ТЪЕХТЫ УАСИЛЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 60 АЗЫ

Нæ театры рацæугæ фæндæгтыл цæст куы ахæссай, уæд зæгъдзынæ: уыдон уыдысты дзыхъхъытæ, къуыппытæ, дæрзæг æмæ гуыргъахъ. Лæгъз, æмраст фæндæгтыл дæр ацыд советон дуджы. Фæлæ та мæнæ ног тугуарæн бонтæ, ног геноцид… Басыгъд Хуссар Иры фидауц – нæ театр дæр.

Фыдæлтæй нын баззад ныхас –   зындзинæдты чъырын къулау фидар лæууын. Уый равдыстой нæ театры абоны фæлтæр. Сæхиуыл æнæауæрдгæйæ, дзæвгар азты фæкуыстой, нæ бауагътой театры дуæрттæ æхгæнын, кæд сын сæ хъазæн бынат фадæттæ аразæг нæ уыд, уæддæр.

Сæххæст Хуссар Иры бæллиц, цы хорздзинадмæ æнхъæлмæ каст театры коллектив, уый федтой 2018 азы фæуды. Ирыстоны сæрмæ сæрттывтой цины уылæнтæ æвдисæг тырысатæ. Сæ уæлæ та фыст уыд: «Æгас цæуæт Ног театр».

Ног театр, ног сценæ домы дывæр хъару, дывæр архайд. Уый хорз æмбарынц актертæ, сæ разамонæг, аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан.

Театры уавæр хорз æмбары нæ Президент Бибылты Анатоли. Йæ тыхтæ радта уымæ, цæмæй ног театр скуса, коллектив сæ къахыл слæууой. Æрæджы стыр цинимæ театры коллектив фембæлд сæ уарзон президентимæ. Уый сæ базонгæ кодта театры ног директор Уалыты Мадинæимæ.

Йæ раныхасы бæстон æрцыд банысангонд, театр нацийы царды астæуккаг арт (къона) кæй у, æнæ театр адæм рæгъыдзыд не сты. Æрдзырдта театры куыст æмæ йæ дарддæры хæстыл. Загъта уый дæр, театр хицауады ‘рдыгæй рох никуы уыдзæн, алы хъуыддаджы дæр лæудзæн сæ фарсмæ.

Нæ абоны театралон фæлтæрæй алкæмæн дæр ис, рæгъмæ цы рахæсса, уый. Уыдæттæ та сты сæ бакæнгæ хъуыддæгтæ. Уыдонæй алкæуыл дæр ис дзурæн (дзургæ дæр сыл кодтой), бирæ фыссæн.

Абон нæ ныхасы сæр у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Тъехты Уасил. Уасил 40 азмæ æввахс у нæ театры æвæллайгæ зиууон, у фидар æмæ уæнгрог, зындзинæдты сæрты алæгæрдын чи фæразы, ахæм ирон лæг.

Йæ тыхтæ алыгъуызон куыстыты фæлвары: у арæхстджын актер, режиссер, драматург, тæлмацгæнæг.

Уасилæн йæ царды фæндæгтæм куы акæсай, уæд æнæмæнгдæр, зæгъдзынæ: йæ царды йын цы бантыст саразын, уыдон йæхи хъæппæрисы руаджы кæй сты. Фæзæгъæм-ма йæ афтæ дæр: царды йæхæдæг рахаста йæхи.

Хъæууон лæппу йе скъолайон бонты бауарзта ирон аивады хæзнатæ мадæлон æвзагæй райдайгæ. Иууыл фылдæр та бауарзта театралон сценæ.

Тъехты Уасил райгуырдис Цхинвалы районы Наниаты хъæуы колхозон бинонты хæдзары 1945 азы. Астæуккаг скъола каст фæцис Ксуисы, уырдыгæй фæцалх аивады фæндагыл. Уымæ та йæ сразæнгард кодта сæ хъæуы клубы разамонæг Джыгкайты Хаджумар. Йæ фæндæгтæ райдыдтой кафты къордæй, фæлæ цалдæр хатты Ксуисы хъæууон сценæйыл куы бакаст горæтæй бацæугæ артистты спектакльтæм, уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта, уыдзынæн актер, зæгъгæ.

