Хуссар Ирыстоны дарддæр реализаци цæуы Тыбылты Леониды хисæрмагонд программæ «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ. Кæцы сæрмагондæй здæхт у фидæны фæлтæрты æнæниздзинадмæ хъусдарыны нысанæн.

Ивгъуыд аз ацы программæмæ гæсгæ, канд республикæйы сæйраг горæт Цхинвалы не ‘рцыд арæзт спортивон æмæ тренажерон залтæ. Параллелонæй ахæм куыст цыд республикæйы районты центрты æмæ суанг хъæуты дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Президентæн иунæгæй йæ къухы кæй нæ бафтыдаид ахæм æнтыст, фæсивæд йæ фарсмæ куынæ æрбалæууыдаиккой, уæд. Æмзонд, æмхъуыдыгæнгæ, ныр нæ республикæйы цы спортивон фæзуæттæ æмæ тренажерон нырыккон спортивон инвентарæй ифтонг залтæ фæзынд, уыдоны æппынæдзух тренировкæтæ кæнынц фæсивæд.

Знон, 3-æм февралы Цхинвалы районы Ногхъæуы хъæууон администрацийы бæстыхайы фыццаг уæладзыджы байгом тренажерон зал. Зал сцалцæг кодтой хъæубæсты фæсивæд сæхи тыхтæй, спортивон тренажертæ та самал кодтой Президенты æххуысы руаджы.

Тренажерон зал гом кæныны церемонимæ æрбацыдысты Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан, Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей, афтæ ма хъæубæсты фæсивæд.

Президент раарфæ кодта хъæубæстæн æмæ сын загъта: «Фæнды мæ, цæмæй уæ хъæубæсты фæсивæд архайой спорты. Спортыл куы цайдагъ кæной, уæд уыдонæн уыдзæн хорз фидæн. Уæдæ, цæмæй нæ фидæн рæсугъд уа, уый тыххæй йыл хъæуы абон кусын æмæ хъуыды кæнын.  Фæнды мæ зæгъын нæ сывæллæттæн, цæмæй сæ рæстæг дзæгъæлы ма сафой, фæлæ æнæниз цардуагмæ се ‘ргом аздахой».

Хъæубæсты фæсивæдæн Президент баныфс æвæрдта, тренажертæй дарддæр ма сын кæй балæвар кæндзæн телевизор æмæ музыкалон центр дæр. Спортивон зал ног цалцæг кæд у, уæддæр йæ систæ иуæй-иу бынæтты уыдысты уымæл. Фæсивæд Президентмæ бахатыдысты, цæмæй бæстыхаймæ уагъд æрцæуа газ.  Тыбылты Леонид ныфс бавæрдта, сæ куырдиат æххæст кæй æрцæудзæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ программæ “Спорт в шаговой доступности” æххæст цæудзæн дарддæр дæр, куыд горæты фæлгæтты, афтæ  дæрддзæф хъæуты дæр. «Мах фæнды, цæмæй нæ республикæйы районты алыран дæр фæзыной спортивон объекттæ æмæ рæзгæ фæлтæрæн уавæртæ уа спорты архайынæн», – загъта Тыбылты Леонид.

Тъбеты хъæуы администрацийы сæргълæууæг йæ раныхасы бузныг загъта Президентæн, сæ фæсивæдæн сын ахæм лæвар кæй бакодта, уый тыххæй.

– Бирæ фарстыты фæдыл бахатæм мах нæ Президентмæ æмæ, гæнæнуæвгæйæ, уый нæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæны. Мах уый тыххæй стыр бузныг зæгъæм Леонид Харитоны фыр-тæн æмæ нæ ныфс ис, нæ разы цы проблемæтæ лæууы, уыдон дæр цадæггай иуварсгонд кæй цæудзысты. Мах æмбарæм, горæт иу бон кæй нæ сырæзы.

Фæсивæды минæвæрттæ дæр дзырдтой, сæ царды ма цы ахсджиаг скъуыддзагкæнинаг фарстытæ ис, уыдоны тыххæй. Хъæу горæтмæ хæстæг кæй ис, уымæ гæсгæ дæрддзæф хъæутæй йæ цæрджыты уавæртæ хуыздæр сты, фæлæ ма хорз уаид, канализацийы хахх дæр арæзт куы ‘рцæуид. Дзырдтой æндæр фарстыты фæдыл дæр.

Тыбылты Леонид куыд загъта, афтæмæй иу скъуыддзагкæнинаг фарст дæр æнæскъуыддзаг нæ баззайдзæн республикæйы Хицауады ‘рдыгæй. Ныртæккæ куыст цæуы 2018-2019 азтæн Инвестицион программæ бацæттæ кæныныл. Йæ фæлгæтты районты арæзт цæудзысты æртæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ, кæцыты фатертæ лæвæрд цæудзæн, сæйраджыдæр, æвзонг бинонтæн. Инвестпрограммæмæ хаст цы фарстытæ не ‘рцæуой, уыдон дæр цадæггай скъуыддзаг цæудзысты нæхи фæрæзты хыгъдæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.