Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ æмæ арендатортæ цы куыст бакодтой, уымæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй хæдзарадтæ ацæугæ аз фæззыгæнд мæнæу æдæппæт байтыдтой 17 гектары æмæ сæ тыллæг та рауад 160 центнеры. Хъæбæрхоры культурæ байтыдта æрмæстдæр «Икъорта»-йы хæдзарад – 30 га æмæ дзы тыллæг та æркодта 200 ц. Уалдзыгæнд мæнæу байтыдта «Аз»-ы хæдзарад æмæ дзы тыллæг бафснайдта 62 ц, уалдзыгæнд хъæбæрхоры культурæ  Къостайыхъæуы арендатортæ байтыдтой 99 гектары фæзуатыл æмæ сæ тыллæджы иумиаг бæрæггæнæн уыд 693 ц. «Тъбет»-ы фермерон хæдзарадæн тыд уыд 15 га æмæ дзы райста 150 ц, «Алан» байтыдта 20 га æмæ йæ тыллæг та рауад 120 ц, Зæгъойты А. арендæ 15 га фæзуатæй æркодта 40 ц æмæ «Цъунар»-ы хæдзарад та 10 гектарæй тыллæг æркодта 90 ц. Æдæппæт районы 7 хæдзарады байтыдтой167,5 га æмæ тыллæг та райстой 1149 центнеры. Нартхоры культурæ Бибылы фырты хæдзарад «Цъунар» байтыдта 4 га æмæ йæ тыллæгæрконд уыд 27 ц.Сысджы иууыл иумæ байтыдæуыд 13 га æмæ дзы тыллæг та райстой 110 ц. Холлагон культурæ чумиза «Тъбет»-ы фермерон хæдзарад байтыдта 25 га æмæ Æлборы фырты зæхкусæгон-фермерон хæдзарад та 11 га. Уымæй размæ азты «Виктория», «Икъорта», Зæгъойты А. арендæ, «Тын» æмæ «Боныцъæх» Ирыхъæуæн люцернæ тыд æрцыд 30,5 га, афтæ ма цыппар хæдзарады та эспарцет байтыдтой 20 гектары.

             ФОСДАРДЫ КЪАБАЗЫ

Зонæнтæм гæсгæ фосдарды куыст кæнынц 10 хæдзарады æмæ иууыл иумæ се стурты нымæц у 289, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 147. Хицæнтæй сисгæйæ, иууыл фылдæр стуртæ дары «Арцеу»-ы хæдзарад æмæ сæ нымæц  у 100, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 44. Фылдæр стуртæ ма нымадæуы ахæм хæдзарадты, куыд «Тъбет» – 84, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 37, «Алан»- 41, хъуццытæ та сты 25, «Тын»-мæ ис 20 стуры æмæ се ‘ппæт дæр сты хъуццытæ. Фылдæр стуртæ ма цы хæдзарадтæ дарынц, уыдон нымæцмæ ноджыдæр хауынц «Фат», «Цъунар» æмæ «Виктория». Зæгъын хъæуы, районы фысдарды куыст кæй кæны æрмæстдæр «Алан»-ы хæдзарад æмæ сæ нымæц хæццæ кæны 200 сæрмæ. Ацы хæдзарадмæ ма бæхтæ ис 6, мæргътæ 100 æмæ уæрыччытæ та 100.

   Родты нымæц районы хæдзарадты у 69. Ацы ран «Тъбет»-ы хæдзарад у иууыл раззагдæр – 37. Кæсагдарды куыст та кæны фермерон хæдзарад «Форель» æмæ сæ нымæц у 5000.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.