Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы официалон балц Сириаг Арабаг Республикæмæ

Нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты хæдразмæ Хуссар Ирыстоны политикон царды æрцыд ахсджиаг цау – республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли официалон балцы уыд Сириаг Арабаг Республикæйы. Куыд хъусын кодтам, афтæмæй Бибылты Анатоли фембæлд Сирийы Президент Башар Асадимæ, къухтæ æрфыстой дыууæ бæстæйы æхсæн Хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй бадзырдыл, хайад райста æндæр ахсджиаг мадзæлтты.

Бибылты Анатолийæн йæ официалон балц рауад æндыгъд. Нæ газеты раздæры номыры цы информаци радтам, уымæй дарддæр ма йæ фæлгæтты цы цыдис, ууыл у нæ чысыл афæлгæст.

ФЕМБÆЛД СИРИЙЫ ПРЕМЬЕР-МИНИСТРИМÆ

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргъ-лæууæгыл фембæлгæйæ, Сирийы премьер-министр Имад Хамис ын, фыццаджыдæр, бузныг загъта, Хуссар Ирыстон Сирийы æвварс кæй хæцы, уый тыххæй. Мах, зæгъгæ, уымæн кæнæм стыр аргъ æмæ нæ, зæгъгæ, фæнды æндæр æмæ æндæр къабæзты æмгуыст кæнын. «Абон Сириаг Арабаг Республикæ тырны сабыр цардмæ, кæцыйы сæ бон у хайад райсын æрмæстдæр хæларадон бæстæтæ – Уæрæсе, Иран, Хуссар Ирыстон. Мах ма афтæ фæнды, цæмæй сириаг æмæ хуссарирыстойнаг компанитæн фадат уа Сири æмæ Хуссар Ирыстоны кусынæн», – загъта Имад Хамис. Уый ма йæ фæндон загъта, цæмæй къухтæ цы сразыдзинæдтыл æрфыстæуа, уыдон æввахсдæр рæстæджы æххæст кæнын райдайой. Йæ хъуыды загъта, цæмæй йæ бæстæйы бизнесы минæвæрттæ æрцæуой Хуссар Ирыстонмæ, зæгъгæ, бизнес-æхсæнад у активон, змæлаг æмæ йæ бон суыдзæн дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмахастытæ фæтагъддæр кæнын. Афтæ ма банысан кодта, экономикæ æмæ базарады къабæзты æмгуыстад Сири æмæ Хуссар Ирыстонæн фадат кæй рат-дзæн æртыккаг бæстæты базæрттæм рахизынæн.

Йæ рады Бибылты Анатоли бузныг загъта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадтой æмæ 2008 азы августы Сирийы позицийы тыххæй.

«Хуссар Ирыстон аргъ кæны Сирийы разамынады ахæм ахастæн. Нæ республикæ дæр Сириау рацыд æнгæс фæндагыл, сæмбæлдис хæстон агрессийыл, дывæр стандартты политикæйыл, санкцитыл. Махæн иугъуызон цæстæнгас ис, дунейы цы процесстæ цæуы, уыдонмæ æмæ нын æнцон уыдзæн кæрæдзийы æмбарын, партнертæ уæвын», – загъта уый.

Президент хорзыл банымадта Имад Хамисы инициативæтæ. Уынæффæ ма кодтой финансон къабазы æмгуыстады перспективæтыл дæр.

УЫДЗÆН ÆМГУЫСТАД ДЫУУÆ БÆСТÆЙЫ

ЗÆКЪОНДÆТТЫНАДОН ОРГАНТЫ ‘ХСÆН

Дыууæ бæстæйы закъондæттынадон органты ‘хсæн æмгуыстады перспективæтыл уынаффæ цыдис, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Сирийы Адæмон Советы Сæрдар Хаммид Сабагæн цы фембæлд уыд, уым.

Хаммид Сабаг куыд банысан кодта, афтæмæй Сири йе ‘мцæдисонты, сæйраджыдæр, та Уæрæсейы æххуысæй æппæт дæр аразы, цæмæй бæстæйы территори æххæстæй сыгъдæг æрцæуа террористон къордтæй. Уыимæ ссæрибаргонд районты адæм здæхынц сабырадон цардмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ бæстæйы разамынады ахсджиагдæр хæс у цæрджытæн, сæ цæрæн бынæтты æвæндонæй ныууадзын кæй бахъуыд, уыдонæн баххуыс кæнын æмæ цы ныппырх чындæуыд, уыдон фæстæмæ сæндидзын кæнын. Мах, зæгъгæ, кусæм ууыл, цæмæй Сири суа, хæсты размæ цахæм уыд, ахæм æмæ тырндзыстæм, цæмæй ноджы хуыздæр кæна.

