Æбæрæгæй сæфт адæймæгты дунеон боны цытæн нæ республикæйы 30-æм августы Мады Майрæмы аргъуаны цур цы сквер ис, уым уагъд æрцыдис фоторавдыст «Воспоминание» æмæ акци «Подари незабудку», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Ацы мысæн мадзалы хайад райстой нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат, РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт, РХИ-йы Президенты цур адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл æххæстбарджын Тасойты Инал æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Мадзалмæ сæрмагон-дæй æрбацыдысты, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдонæн сæ бинонтæ æмæ хæстæджытæ.

Акци бацæттæ кодтой нæ республикæйы уæвæг Сырх Дзуары Дунеон комитет æмæ паддзахадон комитет «Надежда».

Фоторавдысты уыдис бирæ нывтæ. Алы нывæн дæр дзы ис йæхи истори æмæ сæрмагонд хъысмæт. Алкæцы дæр сæ дзурæг у, æбæрæгæй сæфт чи фесты, уыдон трагикон хъысмæты фæдыл. Уыцы нывтæм кæсгæйæ æбæрæгæй сæфт адæймæгты хиуæттæн ногæй æрлæууыдысты сæ зæрдыл æмæ ногæй хъынцъым кодтой, бирæ азты дæргъы кæугæ дæр кæуыл кæнынц, æмæ уыцы-иу рæстæджы, кæуын дæр кæуыл нæ фæуæндынц, уыдон. Зын у, тынг зын у ацы хъуыддаг. Ирон адæм рагæй фæстæмæ дæр стыр кадыл нымадтой æмæ нымайынц мард бавæрыны æгъдау. Нæ фыдæлтæм кæддæриддæр æгадыл нымад цыдис мард буар искуы, дзæгъæлæй ныууадзын … Уæдæ куыд кæнынц абон æбæрæгæй сæфт адæмы бинонтæ, хиуæттæ?.. Æнхъæлмæ кæсынæй зындæр ницы ис. Уыдонæн бирæ азты дæргъы, куыд фæзæгъынц, сæ цæстытæ ныурс сты се ‘ввахс адæммæ æнхъæлмæ кæсынæй. Сæ цæстысыгтæ никуы басур сты, сæ зæрдæты бады стыр хъыг æмæ трагеди, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр сæ ныфс нæ сæтты æмæ сæ уырны, æбæрæгæй сын чи фесæфт, уыцы зынаргъ адæмæй исты кæй базондзысты, кæй фехъусдзысты. Ахæм хъуыды æмæ ахæм бæллиц æнгом кæны æппæт ацы адæмы. Уыдонæн сæ рис сæхицæй тынгдæр ничи зоны æмæ æнкъары. Афтæ кæй у, уый фæдыл дæр уымæн æрцыдис арæзт комитет «Надежда». Уымæн йæ сæргъ лæууы Куыдзеты Лидæ. Уый нын куыд радзырдта, афтæмæй «Надежда» регистраци æрцыдис 2015 азы декабры мæйы.

Æбæрæгæй сæфт адæймæгты хиуæттæм нæ республикæйы къухдариуæгадæй хъусдард здæхт кæй цæуы æмæ сын сæ рисыл кæй риссынц, уый фæдыл дзырдта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. «Гуырдзиаг-ирон конфликты, ома, 1989-1992 æмæ 2008-æм азты чи фесæфта сæ бинонты, уыдон фарсмæ мах хъуамæ æрбалæууæм. Чизоны, стыр Хуыцау ацы адæмæн баххуыс кæна æмæ кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдон искуыцæй фæзыной. Зын у ссарын ахæм ныхæстæ, кæцытæ æрсабыр кæной уыцы бинонты, кæцытæй фæиппæрд сты, фесæфтысты сæ уарзон хъæбултæ, хæдзардарджытæ, ныййарджытæ. Уыдон æвæдæй фесæфтысты ацы зæххæй æмæ сæ фæдыл кæдæм бацæуæм æмæ сæ кæм æрцагурæм, гъе, та сын сæ рухс ном дæр кæм ссарæм, уый дæр нæ зонæм. Ацы бинонтæ цæрынц ахæм ныфсытимæ, ома, сæ исты кæд базониккой. Тынг зын хъуыддаг у. Ноджыдæр ма йæ зæгъын, Хуыцау сын уыцы амонд радтæт æмæ сæ бæллицтæ цы сæххæст уой», – загъта Хъуылымбегты Доменти.

Дарддæр ма мадзалы раныхас кодтой Сырх Дзуары Дунеон комитеты сæрдар Нальан Антмен. Уый сæрмагондæй æрдзырдта сæ куысты фæдыл æмæ бузныджы ныхæс-тæ загъта æппæт уыдонæн, кæцытæ се ‘ххуысы къух фæдардтой, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны ссарыны хъуыддагмæ.

