Алкæцы политикон цауæн дæр скæнæн ис, растдæр зæгъгæйæ та скæнын æмбæлы политикон аргъ. Хуссар Ирыстоны ныхмæ 2008 азы 8 августы Гуырдзыстоны æфсад сæ тых куы ‘рбахастой, уымæй дæр æнæхъæн дуне Пекины Олимпиадæйы байгомыл куы цин кодтой (рагон традицимæ гæсгæ олимпиадæ уадзыны рæстæджы нæй хæстон архайдтыты бар), уыцы геноциды цауæн абоны онг дæр политикон аргъ не ‘рцыди. Политикон аргъ радтын та йæ бон у куыд æхсæндунеон организацийæн, афтæ хицæн нымад паддзахадæн дæр йæ парламенты æмвæзадыл. Зæгъæм, сомихы адæмы ныхмæ геноцид банымадтой Евро-пæйы парламент, Европæйы Цæдис, Аргъуанты дунеон совет æмæ æндæртæ. Сомихаг адæмы геноцид чи банымадта, уыцы бæстæтæй фыццаг уыди Уругвай. Уæрæсе ацы номхыгъды уыди æртыккаг. Дарддæр ацы хъуыддаджы хайад райстой Европæйы æмæ дунейы бирæ бæстæтæ, Америкæйы цалдæр штаты. Фарст æвæрд æрцыд Туркæн йæхи парламенты дæр, кæд геноциды аххос туркаг бæстæйыл æвæрд уыд, уæддæр.  Афтæмæй Сомихы адæмы ныхмæ геноциды факт нымад æрцыд. Ахæм трагикон цаутæн политикон аргъ лæвæрд куы ‘рцæуа, уæд уый фæстæ та хъуамæ æвæрд æрцæуа фарст æфхæрдæрцæуæг адæмæн сæ зиæнттæ бафидыны тыххæй, уыцы нымæцы моралон æмæ материалон дæр.

Ацы фарстыл дзурыны сæр уымæн хъæуы, æмæ ныртæккæ Хуссар Ирыстоны алыварс цы цаутæ цæуы, уыдоныл цыма æгæр тагъд кæнынц, афтæ зыны. Фыцца-джыдæр уал зæгъын хъæуы уый, æмæ 6-æм февралы Женевæйы кæй ауагъдæуыд Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æхсæнве-домствойон делегациты рабадт транскавказы автомагистралыл транзит байгом кæныны тыххæй. Ацы рабадты Гуырдзыстоны хъуыды уыди ахæм, ома, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фарс ацы фарстыл дзургæйæ, фарсты кæрон дæр ма хъуамæ уой, уымæн æмæ 2011 азы цы бадзырд райстæуыд ацы фарсты фæдыл, уым ацы дыууæ хайадисæджы тыххæй ницы дзырдæуы.

Раст зæгъгæйæ, Гуырдзыстон фарст афтæ кæй æвæры, уый хуымæтæг æвзагæй хуыйны æдзæсгомдзинад. Политикон цæстæнгасæй йæм куы кæсай, уæд та уый у, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ цалдæр геноциды арæзт кæй æрцыд, уымæн абоны онг дæр политикон аргъ арæзт кæй не ‘рцыд, уый аххос. Уæдæ ацы ран адæймагмæ афтæ кæсы, цыма уæрдон æвæрд цæуы бæхы разæй. Кæд æмæ бирæ оптимистон цæстæнгасыл хæст политиктæ зæгъынц, ома, абон уа æви райсом, уæддæр Гуырдзыстон банымайдзæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, уæддæр ацы хъуыддаг дызæрдыггаг у, уымæн æмæ æнæ фыццаг къахдзæф саразгæйæ, уыдон куыд хъуамæ саразой дыккаг æмæ æртыккаг къахдзæфтæ!