Уасил скъолайы фæстæ намысджынæй сæххæст кодта йе ‘фсæддон хæс. Æфсады фæстæ Мæскуыйы ахуыр кодта рог сæудæджерады хаххыл фабрикæйы дæр. Уæдмæ йæ хъустыл æрцыд, Цхинвалы, нæ театры  кæй байгом ис театралон студи. Æрцыд æмæ радта фæлварæнтæ, режиссер Азаревичы зæрдæмæ тынг фæцыд лæппу. Ацы студи æнтыст-джынæй фæцис 1981 азы æмæ уæдæй абонмæ кæны йе ‘нæзæр-дæхудт куыст нæ театры.

Курдиатджын коллективы ‘хсæн райдыдта кусын Уасил. Хорзæн мысы абоны бон дæр – Цоциты Къæдзæх, Цхуырбаты Барис, Таугазты Гаврил, Цоциты Нинæ, Гаглойты Зинæ, Гæбæраты Да-уыт, Цæбиты Ростик, Галуанты Людæ, Гугкаты Евелинæ, Харебаты Федя æмæ æндæрты. Райгонд у йæ абоны кæстæр фæлтæрæй, зæрдæрухс у се ‘нтыстытæй. Алы уагдонæн дæр ис йæхи хæстæ, йæхи домæнтæ, дæ ном хорзæр-дæм цæмæй айхъуыса, ахæм куысты миниуджытæ. Уыдон драмтеатрæн сты ахæмтæ: цал спектаклы ахъазыдтæ, цал ролы сæххæст кодтай, цахæмтæ уыдысты дæ ролтæ, рæхсыс æви нæ комедион, юмористон, сатирикон, трагедион, драмон рольты. Се ‘ппæтмæ рæхсын – уый тæхудиаджы хъуыддаг у, фæлæ уыцы хуызтæй ис-кæцыйы бæрзонд къæпхæнмæ куы схизай, Бало трагеди «Отелло»-йы куыд схызт, афтæ, уæд уымæн дæр къаддæр нысаниуæг нæй.

Уасил ацы хъуыддаджы арæхстджын у куыд комедион, афтæ драматикон рольты дæр.

Дзæвгар у сæ нымæц пьесæтæн дæр æмæ саразгæ фæлгæндзтæн дæр, Уасил хайад кæмыты иста, уыдонæн. Сæ иумæйаг нымæц хæццæ кæны фæндзаймæ.  Уыдон та сты: Уырыймæгты Ез. «Сæниат»-ы – Махар, Гаглойты Вл. «Ныййарæджы кадæг»-ы – Æхсæртæг, «Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ы – Гæбыла, «Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд»-ы –  Æхсар, «Сугътаг фыдсылтæ»-йы – милиционер, Брытъиаты Ел. «Амыран»-ы – Бесæ, Уанеты Вл.   «Шахмæттæ»-йы – Шах, «Алантæ»-йы – Хадзмай, «Зæринæ»-йы – Дзибукка, Нартыхты Григолы «Файнустытæ»-йы – Дули, Зæгъойты Р. «Нанайы скъæфт»-ы – Дадо, Суанты Ф. «Уарзон зарæг»-ы – Хату, Хъазиты М. «Гæдыла паддзах»-ы – Вася æмæ æнд. Кæд æххæстæй нæ, уæддæр ацы ранымад дзурæг у, актер алыварсон курдиаты хицау кæй у. Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран»-ы, Бесæйы роль æххæстгæнгæйæ, хъуыдис стыр фæразондзинад, Бесæ йæ куырдадзы куыст никæмæн хъæр кæны, рæхыс кæмæн æмæ цæй тыххæй аразы, уый сусæг у адæмæй, æррайы ном ыл кæй сбадт, уый фæразы, фæразы йæ ус Чабæханы уайдзæфтæм хъусын дæр, фæлæ йæ уæддæр фæстагмæ фæкæсын кодтой æмæ Бесæ йæ мæлæт ссардта.

Фыййау лæгмæ ахæм зонд, хъару, фердæхтдзинад разына, уый арæхстджынæй рахаста адæмы размæ Уасил.