Æбæрæгæй сæфт адæймæгты номыл арæзт комитет «Память и надежда»-йы сæргълæууæг Куыдзеты Лидæ ма нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы комитет саразыныл архайдтой фондз азы дæргъы. «Ацы организаци фидаргонд æрцыдис хицауады. Горæтæй дарддæр ма нын районты дæр ис бæрнон адæймæгтæ, кæцытæ нын хъуамæ æххуыс кæной нæ куысты. Махæн, сæйраджыдæр, нæ куыст баст у, цæмæй агурæм æбæрæгæй сæфт адæймæгты. Æз мæхæдæг дæр 91-æм азты фесæфтон мæ цардæмбалы æмæ мæ уыцы     хъуыддагмæ дæр мæ трагеди сразæнгард кодта. Кæд мах чысыл рохуаты аззадыстæм, уæддæр нæ ныфс ис æмæ сабыргай нæ хъуыддаг размæ кæй цæудзæнис. Махæн баххуыс кæны РХИ-йы Президенты цур адæймаджы бартæ хъахъ-хъæныны фæдыл æххæстбарджын Тасойты Инал.

Ныртæккæ сæ куыд нымайæм, уымæ гæсгæ сæ нымæц хизы 140 адæймаджы онг.

Зæгъæм, 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы чи фесæфтис, уыцы æвзонг лæппу Тедеты Маир Ефимы фырты фæдыл куы куыстам, уæд сарæзтам ДНК-тæ дæр. 2010-æм азы æз æртымбыл кодтон 80 ДНК-йы æмæ уыдонæн се ‘хсæн уыдис Тедеты Маиры фырты ДНК дæр. Ацы сывæллон фæсидзæр ис гуыбынмæ. Маир мæлæтдзаг цæф фæцис 12-æм скъолайы цур цы хæстон архайдтытæ цыдис, уыцы ран.

Арæх мын вæййы фембæлдтытæ, æбæрæгæй сæфт адæмы фæдыл куыст чи кæны, уыцы хайады кусджытимæ. Уыдонæн мæ фæнды стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын, кæй нын баххуыс кодтой ДНК-тæ саразынæн. Цалдæр азы нын фæд-фæдыл баххуыс кæнынц, цæмæй æбæрæгæй сæфт адæмы бинонтæй улæфынмæ арвитæм Уæрæсейы Федерацийы курорттæм. Уымæй дарддæр нын ДНК-тæ дæр сарæзтой æнæаргъæй. Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины фондæй сын хицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ. Сырх Дзуары Дунеон комитетимæ бафыстам сразыдзинад.

Уымæй дарддæр ма махæн нæ куысты æххуыс кæнынц волонтертæ æмæ нæ университеты журналистикæйы факультеты студенттæ. Мах уыдонæн ауагътам цалдæрбонон тренингтæ. Фæсарæнтæй нæм æрцыдысты ахуыргæнджытæ æмæ сын кастыты лекцитæ.

Уыдон нын æрæмбырд кодтой сæ цæрæнбонты бæрæггæнæнтæ æбæрæ-гæй сæфт адæмы тыххæй. Нæ куыст домы уый, цæмæй мах æрæбырд æбæрæгæй сæфт чи сты, уыдон ам, нæхимæ ма куы уыдысты, уæд куыд цардысты, цы архайдтой, цахæм уыдис, куы фесæфт уæд куыд конд уыдис æмæ æндæр ахæм информацитæ. Уый стыр куыст у æмæ нæм ныридæгæн ис цалдæр адæймаджы анкетæйы. Æз мæхæдæг дæр ахæм анкетæтæ æрæбырд кодтон цалдæр æмæ сæ радтон Мæскуымæ. Семæ сты анализтæ дæр.

Тедеты Маиры дæр сбæрæг кодтам уæлдæр кæй кой кодтам, уыцы анализы фæрцы. Уымæ гæсгæ йын йæ мардбуар дæр æрластам æмæ йæ йæ бинонтæ ба-вæрдтой йæ райгуырæн хъæу Малдайы.

Уымæй дарддæр ма материалон æххуыс цæуы ацы бинонтæн. 8-æм марты дæр сын сæ ном æрхъуыды кæнын. Экскурситы сæ акæнын, уыдыстæм Уæлладжыры комы сылгоймæгты моладзандоны, афтæ ма уыдыстæм нæлгоймæгты моладзандоны дæр. Уый тыххæй нын баххуыс кодта Сырх Дзуары комитет. 2 хатты та уыдыстæм Абхазы улæфынмæ. Ацы аз та ацыдыстæм Джеры дзуармæ 40 адæймагæй», – радзырдта Куыдзеты Лидæ.

Мадзалы кæрон ма организатортæ æрæмбырдуæвджытæн балæвар кодтой чысыл хуызджын «Незабудкæтæ» æмæ сæ фæндаг кодтой фоторавдыстыл.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.