Ныртæккæ бирæ дзырд цæуы НАТО-йы скондмæ Гуырдзыстоны бацыды тыххæй. Диссаг уый у, æмæ уыцы хъуыддагæн æнæрцæугæ кæд нæй, иуæй-иу политиктæ куыд дзурынц, афтæмæй, уæд ма мын зæгъæнт: кæд Гуырдзыстонæн НАТО-йы скондмæ йæ бацыд лыггонд фарст у, уæд ма Уæрæсеимæ та йæ ахастытæ куыд араздзæн? Æви йæ нæ зонынц уыцы дзурджытæ, ныртæккæ дунейы политикæ бирæполярон кæй у æмæ ацы ныхмæдзыдтæ нырма се ‘мбисмæ дæр кæй нæ бахæццæ сты. Фарст афтæ уымæн æвæрын, æмæ уыцы политиктæ дыууæрдæм кафынц, æмæ афтæмæй адæмы дызæрдыджы хай кæнынц. Уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, ирон адæмæн дыууæрдыгæй дæр тæссаг у: Уæрæсейæн ис йæхи интерестæ алы фарсты дæр, æмæ йæ куы бафæнда, уæд нæ Гуырдзыстоны дзæмбыты фæуаддзæн, зæгъгæ. Иннæрдыгæй та афтæ дзурынц: Гуырдзыстон НАТО-йы скондмæ куы бацæуа, уæд нæ ныхмæ хæст расиддзысты. Ацы дыууæ фарстæн раттæн ис хуымæтæг дзуапп: Уæрæсейæн ис йæхи стратеги, æмæ уыцы стратегийы мах ахсæм зынгæ бынат. Дыккаг та уый, æмæ Гуырдзыстон НАТО-йы скондмæ куы бацæуа, уæддæр æй хъуыддаг уыдзæн Уæрæсеимæ. Уымæй уæлдай ма НАТО-йы сконды дæр ныртæккæ цæуы уæзгæ ивындзинæдтæ. Ацы организацийы стырдæр ахадындзинад кæй ныхасæн ис, уыдон рагæй фæстæмæ карзæй лæууынц Гуырдзыстоны бацыды ныхмæ НАТО-йы скондмæ.

Уæдæ иу æвзæр чындз алцы йæхимæ куыд æмбæрста, афтæ бирæ политиктæ дæр хъуыддæгтæ æмбарын кæнынц ирон адæмы ‘рдæм. Ацы хъуыддаджы фæдыл ма зæрдыл æрлæууы иу адæмон аргъау. Уыцы аргъауы уыд иу тæрсынгæнæн, æмæ-иу дзы исчи куы тарсти, уæд-иу æнахуыр дынджыр ныцци. Кæд æмæ дзы ничи тарст, уæд та-иу бампылди. Афтæ сты гуырдзыйы хабæрттæ дæр. Цас сæ нæ адæмы тæрсын кæнæм, уыйбæрц кæндзысты ныфс-джындæр.

Мах хъуамæ зонæм, уый фæдыл æрæджы Уæрæсейы президент Владимир Путин Федералон æмбырдмæ йе ‘рвылазон ныс-туаны цы загъта, уый. Йæ ныхас уыд комкоммæ:

«Зæгъдзынæн абон æргомæй æмæ комкоммæ, цæмæй нын уый фæстæ нæ ныхмæ мачи мацы æрхæсса, цæмæй алкæмæндæр рагацау æмбæрстгонд уа, ацы ран дзырд цæуыл цæуы, уый. Уæрæсейы бар-æнæбары дæр бахъæудзæн саразын æмæ райтынг кæнын хæцæнгæрзты ахæм хуызтæ, кæцытæй спайдагæнæн уыдзæн, нæ ныхмæ комкоммæ æртхъирæнтæ цы территоритæй цæуы, канд уыдоны ныхмæ нæ, фæлæ ма нæ ныхмæ махæн тæссаг ракетон комплекстæй спайда кæныны тыххæй фæндæттæ рахæссыны центртæ кæм сты, уыдоны ныхмæ дæр». Ацы ныхæстæ æваст апарахат сты интернет хызæджы, стæй сæ фæйнæрдæм фæхастой информацийы фæрæзтæ дæр. Уымæй фидардæр ны-хасæн нæдæр зæгъæн уыди, нæдæр – æрæмысæн. Гъе, æмæ уыйадыл цыма Уæрæсе лæгъстиаджы хуызæн никæмæ фæкæсдзæн, афтæ мæм зыны…

Стæй дæр ацы ран тас махæн цæй уынаффæгæнæг у! Уый бæсты хуыздæр нæу, нæ тугхъулон хъысмæты фæдыл, политикон фæтк куыд амоны, афтæ дзуапп æрдомæм аххосджынтæй, цæмæй уый фæстæ, нæ адæмы хъæдгæмттæ байгасгæнгæйæ, нæ фæндаг адарддæр кæнæм историйы фидæнмæ.  Науæд афтæ зыны, цыма Хуссар Ирыстон дунейы ныртæккæйы геополитикæйы у сæйраг архайæг, афтæмæй та йын тас у алырдыгæй дæр. Ацы фæзынд та хуыйны фоби. Хуыздæр уаид, ацы политикон фобитæ ныууадзын æмæ дунеон æмæхсæнадмæ бахатын, сæрæй цы ахсджиаг фарстыты кой ракодтон, уыдон аскъуыддзаг кæныны сæраппонд. Науæд уæрдон бæхы разæй куы уа, уæд кæдæм фæхæццæ уыдзæн!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.