Хуссар Ирыстоны медицинон кластеры тыххæй уынаффæ райстæуыд 2008 азы фæстæ УФ-йы Премьер-министр Дмитри Медведев æмæ уæды Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Татьяна Голикова Ирыстонмæ кусæгон балцы куы æрцыдысты, уæд.

Уæдæй нырмæ нæ къухдариуæгад, Уæрæсейы коллегæты æххуысæй архайы РХИ-йы медицинæ фæхуыздæр кæныныл. Фæзынд бирæ медицинон уагдæттæ, цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæн. Республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион програм-мæмæ бахаст æрцыд цалдæр медицинон уагдоны: реабилитацион центр, сывæллæтты рынчындон, гинекологон хайад, республикон гуырæн хæдзар, гемодиализон хайад, операцион комплекс.

Абон уыдонæй гом æрцыд сæ иу, сывæллæтты бирæпрофилон центр. Æнæмæнг уый суыдзæн сывæллæттæ бæрзондквалификациджын æххуыс кæм райсой, ахæм центр. Æртæуæладзыгон корпусы объект арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Аразгæ та йæ кодта арæзтадон фирмæ «СМТ-ЮГ». Ам цы куыстытæ арæзт цыд, уыдонæн æрвылхатт дæр уыд æмбæлон сметæйон документаци. Объекты иумæйаг фæзуат у 6 874 квадратон метры. Ис дзы дыууæ бацæуæн. Арæзт дзы æрцыд пандустæ каляскайы инвалидтæн. Фыццаг уæладзыджы ис службæйон хатæнтæ – регистратурæ, персоналы æмæ хъахъхъæнджыты хатæнтæ, дохтырты кабинеттæ æмæ лабораторитæ, УЗИ-йы, электрокардиографийы, рентгены, хосгæнæн физкультурæйы кабинеттæ, афтæ ма бассейн реабилитацион мадзæлттæн. Дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты дохтырты кабинеттæй дард-дæр ис иу æмæ дыууæ сынтæгтимæ палатæтæ, ис дзы ныййарæг æмæ саби иумæ кæм уой, ахæм палатæтæ дæр.

Пациентæн хæрзвадат уавæртæ аразыны нысанæн сын уыдзæнис хицæн хинайæнтæ, хиæхсæнтæ. Медицинон уагдоны администраци ис дыккаг уæладзыджы, æртыккаг уæладзыджы та – хирургион хайад. Хæлцадон блоктæ сты алы уæладзыджы дæр. Бæстыхайы ис æртæ лифты сæ иу адæмæн,  иннæтæ та – уæзтæ ласынæн.

Æрæджы РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти йæхимæ æрбахуыдта социалон фарстыты фæдыл Президенты уынаффæгæнæг Сиукъаты Радион, Финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ пенсион фонды сæргълæууæг Тасойты Азæйы. Афтæ ма Уæрæсейы пенсион фонды Алагиры хайады бæрнон кусджыты.

Æмбырды дзырд цыд бирæ ахсджиаг фарстытыл. Уыцы нымæцы пенситæ аразыны рæстæджы не ‘мбæстæгтæй бирæтæн нымад кæй не ‘рцыдысты сæ куысты стаж 1991 азæй 2002 азмæ. Хицауады Сæрдар бахæс кодта профилон ведомствæтæн, цæмæй уæлдæр загъдгонд фарстыл æмбæлонæй бакуыст æрцæуа.

Не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæн нæй Уæрæсейы Федерацийы æппынæдзухон регистраци. Уымæ гæсгæ сын вæййы проблемæтæ банг ВТБ сын хыгъд не ‘рбайгом кæны. Уый тыххæй дæр дзырд цыд æмбырды, ома кæй хъæуы фембæлын РСО-Аланийы банг ВТБ-йы хистæримæ, цæмæй æруынаффæ кæной ацы фарстыл.

Уымæй дарддæр ма Алагиры районы пенсион хайады специалисттæ куыд загътой, афтæмæй æнæмæнг хъæуы саразын РХИ-йы фæсарæйнаг паспорт-тæм гæсгæ пенсийы кары æмбæстæгтæн Цæгат Ирыстон-Аланийы фæсарæйнаг паспорттæ.

Æппæт ацы фарстытыл уынаффæ кæныны рæстæджы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти конкретон амындтытæ радта ацы фадыджы чи кусы, уыцы бæрнон адæймæгтæн: «Не ‘мбæстæгтæй пенси чи исы, уыдон хъуамæ сæ бартæй спайда кæной æппæтварсонæй. Уыдонæй иуæй-иу фарстатæ арæзт цæудзысты нæ паддзахады сæрмагонд ресурстæй пайдагæнгæйæ, иннæтæ та Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Уæрæсейы Федерацийы коллегæты æххуысæй. Уый тыххæй хъуамæ мацы ныхдуртæ уа, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы министрадтæ, ведомствоты ‘хсæн ахастытæ сты бæрзонд æмвæзадыл, – дзырдта Хъуылымбегты Доменти.

Уыцы фарстытыл куыстой Хуссар Ирыстоны пенсион фонд Цæгат Ирыстоны коллегæтимæ. Ныридæгæн, пенсион фонды хъусинагмæ гæсгæ, УФ-йы Советы Адæмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Тъотъоонты Алек-сандр Уæрæсейы Парламенты уæллаг палатæйы пленарон æмбырды, базонгæ кодта УФ æмæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы территорийыл цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенситы фидыны фæ-дыл бадзырды ратификацийы закъонимæ.

Уæ зæрдыл уын уын лæууын кæнæм, ацы документыл къухфыст кæй æрцыд 2016 азы, ноябры мæйы. Уыцы официалон документы загъдæуыд, зæгъгæ, Цæгат Кавказы зылды пенсийы нымадмæ йæ пенси кæмæн нæ хæццæ кæны, уыцы адæймæгты пенситæм ма бафтдзæн уæлæмхас æхца. Уыцы куыст цæудзæн этапгай, дыууæ азы дæргъы. 2016 азы 1 январæй фæстæмæ фыст æрцæудзæн пенсион фондæй, иумæйаг бæрцæй   18%, стæй 2017 азы 1 апрелæй фæстæмæ – уыцы бæрцæн йæ 18, 8 %. Ацы  хъуыддаг нæ хауы Уæрæсейы территорийыл иудадзыгон регистраци кæмæн ис, уыдонмæ. РХИ-йы Пенсион фонды сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй, бæрæггæнæнтæм гæсгæ ацы азы 1 январмæ пенситы бæрц Цæгат Кавказы ныртæккæ у 10 мин æмæ 410 сомы. Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æм-бæстæгты пенси та 7 мин æмæ 370 сомы. Афтæмæй уæлæмхасæн фиддонтимæ 2016 азæн рауайдзæн 854 сомы. 2017 азы азы – 1 809 сомы, 2018 азы 2 007 сомы æмæ 2019 азы – 2318 сомы.

Пенсион фонды ма куыд загътой, афтæмæй: «Ацы хæрдзтæ æвæрд æрцыдысты Уæрæсейы Федералон бюджеты: ацы азæн – 16 милуаны æмæ 677 мин, 2018 азтæн – 11 милуаны æмæ 706 мин сомы æмæ 2019 азæн – 11 милуан æмæ 486 мин сомы.

Уымæй дарддæр ма бæстон куыст цæуы Хицауады Сæрдар нын нæ разы цы фарстытæ æрæвæрдта, уыдоныл дæр».

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.