Уæрæсейы Федерацийы Президенты приз рамбулыны сæраппонд бæхты дугъты  æнтыстджынæй ралæууыд Хуссар Ирыстоны номæй лидзæг бæх. Йæ фæсномыг «Премьерæ» кæмæн хуыйны, уыцы ефсбæх дыккаг згъорды саргъы бæхты сыгъдæг хæрзмыггаг ефсбæхты ‘хсæн ссис фыццаг. Дистанци уыд 1800 метры. Финишмæ хуссарирыстойнаг Премьерæйы æрбакодта  дунеон къласы дæсны-жокей С.Круглыхин.

Бæхты дугътæ уагъд æрцыдысты Централон мæскуыйаг ипподромы. Бæхты спортивон мадзалы уыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уымæ лæвæрд æрцыд уæлахизы кубок дæр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы Президенты призыл бæхты дугъты згъорды уæлахиз у нысаниуæгджын цау спортивон дунейы.

«Бæхты дугътæ традицион æгъдауæй стыр цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц Ирыстоны. Тынг хорз у, Хуссар Ирыстонæн йæ бон кæй ссис ацы егъау турниры хайад райсын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг æхсызгон мын у ацы уæлахиз», – загъта Бибылты Анатоли.

УФ-йы Президенты призыл бæхты дугъты традиционæй хайад райсынц саргъы бæхты сыгъдæг хæрзмыггаг ефс-бæхтæ, цыппар аз æмæ уымæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæмтæ, кæцыты хицæуттæ сты Уæрæсейы æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты, афтæ ма Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны Республикæты минæвæрттæ.

Æдæппæтæй турниры фæлгæтты тох кæндзысты авд призыл  сыгъдæг хæрзмыггаг бæхтæ, иу приз дзы у арабаг мыггаджы бæхтæн æмæ иу приз та – ахалтекинскаг мыггаджы бæхтæн.

Мадзалы райдианы бакастæуыд УФ-йы Президент Владимир Путины арфæйы тел, цыран уый банысан кодта, зæгъгæ, турнир æххуыс кæны уæрæсейаг бæхдарды традицитæ  рæзын кæнынæн.

Уæрæсейы Президенты хъуыдымæ гæгæ, турнир æххуыс кæны Уæрæсейы бæхдард популяризаци кæнынæн.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.