21-æм апрелы йæ 70 азы юбилей банысан кодтаид зынгæ ирон богал, Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сослан. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн. Уый æгъатыр мæлæт не ‘хсæнæй атыдта 2018 азы 22-æм ноябры 66-аздзыдæй дæргъвæтин рынчыны фæстæ. Ирыстоны спорты историйы фыццаг Олимпион чемпион Андиаты Сослан Петры фырты йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой 5 мин адæймагæй фылдæр. Фыдохы церемони уагъд æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры.

Советон Цæдисы спорты мастер, йæ рæстæджы тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта, уыцы зындгонд ирон богал Андиаты Сослан райгуырд 1952 азы 21 апрелы Дзæуджыхъæуы. Йæ фыд Петр Ахмæты фырт, кæцыйæн йæ уæз уыд 135 кг æмæ йæ бæрзæнд та – 2 метр æмæ 18 см, тынг уарзта хъæбысхæсты спорт. Сосланмæ уыдысты æппæт миниуджытæ дæр, цæмæй суыдаид дунеон къласы хъæбысæйхæцæг: бæрзонд, рæхснæг, тыхджын æмæ сæйраджыдæр та – хъуыдыджын. 17-аздзыдæй Сослан рамбылдта бæстæйы чемпионат, æмæ уый фæстæ та ссис æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпион. Сосланæн йæ бæрзæнд уыд 1 метр æмæ 98 см æмæ йæ уæз та – 112 кг.

Олимпион хъæзтыты (Монреаль – 76 æмæ  Мæскуы – 80 азы) дыууæ уæлахизы, дунейы чемпионатты 4 сыгъзæрин майданы, Советон Цæдисы чемпионатты 7 уæлахизæй дарддæр ма Сосланы активы уыдысты Европæйы чемпионатты, Дунейы кубокты, Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы адæмты спартакиадæты къорд уæлахизы. Уыимæ ма Сослан уыд Ирыстоны Олимпиадæйы бæрзæндты фыццаг басæттæг. Æмæ æрмæст уыдон нæ. Уый уæгъдибар хъæбысхæсты уæззау уæзты тохмæ ба-хаста ног эстетикæ. Хистæр кары спортсменты ‘хсæн 1973 азы Тегераны уагъдцæуæг дунейы чемпионаты Сослан егъау тæлмæнтæ ныууагъта спортуарзджыты зæрдæты.

Уый гауызыл æрмæст хæцгæ нæ кодта, фæлæ ма спортуарзджытæн æхцондзинад хаста йæ диссаджы архайдæй. Андиаты Сослан йæ ныхмæлæуджытыл куыд æнцонтæй æмæ аивæй уæлахиз кодта, уымæй дисы æппæрста уæгъдибар хъæбысхæсты специалисттæ æмæ спортуарзджыты бирæнымæц аудиторийы. Уæззау уæзы йæ размæ ахæм техникæимæ ничи уыд. Фанатикон æгъдауæй хъæбысхæст чи уарзы, уыцы ирайнæгтæ-иу ын лæугæйæ хъæр кодтой йæ ном æмæ-иу ын тыхджын къухæмдзæгъд кодтой.

1970 азы Советон Цæдисы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Юрий Шахмурадов йæ мысинæгты дзуры, зæгъгæ, Сосланæн йæхи уæз кæд æрмæстдæр 112 кг уыд, уæддæр уый æвиппайды йæ сæрты фехста, йæ уæз 220 кг кæмæн уыд, уыцы америкæйаг богал Крис Тейлоры 15 мин спортуарзæджы цæстыты раз. Ацы хъуыддаг æрцыд дунейы Кубокы америкæйаг горæт Толидойы. «Рахызтысты гауызмæ… Сосланæн фæтарстыстæм. Уый Тейлоры раз лæууыд, куыд стыр къæдзæхы раз, афтæ. Фæлæ иу цъус рæстæджы фæстæ «Хох» сындæггай æрхаудта гауызмæ».