Æрдзæй аипджын разынд Гæбыла (Гаглойты В. «Тугæйдзаг чындзæхсæв»), фæлæ куы рахизы адæмы ‘хсæнмæ, уæд адæм сæ худын фæуромынц, бамбарынц ын йæ уды хорз миниуджытæ æмæ йæм уарзæгой цæстæй акæсынц. Уыцы ракъахдзæфтæ, уыцы змæлдтытæ, уыцы ныхасы уаг – се ‘ппæт дæр бафтыдысты Уасилы къухты, алы фæзылдыл дæр театрдзаутæ  сæмбæлдысты  арф хъуыдытимæ.

Арæхстджынæй æвдисы Уасил йæхи, Мухары ролы хъазгæйæ (Урыймæгты Ез. «Сæниат»). Æххуырст уæвгæйæ, йæ зæрдæ-мæ æввахс айста дуджы ивы-лæнтæ, революцион змæлд.

Нæ театры репертуар алы дуджы дæр хъæздыг уыд тæлмацгонд пьесæтæй. Сæ нымæц егъау у, Уасил кæм хъазыд, уыцы спектаклтæн. Алыгъуызон сты йæ рольтæ ацы спектаклы хъазгæйæ. Уыдон та сты: Шекспиры «Буря»-йы – Алонзо, «Макбет»-ы – Лæгмар, «Юлий Цезарь»-ы – Каска, Пушкины «Чысыл трагедитæ»-йы – Лепорелло, Лопе-де-Вегайы – «Иуæн-дæсæм фæдзæхст»-ы – Хуан, Т.Брантоны – «Чарлейы мады хо»-йы – Спетлайк, Ю.Грушайы – «Уарзон», «Джаз æмæ хæйрæг»-ы – Дохтыр; В. Гольфреды – «Рæвдыд ныхас»-ы Дада; Ю.Энтины «Бремейнаг музыканттæ»-йы – Хъазæгой; Н. Думбадзейы – «Чинары манифест»-ы – Заза; «Æртæйæ æхсæзмæ»-йы та  – Миша.

Алыварсон курдиаты хицау у Уасил. Рольтæ æххæст кæнынæй дарддæр  фыссы пьесæтæ дæр. Кæд ын бирæ не сты, уæддæр уал цы рахаста рæгъмæ, уыдон цæсты ахадынц. Йæ пьесæ «Тæрхъусы амонд» нырма æвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны академион театры сценæйыл 2004 азы, Хуссар Ирыстоны та –  2017 азы. Тынг райгондæй баззадысты сывæллæт-тæ, ацы пьесæ фенгæйæ.

Йæ пьесæ «Урс бæлон» фысгæйæ, автор йæ разы æрæвæрдта хæс Хуссар Ирыстон ног геноциды куыд бахауд, цы трагедион цаутæ дзы æрцыд, уыдон равдисын.

Трагеди хаст у Цæгат Ирыстоны драмтеатры репертуармæ. Рæх-джы йæ фендзысты нæ театрдзаутæ дæр.

Йæ радзырд «Æнæнхъæлæджы фыстæг» мыхуыры рацыд журнал «Фидиуæг»-ы 2017 азы.

Уасил йæ тыхтæ фæлвары тæлмацы хъуыддаджы дæр. Бантыст ын цыппар пьесæйы ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын:  «Сырххудджын» (Красная шапочка), Ю.Энтины «Бремейнаг музыкантæ», «Диссаджы къухдарæн» æмæ «Оркестр Титаник».

Ацы пьесæтæй Хуссар Ирыстоны драмтеатры сценæйыл æвæрд æрцыдысты «Сырх худджын» æмæ «Бремейнаг музыканттæ».

Тъехты Уасил у арæхстджын режиссеры куысты дæр. Йæ хъæппæрисы руаджы æвæрд æрцыдысты: Гаглойты Вл. пьесæ-тæ «Къулбадæг устытæ», «Тугæйдзаг чындзæхсæв» æмæ «Сау сынтытæ», Нартыхты Гр. «Файнустытæ», Галуанты Л. «Сыст æмæ Æхсынкъ», Гуыцмæзты М. «Бирæгътæ».

