26-æм августы Хæдбардзинад банымайыны сæраппонд Цхинвалы Ногдзауты парчы уагъд æрцыдис бæрæгбонон концерт.

Сценæйыл сæ арæхстдзинад æвдыстой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты цур хореографион ансамбль «Сæрмæт», Дзауы районы ансамбль «Скиф», ансамбль «Ирон», афтæ ма Республикæйы вокалон-инструменталон ансамблтæ.

Концерты хайадисджытæ се ‘ппæт дæр сценæйыл æвдыстой сæ курдиат æмæ уымæй хъæлдзæгдæр кодтой сценæмæкæсджыты. Адæмæн æхсызгон уыдис, сфæлдыстадон къордтæ национ зарджытæ æмæ кæфтытæ кæй æххæст кодтой, уый. Хуссар Ирыстоны цæрæг Дыгъуызты Ингæ ИА «Рес»-æн интервью дæтгæйæ зæрдæбын арфæ ракодта бæрæгбоны сæраппонд нæ республикæйы цæрджытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзиуджытæ. «Зæрдиагæй мæ фæнды раарфæ кæнын нæ рыстзæрдæ адæмæн, ацы бæрæгбоны нæ республикæйы хæдбардзинад нын Уæрæсейы Федераци кæй банымадта, уый сæраппонд. Сæрмагондæй та мæ фæнды бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъын Хуссар Ирыстоны æппæт хъахъхъæнджытæн дæр, знагæй нæ кæй хъахъхъæдтой æмæ сабыр арвы бын кæй цæрæм, уый тыххæй», – загъта Дыгъуызты чызг.

Ахуыргæнинаг Зассеты Амага дæр бузныджы ныхæстæ загъта концерты организатортæн æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн арфæйы ныхæстæ загъта ацы стыр æмæ нысаниуæгджын бæрæгбоны тыххæй. «Ацы бæрæгбон у стыр æмæ нысаниуæгджын бæрæгбон æппæт Хуссар Ирыстоны цæрджытæн дæр. Уымæ гæсгæ æз æппæтæн дæр арфæ кæнын бæрæгбоны сæраппонд. Ансамбль «Сæрмæт»-ы коллективæн та мæ фæнды зæгъын бузныг се сфæлдыстады тыххæй, афтæ арæхстджынæй сценæйыл кæй архайдтой», – загъта Зассеты Амага.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.