2-æм декабры нæ республикæйы цæрджытæ банысан кодтой бангы кусæджы бон. Вазыгджын уагдоны кусджытæн сæ бæрæгбон нырма æрыгон у — нысан кæнын æй райдыдтой дыууæ азы размæ. Куыд йыл æмбæлынц, уый тыххæй информацион агентад «Спутник»-ы журналисттимæ йæ фембæлды рæстæджы радзырдта Национ бангы сæрдар Джиоты Жаннæ.

Йæ ныхас райдыдта хорз, æхсызгон хабарæй, зæгъгæ, нæ клиенттæй бæрæгбоны агъоммæ бон бангы лæггæдтæй чи спайда кодта, уыдон хайад райстой бæрæгбонон лотереяйы. Лототроны руаджы клиенттæй æвзæрст æрцыдысты 12 адæймаджы æмæ се ‘хсæн та цы рамбылдтой, уыдон уыдысты: смартфонтæ, планшеттæ, рыгцъирæнтæ, монетæтæ, сæйраг приз та уыд — ноутбук. Уымæй дарддæр ма бæрæгбоны, Национ банджы бæстыхайы байгом сæхи уагъд монетæты равдыст. Уыдоны ‘хсæн уыд сыгъзæринæй арæзт дæр — «Нарты куывд», зæгъгæ.

Бæрæгбонон мадзæлттæй сæ иу уыдис Хуссар Ирыстоны университеты инженерон-экономикон факультеты студенттимæ фембæлд. Уыдон фæхуыдтой Национ бангмæ, азилын сæ кодтой агъуысты æмæ базонгæ сты йæ хайадтыл æмæ уый фæстæ сæ тæлмæнтæ дзырдтой кæрæдзийæн. Джиоты чызг куыд загъта, афтæмæй Национ банг æмæ университетæн ис æнгом бастдзинæдтæ. Æрвылаз дæр ацы факультеты хуыздæр студенттæй æртæйæн Национ банг снысан кæны фæйнæ 5 мины стипенди.

Куыстмыздтæ фидыны фæдыл проек-ты фæлгæтты 2013 азæй фæстæмæ уыдон биноныг кæнын райдыдтой картæ «Золотая корона», зæгъгæ. Фæстæдæр та национ банг æрбаиу фидыны системæ «Мир»-мæ. Æмæ ныртæккæ республи-кæйы уыцы системæйы лæггæдтæй пайда кæнынц 12 мин адæймагæй фылдæр. Уыимæ ма «Мир»-ы фæлгæтты банг лæггад кæны 40 организацийæ фылдæрæн, сæйраджыдæр бюджетон организацитæн. Банг цы картæтæ дæтты, уыдонæй пайдагæнæн ис куыд Уæрæсейы, афтæ æввахс фæсарæнты хицæн бæстæты дæр. Картæ «Мир»-ы руаджы Уæрæсейы Федерацийы бафидæн ис Мегафоны лæггæдты аргъ дæр. Дыууæ мæйы размæ баиу кодтой СМС-ы руаджы информаци райсыны тыххæй лæггæдтæ æмæ йæ руаджы базонæн вæййы кар-тæйы баланс.

Клиентты æнцонвадатæн Цхинвалы æвæрд æрцыд 13 банкоматы. Иу банкомат та сæвæрдзысты юстицийы министрадмæ бахизæны.

Национ банджы сæйрагдæр здæхтытæй сæ иу у юридикон цæсгæмттæн кредиттæ дæттын. Æрмæст ацы аз кредиттæ радтой 317 миллуан сомы 57 клиентæн. Уыдонæй 5 сты паддзахадон унитарон куыстуæттæ. Юридикон цæсгæмттæн кредиттæ дæттыны гуырахст азæй азмæ фылдæр кæны æмæ уый та баст у кредитон ресурстæй пайдагæнджытæ кæй фылдæр кæнынц, уыимæ.

Джиоты чызг дарддæр æрдзырдта Национ банг зæрдылдарæн монетæтæ уадзыны фæдыл цы куыст кæны, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы куыст банг райдыдта 2013 азы, Зассеты Феликс йæ сæрдар куы уыдис, уæд. Уый фæдыл ис сæрмагонд закъон, кæцымæ гæсгæ æрзылды цæуын райдыдтой зæрдылдарæн монетæтæ æндæр æмæ æндæр хуыз згъæртæй. Фыццаг цы зæрдылдарæн монетæ рауагътой, уый уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 5 азы сæххæсты цытæн. Абоны бонмæ Национ банг æдæппæт рауагъта æндæр æмæ æндæр тиражтæй 29 монетæйы. Уыдонæй 5 сты сыгъзæрин æмæ 24 та — æвзист. Арæзт цæуынц Уæрæсейы æмæ Санк-Петербурджы. Нæ горæтыл 1760 азы кæй æххæст кæны, уымæ гæсгæ ацы цау дæр банджы кусджытæ сæ иувæрсты нæ ауадздзысты. Фæнды сæ уыцы бонмæ дæр æвзист монетæ саразын. Фидæнмæ та сæ зæрды ис, цы монетæтæ рауагътой, уыдоны каталог ирон-уырыссаг æвзæгтыл саразын. Афтæ ма сæ пъланы ис нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 15 азы сæххæсты æмæ нæ Рухс Кувæндæтты цытæн монетæтæ рауадзын.

Бестауты Валя