Бирæ ис ахæм дæсныйæдтæ нæ нырыккон царды, кæцыты, хъыгагæн, нæй райсæн Ирыстоны зæххыл. Æмæ уæд бахъæуы дарддæр ацæуын. Бирæтæ æрмæст дæсныйад нæ райсынц, фæлæ сын фадæттæ вæййы зонады, аивады, спорты бæрзæндтæм хизынæн. Ахæм цæвиттонтæ бирæ, тынг бирæ ис æрхæссæн нæ адæмы царды.

Зонадмæ йæхи фæндаг уыдис не ‘мбæстаг Галуанты Василийæн дæр. Дзауы районы рæсугъддæр къуымтæй сæ иуы – Мзиугомы райгуырд. Йæ хъæуы ном дæр Мзиу хуындис. Хуындис уымæн дзурæм æмæ дзы абон ничиуал цæры, федзæрæг. Васили куы райгуырд – уый та уыд 1928 азы – уæд та дзы бирæ цæрджытæ цардис, Ирыстоны барæнтæм гæсгæ къаннæг хъæу нæ уыдис. Уымæ гæсгæ, уыцы рæстæджы скъолатæ хъæуты гом кæнын куы райдыдтой, уæд дзы фæзынд райдиан скъола. Æмæ уырдæм згъордта чысыл Вася дæр зонындзинæдтæ исынмæ, цæмæй йæ фыдæлтæ цы талынг цард кодтой, уымæй рахызтаид рухсмæ – ныллæууыдаид ахуыры фæндагыл. Абон не ‘хсæн кæй нал ис, уымæ гæсгæ зын базонæн æмæ зын зæгъæн у, скъоламæ уайгæйæ, йæ бæл-лицтæн сæ хæтæнтæ кæмыты уыдысты. Фæлæ бæрæг у иу хъуыддаг – ахуырмæ кæй тырныдта, фылдæрæй йæ фылдæр зонын кæй фæндыдис. Æмæ уый йæ къухты æфтгæ дæр кодта. Ахуыргæнджытæй дарддæр æнæ искæйы æххуысæй. Мæнæ ныр бирæтæ сæ кæстæрты куыд рæвдз кæнынц сæ царды фæндагыл, афтæ – нæ. Ахæссæм ын нæ цæст йæ ахуыры фæндагыл æмæ уый тынгдæр бауырндзæнис. Сæ хъæуы райдиан скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы. Каст æй фæцис æнтысгæйæ æмæ фæлварæнтæ радта Тбилисы паддзахадон университеты физикæ-математикæйы фа-культетмæ. Уый дæр каст фæцис æн-тысгæйæ æмæ уыцы аз йæ ахуыр адарддæр кодта ССР Цæдисы Зонæдты академийы Ленинграды физикон-техникон институты аспирантурæйы. Зонадон куыстмæ æвзыгъд лæппуйы аспирантурæйы фæстæ райстой ацы институтмæ зонадон кусæгæй. Афтæ æнæкъуыхцыйæ мзиуаг хæххон лæппу фыццаг къласæй аспирантурæйы фæстаг бонмæ фæндвидарæй фæцыд ахуыры фæндагыл æмæ ссис уæды Советон Цæдисы иууыл номдзыддæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы кусæг. Галуаны фыртæн бирæ зындгонд   ахуыргæндтæ уыдысты йæ ахуыргæнджытæ, уыдонæй сæ иу уыд дунейы зындгонд  ахуыргонд А.Ф.Иоффе. Фæстæдæр ацы уæлдæр ахуыргæнæндонæн лæвæрд æрцыд йæ ном.  Æмæ  Васили  ссис ахæм ахуыргæн-дты æмкусæг, се ‘мбал.

1954 азы 26-аздзыд ахуыргонд бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. Дарддæр уый активон хайад иста зонадон дискусситы, йæ докладтæ-иу уыдысты оригиналон, кастис сæ алыгъуызон конференциты, симпозиумты, конгрессты, куыд Советон Цæдисы, афтæ фæсарæнты дæр. Уыдис Польшæ, Чехословаки, Румын æмæ æндæр бæстæты. 1960 азы Галуаны фырт Прагæйы разамынд кодта физикты дунеон конгрессы полупроводникты секцийы куыстæн.

Ахуыргонд куыста ахæм ног полупроводникты технологи раиртасыныл, куыд германий æмæ кремний. Советон Цæдисы фыццаг хатт  Василийы разамынадæй райстæуыд ин-дийы антимониды иууыл сыгъдæгдæр кристалл. Абоны онг дæр уый нымад цæуы индийы антимониды иртасджытæй сæ иуыл.

Цы характеристикæ йын лæвæрд æрцыд, уым уый фæдыл дзырдæуы: «Галуанты Васили бирæ азты дæргъы разамынд кæны кусджыты æмæ аспирантты къордæн, кæцы кусы индийы антимониды кристаллтæ райсыныл, афтæ ма сæ бындурыл алыгъуызон прибортæ саразыныл. Ацы къорды куыстытæ нымад æрцыдысты куыд Советон Цæдисы, афтæ фæсарæнты дæр». Характеристикæйы ма куыд фыссынц, афтæмæй уый у 400 зонадон куыстæй фылдæры автор. Уыдон мыхуыр цыдысты, куыд Советон Цæдисы, афтæ фæсарæнты дæр.

