Президент Бибылты Анатоли фембæлд музыканттæ æмæ зарæггæнджытæ Тасойты Игорь, Куыдзеты Игорь, афтæ ма Кафт æмæ зарды Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы солисткæ Хуыгаты Олесяимæ. Уыдон уыдысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Æхсæнадæмон музыкалон фестиваль «Юрмала-Шансон 2017» Латвийы.

Фембæлды райдианы бæстæйы сæргълæууæг раарфæ кодта уыдонæн, сæ ралæуд æнтыстджын кæй уыд, уый тыххæй æмæ банысан кодта, дыккаг бынат дæр уыйбæрц хайадисджыты æхсæн нæ артисттæн стыр æнтыст кæй у.

«Фестивалы хайад кæй исæм, уый дзурæг у, нæ культурæ хорз æмвæзадыл кæй ис, ууыл.

Нæ культурæйы архайджытæ кæмфæнды ма уой, уæддæр  вæййынц тынг бæрзонд æмвæ-задыл æмæ аккагæй равдисынц нæ республикæйы», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый загъта уыдонæн дарддæры сфæлдыстадон æнтыстыты фæндиæгтæ, æмæ равдыста йе ууæнк, зæгъгæ, нæ культурæйы архайджытæ се сфæлдыстадон æнтыстытæй нырма иу æмæ дыууæ хатты не ‘рхæсдзысты циндзинад нæ рсепубликæйы цæрджытæн. Президент банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй ацы фадыджы кæддæриддæр уыдзæн æмбæлон æххуыс.

Йæхи рады хуссарирыстойнаг делегацийы къухдариуæггæнæг Тасойты Игорь дæр загъта бузныджы ныхæстæ бæстæйы сæргълæууæгæн йе стыр хъусдарды тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фестивальмæ делегаци цæттæ кодта азы райдианæй, æмæ тынг бæрнджынæй бавнæлдта йæ ацы ралæудмæ.

“Нæ конкурсант январæй фæстæмæ куыста репертуар равзарыныл, куыста зарджыты тæлмацыл. Йæ зарæгмæ ма бафтыдæуыд ног кафт, æмæ йын жюрийы уæнгтæ скодтой стыр аргъ”.

Музыкант Куыдзеты Игорь  фестивалы бацахста дыккаг бынат, райста «приз зрительских симпатий». Уый банысан кодта, зæгъгæ зындгонд зал «Дзинтари»-йы кæй цыди концерт, уый дæр адæймагыл æвæрдта уæлдай бæрндзинад. Фæлæ æппæтдæр ацыд тынг бæрзонд æмвæзадыл, æмæ уый бирæ хæттыты банысан кодтой компетентон жюрийы уæнгтæ дæр æмæ сценæмæкæсджытæ дæр. Уыдон тынг къухæм-дзæгъдимæ æмбæлдысты нæ зарæг-гæнæгыл.

«Дæ номæй мæн фæнды бузныг зæгъын нæ республикæйы къухдариуæгадæн, Хуссар Ирыстоны минæвар уæвыны цытджын бæрн мæныл æвæрд кæй æрцыд, уый тыххæй», – банысан кодта Куыдзеты Игорь.

Музыканттæ равдыстой се ууæнк, иннæ аз дæр та сæ бон кæй суыдзæн æндæр бæстæты адæмты Ирыстоны культурæимæ зонгæ кæнын.

Фембæлды кæронбæттæны Президентæн лæвæрд æрцыд зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ бузныджы фыстæг Æхсæнадæмон фестивалы Президент Николай Смолинæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.