РЦИ-Аланийы уагъд æрцыд дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй «Алантæ», зæгъгæ. Турниры призон фонд уыд 80 мин доллары. Хайад дзы райстой 12 бæстæйы – Уæрæсе, Азербайджан, Сомихстон, Белоруси, Болгари, Молдави, Гуырдзыстон, Итали, Казахстан, Монголи, Словаки æмæ Узбекистаны хъæбысæйхæцджытæ. Турнир байгом кæныны церемони уагъд æрцыд нарты кадджыты сюжетты бындурыл.

Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæ рамбылдтой 4 сыгъзæрин, 4 æвзист æмæ 3 бронзæ майданы. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Мæхъæлы Республикæйы Сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуров, дыууæ хатты Олимпион чемпион, Федералон Æмбырды Федерацийы советы уæнг Фадзайты Арсен, æртæ хатты Олимпион чемпион, Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур, Цæцæны Республикæйæ Паддзахадон Думæйы депутат Адам Делимханов, æмæ æндæртæ. Кадджын уазджыты ‘хсæн ма уыдысты раздæры  зындгонд спортсментæ, Олимпион чемпионтæ Андиаты Сослан, Хæбæлаты Лери, Тедеты Эльбрус, Сергей Белоглазов, Магомед-Гасан Абушев, 2012 азы Лондоны Олимпион хъæзтыты «Золотой свисток»-ы хицау Хиджран Шарифов.

РХИ-Паддзахад Аланийы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ раныхасы  банысан кодта спортивон мадзал бæрзонд æмвæзадыл организаци кæй æрцыд, уый. «Уырны мæ ацы фæзуат тагъд рæстæджы кæй схондзысты «чысыл Олимпион хъæзтытæ» æмæ уыдон кæй суыдзысты регулярон. Ирыстоны æмæ æмткæй Кавказы уæгъдибар хъæбысхæст афтæ размæцыд у, æмæ, номхуындæй, Ирыстоны уагъд хъуамæ цæуой спорты ацы хуызæй иууыл нысаниуæгджындæр  ерыстæ», – загъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав раарфæ кодта турниры хайадисджытæ æмæ уазджытæн. «Республикæ ахæм минæварджын турниры аккаг у. Уырны,  мах ацы турнир æрвылаз дæр кæй уадздзыстæм æмæ спортивон къæлиндары аккаг бынат кæй бацахсдзæн, уый. Спортсментæн мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын, нæ бæрæгбон нын кæй срæсугъд кодтой, уый тыххæй», – загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Ирон богалтæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Зассеты Алан (74 кг), Найфонты Артур (86 кг) æмæ Байцаты Владислав (97 кг). Дыккаг бынæттæ бацахстой Сидахъты Зауырбег (70 кг), Цæболты Хетæг (74 кг), Уалыты Владислав (86 кг) æмæ Хуыгаты Алан (125 кг). Бронзæйон призертæ систы Рæмонты Гамлет (65 кг), Санахъоты Ацæмæз (74 кг) æмæ Цæкуылты Батрадз (86 кг).

Ерысты хайад райста Олимпион хъæзтыты чемпион Рæмонты Сослан дæр, фæлæ йæхи æвзæр кæй хатыд, уый тыххæй фыццаг тохы фæстæ Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы дохтыр Дзукъаты Альбинæйы рекомендацимæ гæсгæ, йæхи систа ерыстæй.

Турнир «Алантæ»-йы уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты зынаргъ призтæ æмæ æхцайы премитæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.