Васили зонадон куыстæй дарддæр кодта педагогон куыст дæр. Кæмæн разамынд кодта, уыцы аспиранттæй 20 адæймагæй фылдæр систы зонæдты кандидаттæ æмæ доктортæ. Зæрдиагæй аудыдта ирон аспиранттæ цæттæ кæныныл дæр.

Уæдæ не ‘мзæххон советон, дунеон зонады раззаг рæнхъыты кæй лæууыд, уымæй дзы хъуамæ уæм сæрыстыр, йæ ном ын нæ зæрдыл дарæм æмæ йын æй мысæм.

Галуанты Васяйы царды æмæ зонадон архайды тыххæй нæ къухты бирæ зонæнтæ нæ бафтыд, фæлæ йæм лæмбынæгдæр кæй хъæуы æркæсын æмæ йæ нæ æхсæнадæн хуыздæр базонгæ кæнын, уый хъæуæг у. Уый, фыццаджыдæр, йæ уды хаста ирон лæджы фарн, æгъдау æмæ ууыл æнцой кæнгæйæ, цыдис, махæн, рæнхъон адæймæгтæн базонинаг чи не сты, зонады уыцы сусæг-дзинæдтæ рафæлгъауыны зын фæндагыл.

Ирон лæджы фарн æмæ æгъдауы кой кæм æркодтам, уым æнæзæгъгæ нæй йæ царды фæстаг бонтыл. Цымыдисон уый у, æмæ Мзиуы хъæуы райгуыргæйæ, йæ цард дард Ленинграды фæкæнгæйæ, йæ мæлæт æрхаста йæ райгуырæн хъæумæ. Ацы трагикон хабары тыххæй нын йе ‘фсымæры чызг Галуанты Аллæ афтæ радзырдта:

– 1978 азы сæрды Васили йæ кæстæр чызг Таняимæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Арæх-иу ын нæ фæцис фадат йæ райгуырæн зæхмæ æрцæуын – фылдæр цыд Цæгат Ирыстонмæ йæ хъуыддæгты фæдыл – æмæ-иу, зæгъгæ, æрцыдис махмæ, уæд-иу йæ цинæн кæрон нæ уыдис, цин кодта алкæуыл дæр æмæ алцæуыл дæр. Кæддæриддæр-иу æй фæндыдис йæ уæзæгмæ – Мзиуы хъæу-мæ бацæуын. Æмæ ныр дæр нæ бинонтæ, Васили æмæ йæ чызг немæ, афтæмæй араст стæм уырдæм. Хъуыд къахæй цæуын æмæ хъæумæ нæма бахæццæ стæм, афтæмæй-иу фæзбынаты æрулæфыдыстæм, цæмæй фæйнæ къæбæры дæр ахордтаиккам. Вася йæ цин нæ сусæг кодта, йæ сабибонтæ кæм аивгъуыдтой, уыцы бынæттæм кæсгæйæ. Фæлæ… Куыд сыстад æмæ йæ къæхтыл куыд слæууыд, афтæ фæстæмæ йæ мидбынат æрхауд. Фæлæбурдтам ма йæм, исты йын аххуыс кæнæм, зæгъгæ, фæлæ Васяйæн йæ цард ууыл ахицæн…

Аскъуыд йæ цард, кæм райгуырд, рæз кæм хаста, уыцы хъæумæ нал фæхæццæ, афтæмæй.

Аскъуыдысты йе стыр фæндтæ, бæллицтæ зынгæ ахуыргондæн. Аскъуыдысты йын, йæ царды 51 азы куы бацыд, уæд. Нал ын бантыст, кæй бацæттæ кодта, уыцы докторон диссертаци дæр бахъахъхъæнын.

Мæ уац райдыдтон, нæ чысыл Ирыстоны алы дæсныйад райсынæн фадат кæй нæй, ахæм хъуыдыйæ. Афтæ рауад Василийы  хъуыддаг дæр æмæ Мзиуæй йæхицæн фæндаг айгæрста стыр горæтмæ, стыр зонадмæ. Æмæ кæд Ирыстонæй дард цардис, арæх-иу æм нæ æрæфтыд, уæддæр æй хъæбулы уарзтæй уарзта. Уарзта йæ адæмы æмæ цы æвзагыл дзурынц, уый. Уымæ батæхуды кодтаиккой, æгæрыстæмæй, æвзаджы дæснытæ дæр, афтæ сыгъдæг æмæ рæсугъд дзырдта йæ мадæлон æвзагыл.

Бæрцæй фæндзай азы бантыст рацæрын Галуанты Василийæн. Бирæ йын бантыст зонады, фæлæ йæм ноджы фылдæр бакæнинаг хъуыддæгтæ каст разæй. Сæ сæххæст кæнын ын адзал нæ бауагъта æмæ ныр 30 азы æнцойад кæны Згъудеры уæлмæрды. Ацы бонты йæ райгуырдыл 80 азы юбилей хъуамæ нысан кодтаид æмæ йæ чи зоны, цахæм стыр ахуыргондæй ралæууыдаид нæ разы…

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.