Бирæ зындгонд спортсментæ æмæ спортивон архайджытæ Андиайы фырты хуыдтой уæгъдибар хъæбысхæсты рæсугъддзинад. Æппæт дунейы зындгонд специалисттæ йæ хуыдтой хъæбысхæсты эталон. Уый ссис цæвиттойнаг мингай лæппутæн. Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Таймæзты Артур загъта, зæгъгæ, гыццыл лæппу куы уыд, уæд бæллыд Андиаты Сосланы хуызæн суæвынмæ. Куыд амондджын уыдтæн, турниры кæй фæуæлахиз дæн, уый тыххæй мын Сослан йæхæдæг приз кæй радта, уымæй». Уый абоны онг дæр Андиайы фырты нымайы, табу кæмæн кæны, ахæм адæймагыл. Бæстæйæн иууыл зындæр, уæззаудæр рæстæджыты слæууыд Цæгат Ирыстоны спорты паддзахадон комитеты сæргъ,  йæ бон ссис Ирыстоны спортивон скъолатæ бахъахъхъæнын æмæ уымæй сифтонг кодта ирон хъæбысæйхæцджыты, штангистты, гимнастты, футболистты фидæны стыр æнтыстытæ. Йæ къухдариуæгады рæстæджы фæзындысты спорты ног хуызтæ, куыд тхэквондо, кикбоксинг, ушу, сумо… Уый стыр лæггæдтæ бакодта æмæ йе стыр хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны спортивон царды рæзты хъуыддагмæ дæр.

Джиоты Руфин, Спорты фарстаты фæдыл РХИ-йы Президенты æххуысгæнæг: «Сосланимæ рагæй зонгæ уыдтæн, рагæй фæстæмæ цардыстæм хæларæй. Æвæццæгæн, дыууæ Ирыстоны дæр стæмтæ разындзысты ахæмтæ, кæцытæ нæ фехъуыстой Андиаты Сосланы сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уый Хуссар Ирыстонæн йæ уæззау рæстæджы бакодта æгæрон лæггæдтæ спорты размæцыды хъуыддаджы. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ уый куыстмызд кæй фыста хуссарирыстойнаг тренертæн, цæмæй скъолатæ сæ куыст дарддæр кодтаиккой. Хъуыды кæнын уый дæр, æмæ иу хатт хуссарирыстойнаг тренертæн æрмæст иурæстæгон æххуыс бакодта 20 мин сомы. Уæды барæнтæм гæсгæ уый уыд егъау суммæ, егъау æххуыс. Æрласта-иу спортивон инвентарь дæр. Тынг хæларæй цард уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны спорткомитеты сæргълæууæг Хъуылымбегты Барисимæ (абон дзæнæттаг). Зæгъæн ис афтæ, æмæ йæ хæрзиуæгон архайды руаджы Хуссар Ирыстоны спорткомитет де-факто кæй ссис Цæгат Ирыстоны спорткомитеты филиал. Хуссар Ирыстоны вазыгджындæр политикон æмæ экономикон уавæрмæ нæ кæсгæйæ, спортивон аренæйы бæрзæндтæм схызтысты ахæм стъалытæ, куыд Богъиты Вадим, Лалыты æфсымæртæ, футболисттæ Тедеты Бахва, Джиоты Инал, боксертæ Зæгъойты Игорь æмæ æндæртæ. Иннæ ахæм, Сослан уыд тынг хæларзæрдæ æмæ адæмуарзаг. Зæрдæхæлардзинад ын æрдзæй ратгæ уыд. Иу дзырдæй, егъау сты Андиайы фырты лæггæдтæ Хуссар Ирыстоны адæмы раз. Андиаты Сосланы хъæппæрисæй фыццаг хатт спорты историйы, 1995 азы уагъд æрцыд æнусы матч уæгъдибар хъæбысхæстæй Ирыстон æмæ Дунейы æмбырдгонд командæты ‘хсæн. Матч рамбылдта Ирыстоны æмбырдгонд командæ 6:4 хыгъдæй. Сослан тынг бирæ уарзта Хуссар Ирыстоны. Æгæрыстæмæй-иу бирæ хатт дунеон ерыстæм дæр ацыд Хуссар Ирыстонæй. Куыд дзырдта, уымæ гæсгæ, зæгъ, Ирыстоны хуссарæй куы ацæуын, уæд, дам, алы хатт дæр мæ къухты бафты уæлахиз. А-дунейæ йæ æнæрæстæджы ацыд стыр маст æрхаста ирыстойнаг адæмæн. Уый уыд Ирыстоны фарны лæг».

Андиаты Сослан уыд РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы сгуыхт тренер, физикон культурæйы сгуыхт кусæг, Адæмты хæлардзинады дыууæ ордены æмæ «Фæллойы Сырх тырысайы» ордены кавалер.

21-æм апрелы ирон адæмы уарзон, легендарон богал Андиаты Сослан Петры фырты райгуырдыл сæххæст 70 азы. Бæргæ та банысан кодтаид йæ юбилей, фæлæ… Рухсаг у!

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.