Ног азы æрбалæудмæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц чысылæй стырæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æмбæрстгонд у. Хистæртæ йæм фенхъæлмæ кæсынц, цæмæй сын æрхæсса ног хорздзинæдтæ, æнæниздзинад, сæхицæн, сæ кæстæртæн. Кæстæртæ та йæм фæбæллынц сæ рæстæг хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй арвитынмæ, лæвæрттæ райсынмæ.

Ног азы бæрæгбон æхцон æнкъарæнтимæ банысан кодтой нæ республикæйы цæрджытæ дæр, уагъд æрцыдысты бирæ алыгъуызон мадзæлттæ.

Иу ахæм мадзал ауагътой Цхинвалы районы Дменисы хъæуы Культурæйы хæдзары дæр. Мадзал бацæттæ кодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси, сывæллæтты библиотекæйы сæргълæууæг Джиголаты Заремæ æмæ Культурæйы хæдзары кусæг Æлборты Мадинæ.

Бæрæгбонмæ æрбацыдысты хъæубæсты цæрджытæй бирæтæ, сывæллæтты  ныййарджытæ,  скъолайы   ахуыргæнинæгтæ   æмæ  ахуыргæнджытæ. Культурæйы хæдзары цы стыр назбæлас сфæлыстой, уый йæ рæсугъддзинадæй цæстæнгас йæхимæ æлвæста.

Мадзалы радианы Джиголаты Моникæ ногазон арфæтæ ракодта мадзалмæ æрбацæуджытæн. Йæ цæст сын бауарзта сæ рухс бæллицтæ иууылдæр куыд сæххæст уой, æнтыстытæ сæ царды, æнæниздзинад. Уый фæстæ айхъуыстысты æхцон музыкæйы зæлтæ æмæ райдыдта ногазон бæрæгбон. Бæрæгбон та зард æмæ кафтæй фидауы æмæ фæстæ нæ фæлæууыдысты Культурæйы хæдзары хæдархайгæ къорды хайадисджытæ дæр.

Митын Дада ӕмӕ Митын Чызг (Дудайты Эрик æмæ Сидамонты Валерия) рахызтысты аив фӕлыст Назбӕласы цурмӕ. Ракодтой ногазон зæрдæбын арфæтæ канд мадзалмæ æрбацæуджытæн æмæ йæ хайадисджытæн нæ, фæлæ æгас хъæубæсты цæрджытæн дæр. Уыдон кафыдысты сабитимæ назбæласы алыварс æмæ семæ хайад райстой чысыл инсценировкæты.

Ногазимæ баст уыдысты, сывæллæттæ аив цы æмдзæвгæтæ бакастысты, цы зарджытæ азарыдысты, уыдон иууылдæр. Æмдзæвгæтæ аив бакастысты Лолоты Сережа, Гурам, Дудайты Элинæ æмæ æндæртæ.

Мадзалы хайадисджытæн – æппæт хъæуы цæрджытæн ногазон арфæтæ ракодта Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси. Йæ цæст сын бауарзта, цæмæй амондджын æмæ фæрнджынæй цæрой, канд йæ уарзон хъæубæстæ нæ, фæлæ æппæт ирон адæм дæр.

Ног азы Митын Дада æмæ Митын Чызг æнæ лæвæрттæй не ‘рбацæуынц æмæ мадзалы хайадисæг сывæллæттæн бакодтой ногазон лæвæрттæ, сæвæрдтой сын адджын фынг.

Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.