Сирийы парламенты спикер дæр бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, терроризмы ныхмæ тохы се ‘вварс кæй хæцы æмæ банысан кодта, кæй фæнд кæны РХИ-йы Парламентимæ ахастытæ æрбæстон кæнын.

Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта, Сири кæй у дунеон культурæйы центр, йæ территорийыл цы культурон æмæ динон цыртдзæвæнтæ ис, уыдон хынцгæйæ.

«Æз федтон, уыцы культурон æргъадтæ кæй æнгом кæнынц æмæ æмразыдзинадмæ кæй кæнынц, ам чи цæрынц, уыцы æппæт динты минæвæртты. Æппæт прогрессивон адæймагады хæсыл нымайын ацы культурæйы куынæг нæ, фæлæ бахъахъхъæнын. Фæлæ, хъыгагæн, рагон культурæйæн ницы нысаниуæг дæттынц, террористы æвварс чи хæцынц, уыдон æмæ уымæй ахъаз кæнынц культурон объектты куынæг кæнынæн. Уый трагикон у, фæлæ размæ Сирийы адæмы тырнындзинад зонгæйæ, мæ ныфс ис, кæй сæм разындзæн тыхтæ æмæ фадæттæ сабырадмæ раздæхынæн», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстон кæй ахъаз кæндзæн Сирийы æндидзынад æмæ рæзтæн. Банысан кодта, Сирийы президент æмæ премьер-министримæ баныхæсты рæстæджы кæй сбæрæг кодтой, дыууæ бæстæйæн дæр пайда чи æрхæссой, ахæм фæндæгтæ æмæ фадæттæ. «Ныфс мæ ис, цæуыл бадзырдтам,  уыдоны æвварс куы рахæцой закъондæттынадон æмвæзадыл æмæ нæ парламентаритæ æмбæлон куыст куы бакæной, уæд мах фендзыстæм иттæг стыр фадæттæ нæ ахастытæ рæзын кæныны, куыд политикæ æмæ экономикæйы, афтæ закъондæттынадон æмвæзадыл дæр», – кæронбæттæны загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг.

БИЗНЕСЫ РÆЗТÆН – ÆМБÆЛОН ФАДÆТТÆ

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг фембæлд сириаг бизнес-æхсæнады минæвæрттимæ дæр, цыран уынаффæ цыдис дыууæ бæстæйы амалиуæггæнджыты æмгуыстады перспективæтыл. Хайад дзы истой базарадон-сæудæджерадон палатæты сæргълæуджытæ æмæ сæдæйы бæрц та сириаг бизнесментæ.

Бибылты Анатоли сын радзырдта, президент Башар Асад æмæ премьер-министр Имад Хамисимæ баныхæсты рæстæджы кæуыл уынаффæ кодтой, уыцы фадæттæ æмæ здæхтыты тыххæй æмæ банысан кодта, кæй ныхас кодтой кономикæйы æмгуыстады, иумæйаг куыстуæттæ саразыны перспективæты, базарады, банджы къабазы æмгуыстады фарстатыл, зæгъгæ, уыцы къабæзты махмæ ис æндæр бæстæтимæ æмархайды фæлтæрддзинад. Йæ хъуыдымæ  гæсгæ экономикон ахастытæ рæзын кæныны сæйраг нысаниуæг ис бизнесменты архайдæн, экономикæйы министрадтæ æмæ базарадон-сæудæджерадон палатæтимæ æмгуыст кæнгæйæ.

Сирийы æэкономикæйы министры хъуыдымæ гæсгæ Дамаск æмæ Цхинвал ма гæнæн ис кæрæдзийæн байгом кæной æртыккаг бæстæтæм рахизыны фæндæгтæ. Куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон фыццаджыдæр уыдзысты, Хуссар Ирыстонæн хорз ахастытæ кæимæ ис, уыцы бæстæтæ æмæ Сирийы ‘рдыгæй та сæйраджыдæр арабаг бæстæтæ.

Сириаг бизнесы минæвæртты цымыдис кодтой визæйы режимимæ, хатырон фиддонтимæ æмæ базарадæн гæнæнуæвæн логистикæимæ баст фарстатæ.

РХИ-йы Президент сын фехъусын кодта, дыууæ бæстæйы ‘хсæн цы Бадзырд арæзт æрцыд, уый фадат кæй дæтты æнæвизæйон режим бакæнынæн. Уымæй дарддæр ма экономикæйы къабазы сразыдзинадмæ гæсгæ нысан цæуы  кæрæдзийæн фидтонон ставкæтæ къаддæр кæнын, логистикон фæндæгтæ та, зæгъгæ, агурын хъæуы Уæрæсейы территорийыл. Загъдæуыд ма ахæм фæндон, цæмæй Дамаск æмæ Цхинвалы байгом уой дыууæ æдзухархайæг центры.

