Стыр Октябры революцийыл 105 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзал ауагътой Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны. Хайад дзы райстой фæллойы, партийы, фæскомцæдисы, гарзджын тыхты, æдасдзинады службæйы, профцæдисон змæлды ветерантæ, скъолаты ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Мадзал райдыдта ССР Цæдисы гимнæй.

Хистæр кары адæм хорз зонынц Стыр октябры революцийы истори, фæлæ фæсивæдæй бирæтæн уæды дуджы хабæрттæ зындгонд не сты æмæ уый бахынцгæйæ, горæты компартийы фыццаг секретарь Габиты Ульянæ цыбыртæй радзырдта 7-æм ноябры истори. Банысан кодта ССР Цæдисы ныппырхы аххосæгтæ, афтæ ма ацы бæрæгбон советон адæм хъæлдзæгæй куыд нысан кодтой, æппæт уыдæттæ.

«1917 азы 7-æм ноябры Петрограды растадонтæ бацахстой Зымæгон галуан, раппæрстой рæстæгмæ хицауады æмæ расидтысты Советты хицауад. Революцийы идеологийы бындур хуымæтæг уыд. Уый уыд ног паддзахады — кусджытæ æмæ зæхкусджыты хицауад. Бæрæгбоны символ уыд сырхгъуыз», — банысан кодта Габиты Ульянæ.

Уый радзырдта, уæдæй фæстæмæ 7-æм ноябрь нымад кæй цыд бæрæгбоныл. Бæрæгбон уыд æппæтадæмон. Уыцы бон Советон Цæдисы горæтты фæллойгæнджытæ хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ транспаранттæ æмæ сырх тырысатимæ цыдысты демонстрациты, уагътой æфсæддон парадтæ, алы хæдзарæй, алы уынгæй хъуыстысты музыкæйы зæлтæ.

«Ноябры 7 æмæ 8-æм бонтæ нымад уыдысты улæфты бонтыл. Фæлæ, стыр хъыгагæн, ацы бæрæгбоны истори фæцис 1991 азы — ССР Цæдисы ныппырхимæ. Уый фæстæ дæр ма цасдæр нымад уыд паддзахадон бæрæгбоныл, адæм æй стыр æхсызгонæй нысан кодтой, фæлæ 2005 азæй фæстæмæ улæфт боныл нымад нал у», — загъта уый æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, кæд абон 7-æм ноябрь паддзахадон бæрæгбоныл нымад нал у, кæд æй хицауиуæгады æмвæзадыл нал нысан кæнынц, уæддæр рох кæнын нæ хъæуы нæ историйы æмæ нæ царды æнæхъæн дуг.

Уый фæстæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгты иу къорды цытджын æгъдауæй райстой пионерты рæнхъытæм, сырх галстуктæ сыл бабастой республикæйы компартийы сæрдар, Коцты Станислав, республикæйы компартийы централон комитеты фыццаг секретарь Уырыгаты Инал, компартийы централон комитеты секретарь Кокойты Асиат æмæ Габиты Ульянæ.

Банысангонд скъолайы 9-æм къласы хуыздæр ахуырдзауты та райстой фæскомцæдисы рæнхъытæм. Кокойты Асиат сын арфæтæ æмæ æнтыстыты фæндиæгтимæ радта фæскомцæдисы билеттæ.

Уый фæстæ Галуаны сывæллæттæ аив сæххæст кодтой музыкалон номыртæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.