Уыдæтты æмрæнхъ, Уасил аккаг æххуыс кæны скъолатæн дæр. Арæх вæййы сæ равдыстыты, кæны сын йе ‘ххуысы хай, бындуронæй та кусы нæ сахары 12 скъолайы. Цыдæриддæр мадзæлттæ уадзы скъола не ‘взаг æмæ не ‘гъдæутты тыххæй, уым сæ уæлхъус ис алы хатт дæр. Зæрдæрухсгæнæн хъуыддаг у уый дæр, кæй кусы скъолайы драмкъорд. Уасил алыгъуызон пьесæтыл кусгæйæ, цайдагъ кæны сывæллæтты сæ мадæлон æвзаджы рæсугъддзинадыл, нæ ирон куырыхон æгъдæуттыл.

Лæгæн йæ фыдæбæттæн аргъ куы цæуа, уæд зæрдæ тынгдæр райы, уæд хъару фылдæр кæны, уæд тырнындзинæдты уромæг нæ уромы. Уасилы куыст æмæ фыдæбæттимæ хорз зонгæ сты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны театрдзаутæ. Фæлæ зæгъын хъæуы уый, æмæ Уасил кæй ахызт Ирыстоны арæнтæй, йе змæлд, йæ хъару æмæ йæ арæхстдзинæдтимæ базонгæ сты Цæгат Кавказы нацитæ,  стæй уæд Уæрæсейы къуымты цæрæг нацитæй дæр бирæтæ.

Гастролон балцытæ Уасилæн æмæ нæ театрæн лæгæвзарæн, арæхстдзинад æвдисæг уыдысты. Ууыл та дзурæг сты: 1986 азы Цæгат Ирыстоны театрдзаутæн æвдыст куы ‘рцыд Гаглойты Вл. «Тугæйдзаг чындзæхсæв», уæд сын зæрдæбын арфæтæ ракодта сæ  культурæйы  министр Хъесаты В. А.

Уасилы Кады грамотæйы та фыст ис «За высокое профессиональное мастерство».

2002 азы уыд Уæрæсейы æппæтадæмон фестиваль. Нæ театры архайд стыр æнтыстыл нымад æрцыд уæд. Нæ президент Уасилы схорзæхджын кодта Кады грамотæйæ. 2009 азы сæ гастролон балц уыд  Ульяновскмæ. Йæ арфæйы гæххæтты сæ департаменты директор Т.А.Ивашина стыр арфæтæ кæны нæ театры коллективæн, ирон театралон аивадимæ Ульяновскы кæй базонгæ кодтой, уый фæдыл, стæй хæлардзинæдтæ аразæг кæй сты, уый тыххæй дæр. Уасилæн ма уыдонæй дарддæр   лæвæрд æрцыд Кады грамотæ.

2011 азы Æппæтадæмон Аланты конгрессы президент Хетæгкаты Хъазбег Кады грамотæйæ схорзæхджын кодта Уасилы. Уым та фыст уыд: «За большой вклад в развитии осетинского театрального искусства».

Уасил театралон аивады йе стыр лæггæдты тыххæй дыууæ Ирыстоны дæр нымад æрцыд сгуыхт артистыл. Ацы бонты Хуссар Ирыстоны театралон аивад, культурæйы министрад нысан кæнынц нæ зынгæ актер Тъехты Уасилы райгуырды 60 азы бон. Арфæтæ хорз сты, фæлæ зæрдæйæн иууыл егъаудæр арфæ у, лæгæн йæ ном куы ссарай, цы йæм æмбæлы, уымæй. Уый та хорз зоны театры разамынад æмæ хæрзиуæгон хъуыддаг уаид, куы йæ ‘рдомиккой, уæд. Уасил нын у, адæмон артисты ном кæмæ æмбæлы, уыцы актертæй.

Уасилæн та арфæ кæнæм: 100 азы фæцæр нæ театрæн уарзон зиууонæй. Дæ зæрдæ рухс кæнæд  дæ радтæг адæмы хорздзинæдтæй, æнæмаст, æнæнизæй фæцæр дæ бинонтимæ. Ирыстон дæ фæндиаг уæт, ды та – Ирыстоны фæндиаг. Уастырджы де ‘мбал!

ПЛИТЫ Гацыр,

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.