СРАЗЫДЗИНАД – БАЗАРАДОН-ЭКОНОМИКОН ÆМГУЫСТАДЫ ТЫХХÆЙ

РХИ-йы экономикон рæзты министр Кокойты Геннади æмæ САР-ы экономикæ æмæ базарады министр Самер Алхапил сæ къухтæ æрфыстой базарадон-экономикон æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл. Уый архайдзæн фондз азы æмгъуыдмæ æмæ дыууæ фарсы дæр бæрнджын кæны, цæмæй мадзæлттæ ист цæуа  дыууæ бæстæйы ‘хсæн базарадон æмæ экономикон æмгуыстад ифтонг æмæ разæнгард кæныны фæдыл.

Бæлвырддæрæй, Хуссар Ирыстоны хицауад йæхимæ хæс  исы, кæй ахъаз кæндзæн товарты импортæн лицензи райсынæн, мадзæлттæ кæй исдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны мидæггагон базары уæй кæнынæн Сирийæ ластцæуæг товартæ æмæ продукцийæн таможнæйон пошлинæты ставкæтæ 75 проценты фæкъаддæр кæныны фæдыл.

Ахæм хæстæ йæхимæ райста Сирийы хицауад дæр. Афтæ ма дыууæ фарсы разæнгард кæндзысты дыууæ бæстæйы кампаниты хайадист дунеон æмæ национ равдыстытæ æмæ армукъаты.

Кокойты Геннади æмæ Сирийы Дунеон æмгуыстад æмæ планкæнынады къамисы сæргълæууæг сæ къухтæ æрфыстой ноджы иу æхсæнхицауадон сразыдзинадыл – базарадон-экономикон, экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуыстады тыххæй. Йæ сæйраг хæстæ сты дыууæфарсон ахастытæ рæзын кæнын, дыууæ бæстæйы министрадтæ æмæ ведомствоты архайд координаци кæнын, экономикон, сæудæджерадон æмæ аграрон политикæйы фарстаты фæдыл консультацитæ уадзын, дунеон бадзырдтæ аразынæн барадон бындуртæ аразын.

ХÆРЗБОН, СИРИ

Ууыл фæцис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы официалон балц Сирийы Арабаг Республикæмæ. Фæстæмæ здæхæн бон Хуссар Ирыстоны делегацимæ æрбацыд президент Бшар Асад. Дыууæ бæстæйы лидертæ фембæлдысты æнæофициалон уавæры.

Аэропорты Хуссар Ирыстоны делегацийы фæндараст кодта Сирийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Валид Муаллем.

Зæрдыл лæууын кæнæм, хуссарирыстойнаг делегацийы  сконды кæй уыдысты РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, экономикон рæзты министр Кокойты Геннади æмæ æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министр Тадтаты Алан.

***

Сиримæ нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы официалон балц, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæнхъæлæджы нæ уыд. Куыд зонæм, афтæмæй уымæй размæ, 29 майы, ацы арабаг республикæ банымадта нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинад, уымæ гæсгæ ныр та дыууæ бæстæйы ‘хсæн арæзт æрцыдысты дипломатон ахастытæ, къухтæ æрфыстæуыд Хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй бадзырдыл, æндæр æмæ æндæр къабæзты сразыдзинæдтыл.

Сири у, цалдæр азы терроризмы ныхмæ чи тох кæны, ахæм бæстæ æмæ абон кæд зын уавæры ис, уæддæр дунеон политикæйыл йе ‘ндæвдад зынгæ у. мах уырны, ацы бæстæ æппæт зындзинæдтæн дæр кæй бафæраздзæн, фæстейæ кæй баззайдзысты æмæ рæзты фæндагыл кæй ныллæудзæн. Махæн дæр ахсджиаг у, Æввахс Хурыскæсæны кæй фæзынд, нæ хæдбардзинад нын чи банымадта, ахæм бæстæ æмæ къухтæ цы бадзырдыл, сразыдзинæдтыл фыст æрцыдысты, уыдон хъуыддагæй æххæст кæй цæудзысты.

Йæ рæстæджы Петр фыццаг, Петербургæн бындур æвæргæйæ, загъта, уымæй рудзынг кæй айгæрддзысты Европæмæ. Махæн дæр нæ бон у зæгъын, кæй нын байгом рудзынг Æввхас Хурыскæсæнмæ æмæ нæ Сирийы фæстæ æндæр бæстæтæ дæр кæй банымайдзысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.