хуыздæр бамбардзæнис, цас хъару бахардз ис, цæмæй хæдбардзинад нæ къухы бафта, ууыл, æмæ нæ республикæйы цæрджытæй та алчи дæр йæхирдыгонау кæй у хъайтар.

Мадзалы организатортæ ма бузныджы ныхæстæ загътой стыр Уæрæсейæн, сабыр арвы бын кæй цæрынц, уый тыххæй, афтæ ма бузныджы ныхæстæ загътой нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид æмæ Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланæн.

Бæрæгбоны цытæн къамты равдысты хайадисджытæ ацы бон хорзæхджын æрцыдысты алыгъуызон номинациты дипломтæй, грамотæтæ æмæ ма сын бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.

Дыууæ равдысты фæстæ та мадзалы æртыккаг хайы фæсивæд ерыс кодтой, ирон адæмон кæфтытæ чи хуыздæр сæххæст кæндзæнис, сæ тыхтæ æвзæрстой, нæ фыдæлтæ-иу сæрибар рæстæджы цы хъæзтытæй хъазыдысты, уыдонæй, дзырдтой сын сæ нысаниуæджы тыххæй, æмæ цавæр æххуыс уыдысты адæймаджы æнæниздзинадæн – хайад дзы истой ахæм хъæзтыты: «Лæгты дугъты хъазт», «Портийæ хъазынæй», «Къæбæлæй хæцынæй хъазт», «Сынæгæй хъазт», «Ускурынтæй хъазт» æмæ æндæртæ.

Ацы ирон кæфтыты æмæ хъæзтыты мадзал Адæмон сфæлдыстады республикон центры хъæппæрисæй фыццаг хатт уагъд æрцыдис 2014 азы 29 майы. Уымæн нæ республикæйы цæрджытæ скодтой стыр аргъ. Нæ фыдæлтæ уыдысты ныфсджын æмæ хъæбатыр, хæстхъом адæм. Кæддæриддæр цæттæ уыдысты сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Сæ царды уавæртæ уыдысты зын, фæлæ уыдысты куыстуарзаг адæм, фылдæр кодтой зæххы куыст. Уымæ нæ кæсгæйæ сæ сæрибар рæстæг æрвыстой хъæлдзæгæй. Сæ уарзондæр хиирхæфсæнтæ уыдысты массон ирон кæфтытæ æмæ хъæзтытæ, кæцытæ ахъаз кодтой адæймаджы рæсугъд физикон æмæ хæрзæгъдауы рæзтæн. Алы хъæуы дæр-иу уыдис ахæм хиирхæфсæн мадзæлттæн сæрмагонд бынат æмæ йæ хуыдтой фæзуат. Куыд уынæм, афтæмæй ацы мадзалы организатортæ архайынц, нæ фыдæлты цымыдисон историимæ нæ кæстæр фæлтæры зонгæ кæнын. Ахæм хъазтизæртæ ма уыдон уагътой ацы аз сæрды Пионерты парчы алы майрæм-боны изæры.

Нæ кæстæртæн ацы хъæзтытæ ногдзинад кæй нæ уыдысты, уымæ гæсгæ æнæзивæгæй хайад истой нæ фыдæлты уарзон хъæзтыты, кæцытæ уагъд цыдысты нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны боны цытæн. Сæ фæуæлахизуæвджытæн та лæвæрд цыдысты алыгъуызон призтæ.

* * *

Нæ республикæйы Хæдбардзинад банымайыныл аст азы сæххæсты боны цытæн уагъдцæуæг иуæй иннæ цымыдисондæр мадзæлттæ ивтой кæрæдзийы. 26-æм августы изæры Къостайы цырты раз уагъд æрцыдис ноджы иу аив мадзал – ирон хъазты изæр. Йæ организатортæ уыдысты фæсивæды минæвæрттæ Цхуырбаты Людвигы сæргълæудæй. Хайад дзы райстой, куыд хуссарирыстойнаг сфæлдыстадон къордтæ æмæ хицæн музыканттæ, афтæ ма нæм чи фæуазæг сты Цæгат Ирыстонæй, уыцы фæсивæдон сфæлдыстадон къордтæ – рагон ирон адæмон музыкалон инструментты æмæ фольклорон зарджыты къорд «Къона» æмæ адæмон зарджыты ансамбль «Уацамонгæ». Уæлдæр æй куыд загътам, уымæ гæсгæ, дыууæ къорды хайадисджы-тæ дæр сты æрыгон адæймæгтæ, кæцытæ фæсивæды ‘хсæн парахат кæнынц фольклорон музыкалон аивад.

Хъазтизæрмæ æрбацыдысты тынг бирæ адæм. Бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ сын загъта мадзаламонæг Мамиты Григори. Уый æрдзырдта ацы зынаргъ бæрæгбоны нысаниуæгыл дæр.

Уый фæстæ алыгъуызон аив сæххæстгонд музыкалон номыртæ ивтой кæрæдзийы, дыууæ Ирыстоны фæсивæдæй алчи дæр архайдта, чи куыд хуыздæр сæххæст кæна ирон адæмон кæфтытæ, ууыл.

Мадзалы фæлгæтты ма уагъд æрцыдис чысыл викторинæ дæр. Æрæмбырдуæвджытæм лæвæрд цыдысты нæ адæмы историмæ хауæг фарстатæ, зæгъæм, цы нысан кæнынц нæ тырысайы хуызтæ æмæ нæ герб, цавæр паддзахадон бæрæгбонтæ нысан кæнæм, кæд сырæзтис горæт Цхинвал, цавæр кæмттæ ис Ирыстоны æмæ æндæр ахæм фарстатæ. Æрæмбырдуæвджытæ сын лæвæрдтой дырыс дзуаппытæ.

Бæрæгбонон хъазтизæры ма æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта «Аланиинформ»-ы къухдариуæггæнæг æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, фонтан «Фатимæ» дæр иу азы размæ байгом æрцыдис ацы бæрæгбоны цытæн.

26-æм августы нæ республикæйы Хæдбардзинад банымайыны боны цытæн мадзæлтты кæронбæттæны уыдис бæрæгбонон фейерверк. Нæ республикæйы столицæйы сæрмæ фейерверкы цæхæртæй горæт ныррухс ис. Хъазтизæры хайадисджыты кæрæдзийæ фæхицæн кæнын нал фæндыдис, хъазт ноджы цырынæй цырындæр кодта æмæ ахаста дæргъвæтин рæстæг. Уый фæстæ кæрæдзийæн арфæтæгæнгæ фысымтæ афæндараст кодтой сæ цæгаттаг æфсымæрты сæ фæндагыл.

ТУАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.