Фембæлд Турчы ирон æхсæнадон организаци «Алантæ»-йы уæнгтимæ

 

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Турчы ирæтты æхсæнадон ор-ганизаци «Алантæ»-йы уæнгты. Уыдон Цхинвалмæ æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Респубикæйы сырæзтыл 27 азы сæххæсты бæрæгбонмæ.

Фембæлды райдианы бæстæйы сæргълæууæг раарфæ кодта уазджытæн æмæ сын  бузныг загъта Хуссар Ирыстонмæ сæ балцы тыххæй.

«Бæрæгбонты сымах кæддæриддæр ссарут рæстæг, цæмæй æрцæуат нæ республикæмæ æмæ раарфæ кæнат махæн Турчы цæрæг ирæтты номæй. Бузныг уын уый тыххæй. Уымæн æмæ цы бæрæгбоны уазджытæ нæ уа, уый бæрæгбон нæу. Æмæ не ‘мбæстæгтæ стыр цинимæ райсынц, туркаг æфсымæртæ æмæ нæм хотæ куы фæуазæг вæййынц, уыцы цау», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, «туркаг ирæтты æрцыд ахсджиаг у дунейы алы къуымты цæрæг ирæтты æрбангом кæныны хъуыддаджы».

«Октябры уыдзæн Ирон адæмы съезд, уырдæм, бæлвырд куыд у, афтæмæй хуынд стут сымах дæр. Мах ахæм съезд ауадзинаг стæм фидæн азы дæр. Уыцы ран уынаффæ цæудзæн алыгъуызон фарстытыл æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны амæлттыл: ирон æвзаг бахъахъхъæнын, æгас дунейы цы ирæттæ цæрынц, уыдонимæ бастдзинæдтæ аразын æмæ бирæ æндæртыл», – загъта уый.

Æхсæнадон организаци «Алантæ»-йы къухдариуæггæнæг Садреттин Кушоглу йæхи ‘рдыгæй бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, республикæмæ сæ кæй фæхуыдта æмæ сæ афтæ рæдауæй кæй райста, уый тыххæй.

«Нæ рагфыдæлты зæхмæ цал хатты æрцæуæм, уал хатты мах зæрдиагæй цин кæнæм æмæ нын стыр æхцондзинад æрхæссы, ам цы рæстæг арвитæм, уый. Нæ зæрдæтæ кæддæриддæр сты Ирыстонимæ, мах кæддæриддæр лæмбынæгæй нæ хъус дарæм, ам цы цаутæ цæуы, уыдонмæ. Махæн тынг æхсызгон у, Ирыстоны зæххыл кæй стæм, уый», – загъта уазæг.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд республикæйы социалон-экономикон рæзты проблемæтыл. Амалиуæггæнæг Канык Мехмет Шериф равдыста цымыдисдзинад Респубикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл инвестицион проекттæ сæххæст кæныны фадæттæм æмæ уыцы хъуыддагæн цы фадгуытæ тынгдæр бæззынц, уымæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ахæм хъæппæрис æм фæзынд йæ райгуырæн бæстæйæн баххуыс кæныны фæндоны фæрцы.

Фембæлды кæронбæттæны уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

РХИ-йы   Президент æмæ

Хицауады пресс-службæ   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.