Республикæ расидыныл 32 азы сæххæсты цытæн не ’взонг паддзахады уагъд æрцыдысты алыгъуызон мадзæлттæ. Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты РХИ-йы культурæйы министрады цур адæмон сфæлдыстады центры кусджытæ сæ директор Гуыцмæзты Елизаветæйы сæргълæудæй.

Уыдон ацы нысаниуæгджын боны цытæн сорганизаци кодтой Хуссар Ирыстоны адæмон нывкæнынады æмæ декоративон-прикладон аивады, адæмон æрмгуысты дæсныты 4-æм равдыст-армукъæ «Возрождение», зæгъгæ. Мадзал уагъд æрцыд Ногдзауты парчы. Хайад дзы райстой 29 адæймаджы. Уыдон стеллажтыл равæрдтой алыгъуызон цымыдисон куыстытæ, кæцыты цур уыдысты табличкæтæ куыстыты нæмттимæ, авторы ном æмæ мыггагимæ. Алкæцы стенды цур дæр лæууыдысты куыстыты автортæ сæхæдæг, кæцытæ дзуаппытæ лæвæрдтой равдыстмæ æрбацæуджыты фарстытæн.

20-æм сентябры — Республикæ расидыны боны, Ногдзауты парчы адæмон сфæлдыстады центр сарæзтой æцæг бæрæгбон, хъуыстысты зæрдæйæн æхцондзинад хæссæг ирон музыкæйы зæлтæ æмæ сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба. Мадзал амыдтой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры артитсттæ Къуезерты Фатимæ æмæ Уалыты Георги. «Адæмон сфæлдыстады республикон центр арфæ кæны Хуссар Ирыстоны адæмæн республикæйы боны цытæн. Равдыст-армукъæйы хайад исынц æрмæст горæты цæрджытæ нæ, фæлæ республикæйы æппæт районты дæснытæ-арæхстджынтæ. Адæмон æрмгуысты дæснытæ сарæзтой декоративон-прикладон сфæлдыстады уацмыстæ сæ цæстæнгасæй рæстæджы æмæ дунейы рæсугъддзинад бахъахъхъæнгæйæ. Ацы уацмысты уынæм адæмон характер, алкæцы дæсныйы национ æмæ индивидуалон æууæлтæ. Куыстытæ иууылдæр сæ арæхстджын къухтæй сæххæст кодтой равдысты хайадисджытæ. Хи къухтæй саразгæ куыстытæ та сты æнæсфæлхаттгæнгæ, алы дæсны дæр йæ куысты бавæры йæ уд, йе ’нкъарæнтæ, фантази. Равдыст-армукъæйы нысæнттæ æмæ хæстæ сты: адæмон æрмгуыстад сæндидзын æмæ рæзын кæнын; дæснытæ-арæхстджын къухты хицæутты сбæрæг кæнын; адæмон сфæлдыстады дæснытæн æххуыс кæнын; адæмон æрмгуысты дæсныты дзаумæттæ реализаци кæнын; адæмон сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын; бæрæгбонон атмосферæ саразын», — дзырдтой кæрæдзи ивгæйæ мадзал амонджытæ.

Центры директор Гуыцмæзты Елизаветæ зæрдæбын арфæтæ ракодта республикæйы цæрджытæн ацы диссаджы рæсугъд бæрæгбоны цытæн. Уый фæстæ равдысты хайадисджыты схорзæхджын кодта дипломтæй. Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ равдыст-армукъæйы хайад кæй райстой Цхинвалы скъола-интернаты коррекцион къласы ахуыргæнинæгтæ — Темыраты Виктория, Цхуырбаты Аделинæ, Туаты Аидæ, Чилæхсаты Аленæ æмæ æндæртæ. Уыдон адæмы рæгъмæ рахастой тынг хорз куыстытæ. Сæ къухдариуæггæнæг Остъаты Заирæ куыд банысан кодта, афтæмæй арæнгонд фадæттимæ ахуыргæнинæгтæ тынг бацархайдтой, цæмæй сæ куыстытæ рауадаиккой рæсугъд æмæ адæмы зæрдæмæ фæцыдаиккой.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уыцы бон равдыст-армукъæйы хайадисджытæй бирæтæ кæй ауæй кодтой сæ куыстытæй.

Уый фæстæ мадзалмæ æрбамбырдуæвджытæм æнхъæлмæ кастысты ирон адæмон хъæзтытæ. Нæ фыдæлтæ уыдысты æхсарджын хæстонтæ, хъæбатырæй хъахъхъæдтой сæ райгуырæн бæстæ, фæлæ ма уыцы иурæстæджы зыдтой сæ сæрибар рæстæг хъæлдзæгæй арвитын дæр. «Аланты уæздан мыггаг у дунейы адæмты номдзыд æмæ арфæйагдæр мыггаг. Алкæмæй рæсугъддæр сты сæ нæлгоймæгтæ», — фыста Византийаг епископ Иоанна Мариньоли йæ чиныг «Исторические памятники Богемы»-йы, кæцы мыхуыр æрцыд 1768 азы горæт Прагайы. «Амондджын хъуамæ уой ирæттæ, ахæм кадджын уидæгтæ, фыдæлтæ кæмæн ис», — фыста зынгæ нывгæнæг, философ, археолог æмæ фыссæг Николай Рерих.

«Мах ныфс ис нæ мадзал «Ирон адæмон хъæзтытæ» кæй ахъаз кæндзысты нæ адæмы кадджын историмæ цымыдисдзинад сæвзæрын кæнынæн, нæ фыдæлты традицитæ æмæ æгъдæуттæ ахуыр кæнынæн. Алайнаг кады кодексы дзырдæуы: «дæхи ма нымай ироныл (аланыл), цалынмæ дæ адæмы æвзаг, æгъдæуттæ, зарды æмæ кафты аивад нæ сахуыр кæнай, уæдмæ. Раджы рæстæджы алы хъæуы дæр уыд сæрмагондæй рахицæнгонд фæзуат, цыран æмбырд кодтой цæрджытæ, æмæ-иу уым сарæзтой хъазт. Афтæ ма хъазыдысты алыгъуызон хъæзтытæй, кæцытæй иуæй-иуты сæндидзын кодтам æмæ сæ абон ахъаздзыстæм уæ хайадистæй», — дзырдтой мадзал амонджытæ.

Сывæллæттæ стыр æхцондзинад райстой «Лæгты дугъты хъазт», «Порти хæссынæй хъазт», «Къæбæлæй хæцынæй хъазт» æмæ «Сынæгæй хъазт»-ы архайгæйæ. Ацы хъæзтыты чи фæуæлахиз, уыдонæн балæвар кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Сывæллæттæ райгондæй баззадысты сæ лæвæрттæй æмæ суинаг кæстæртæ та æвзонгæй цы фенынц, уый бахъуыды кæнынц цæрæнбонтæм. Æмæ афтæмæй, чизоны, æндидзыд æмæ хъахъхъæд цæуой нæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.