20-æм сентябры Республикæйы боны цытæн цытджын парады фæстæ Пионерты парчы уагъд æрцыдысты алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ. Уыдонæй алкæцымæ дæр æрбацыдысты бæрæгбонмæ æрцæуæг уазджытæ нæ республикæйы президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.

Бæрæгбонон ирон къæбицы равдыстмæ республикæйы алы районтæй æрластой бæркадджын фæззæджы ирон къæбицы фæлхас. Равдыст уыд тынг цымыдисон, йæ хæринæгты хæрзаддзинад та йын бæлвырд кодтой адæм сæхæдæг. Цхинвалы районы адми-нистраци равæрдтой ирон къæбицы традицион æртæ уæливыхы æмæ кусарты æртæ фæрсчы. Сæрмагондæй бæрæгбонмæ конд уæливыхтæ ас традицион хæбизджынтæй уыдысты бирæ егъаудæр. Уымæй æрбацæуджытæм æвзæрын кодтой уæлдай цымыдис æмæ сæ иувæрсты æнæацаходгæйæ ничи хызт. Районы ахуырады управленийы сæргълæууæг Козаты Олег куыд загъта, афтæмæй алы хæбизджыны тымбылæг дæр уыд иу метрмæ æввахс. Сæ мидæг дæр уыд æртæ килограммæ æввахс цыхты æууæрст. Афтæмæй стыр цымыдис æвзæрын кодтой куыд уазджытæм, афтæ ма, æгæрыстæмæй, бынæттон цæрджытæм дæр.

Хъæздыг уыдысты Знауыры, Ленингоры æмæ Дзауы районты къæбицтæ дæр алыгъуызон хæрзгъæд хæринæгтæй. Егъау, бæрæгбонон аив фæлыст авгæй мигæнæнты равæрдтой цалдæр хуызы нуазинæгтæ — сæн, ирон арахъ, бæгæны æмæ алыгъуызон хиарæзт дыргъты дæттæ. Сæ фарсмæ тæбæгъты аив æвæрд алыгъуызон дыргътæ, хиконд хъæууон хæринæгтæ сæхимæ здæхтой адæмы. Традицион ирон ивæзаг дзыкка, сæр-сæргæнаг бæгæны æмæ цъыс-цъысгæнаг бур физонæг уæлдай тынгдæр бæлвырд кодтой ирондзинад.

Алы районы къæбиц дæр уыд йæхирдыгонау хъæздыг æмæ бæркадджын, сæ хицæндзинад та уыд сæ равæрды, кæцы æвзæрын кодта бæрæгбонон æнкъарæнтæ. Лæггадгæнджытæ бæрзонд æмвæзадыл равдыстой фыдæлтæй баззайгæ нæртон уазæгуарзондзинад. Районты хæдархайгæ сфæлдыстадон къордтæ та уазджытæн равдыстой алыгъуызон ирон кæфтытæ æмæ-иу уазджыты дæр рахуыдтой хъазтмæ.

Ирон къæбицы æппæт традицион æмæ æнæтрадицион хæринæгтæй, фæззæджы æркæнгæ тыллæджы хъæздыгдзинадæй радис адæмы зæрдæ. Хъæууон царды нывтæ позитивонæй æндæвтой бæрæгбонмæ æрбацæуджытыл, æнкъарын сын кодтой экологион æгъдауæй сыгъдæг продукцийы хæрзаддзинад æмæ ирд æнкъарæнтæй дзаг зæрдæтæй стыр аргъ кодтой бæрæгбонон ирон къæбицæн.

Республикæйы кухдариуæгад æмæ уазджыты къорд разылдысты районты къæбицтыл, æмæ ирон традицимæ гæсгæ, алкæмæн дæр раарфæ кодтой дзаггарзæй.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.