27-æм марты æгас дуне нысан кодтой Театры дунеон бон. Ацы бæрæгбон банысан кодтой нæ республикæйы дæр. Уый цытæн цытджын мадзалмæ Профцæдисты хæдзармæ æрбацыдысты театрæн табугæнджытæ, уыдонимæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивæг Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, РХИ-йы Культурæйы министр Остъаты Мадинæ.

Бæрæгбон райдыдта, актертæ цы спектаклты хъазыдысты, уыдонæй скъуыддзæгтæ равдисынæй. Ахæм спектаклтæ уыдысты Хуыбецты Раяйы фыст пьесæ «Ды мæ куы уарзай». Ахъазыдысты йæ Быценты Циснарæ æмæ Хуыгаты Альбинæ. Тынг аив рауад, Тадтаты Фатимæ «Фатимæ»-йæ цы скъуыддзаг бакаст, уый. Хуыбецты Раяйы пьесæ «Ды мæ куы уарзай»-йæ скъуыддзаг ноджыдæр ахъазыдысты Таугазты Дзерассæ, Наниты Витали. Сомихæгты цардæй ист жанртæ бæрæгбонмæ æрцæуджытæн систы худæджы хал æмæ йæ аивæй сæххæст кодтой Бибылты Сослан, Пæррæстаты Димитр æмæ Хаситы Эммæ. Бæрæгбон æнæ зард æнæ кафтæй нæ фидауы, уымæ гæсгæ актертæ сæ арæхстдзинад æвдыстой зард æмæ кафтæй.

Театрдзаутæн актерты номæй раарфæ кодта РХИ-йы адæмон артист Уанеты Æхсар. Уый банысан кодта, театрдзаутæ сын сæ бæрæгбоны тыххæй зæрдиаг арфæтæ кæй кæнынц æмæ ныр уый дæр кæй фæнды сценæмæкæсæгæн раарфæ кæнын. «Сымах нын куынæ уат, сымах улæфт, уæ зæрдиаг æмдзæгъд куынæ хъусæм, уæд махæн тынг зын у кусын. Æмæ та нæм абон дæр кæй æрбацыдыстут, нæ бæрæгбоны нын арфæтæ ракæнынмæ, уый тыххæй уын стыр бузныг. Бирæ нын фæцæрут, уæ хъæбулты хурæй бафсæдут. Амондагур, чындздзон чызг уæм чи ис, уыдонæн хорз амæндтæ Стыр Хуыцау балæвар кæнæт. Дзырд дæр ыл нæй, æцæг бæрæгбон махæн кæй уыдзæнис, нæ ног театры дуæрттæ куы æрбайгом уой, уæд æмæ та нæм уæд, нæ уæздан теат-рдзаутæ, уырдæм æнæзивæгæй куыд цæуат, уыцы амонд не ‘ппæты дæр уæд», – загъта Уанеты Æхсар.

Бæрæгбонмæ æрбацыдысты, сæ царды рæсугъддæр азтæ сце-нæйæн чи снывонд кодтой, уыцы актертæ: Гугкаты Евелинæ, Гояты Нателæ, Харебаты Федя, Галуанты Людмилæ. Уыдон кæд сценæйыл нал вæййынц æмæ сæ аив хъазтæй нал рухс кæнынц театрдзауты зæрдæтæ, уæддæр сæ нæ рох кæнынц æвзонг актертæ, семæ банысан кæнынц сæ бæрæгбон.

– Нæ театры агъуысты басыгъд, канд махæн – актертæн нæ уыд стыр зын, фæлæ театрдзаутæн дæр. Уый, æцæгæйдæр, афтæ кæй уыд, уымæн æвдисæн, нæ театрдзау нæлгоймæгтæй тынг бирæтæн уырдæм æрцæугæйæ æмæ йын йæ сыгъдонтæ уынгæйæ, сæ цæстысыг куыд калдтой. Уæд фыццаг хатт федтон нæлгоймаджы судзгæ цæстысыгтæ æмæ уый тыххæй ныффыстон æмдзæвгæ», – загъта йæ раныхасы Гугкаты Евелинæ æмæ бакаст, йæ зæрдæйы тагтæй чи райгуырдысты, уыцы фыст рæнхъытæ.

Йæ зæрдæйы райгуыргæ тæлмæнтæй равдыста Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Харебаты Федыр дæр. «Фидарæй мæ бон у зæгъын, абон нæ театр йæ къахыл фидарæй кæй лæууы. Абон сценæйыл чи архайынц, уыцы æвзонг актертæ се ‘ппæт дæр сты курдиатджын, рæхстджын æмæ мæ ныфс ис, нæ ног театры бæстыхаймæ куы бахизæм, нæ аивад, уымæй», – загъта Харебаты Федя.

Нæ театрæн бындур сæвзæргæйæ, уым сæ арæхстдзинад æвдыстой, бирæ курдиатджын æмæ адæмæн уарзон чи систы сæ аив хъазтæй, бирæ ахæм актертæ, нæ театры сценæйыл æвæрд цыдис бирæ цымыдисон пьесæтæ, фæлæ йын нырмæ никуы уыдис йæхи гимн. Ныр театрдзаутæн æгæрон æхсызгон уыд Галуанты Людæйы  æмдзæвгæйыл фыст театры гимны айзæлд. Музыкæ та йæм ныффыста дыууæ Ирыстоны адæмон артист Харебаты Тимур æмæ йæ азарыд актертимæ. Стыр къухæмдзæгъдæй равдыста сценæмæкæсæг йæ циндзинад.

Сæ бæрæгбоны цытæн актертæн æмæ театрдзаутæн Президент Тыбылты Леониды номæй раарфæ кодта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

– Айсут уе ‘ппæт дæр мæ зæрдæбын арфæтæ. Абон дæр та нын барухс кодтат нæ зæрдæтæ æмæ мæ фæнды, цæмæй бирæ азты дæргъы рухс кæнат театруарзджыты зæрдæтæ», – загъта Хицауады Сæрдар. Уый æрæмысыд, театрæн бындур чи сæвæрдта, уыцы актерты рухс нæмтты, кæцытæ абон не ‘хсæн нал сты. Уыдон зын уавæрты кусгæйæ дæр театры арт хуыссын нæ бауагътой æмæ цалынмæ ирон лæг цæра, уæдмæ сын сæ рухс нæмтты мысдзыстæм. Бузныг, абон сын сæ традицитæ чи дарддæр кæны, уыцы æвзонг фæлтæрæн. Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдонимæ тагъдыл арæзт цæуы нæ театр дæр. Уымæн æмæ нæ театры хистæр фæлтæр кувынц Хуыцаумæ, зæгъгæ, нæ уæдмæ ма амар, цалынмæ нæ театры галуан арæзтæй фенæм. Ныр æрцыд уыцы рæстæг æмæ рæхджы актертæн æмæ театрдзаутæн йæ дуæрттæ æрбакæндзæн, нæ горæты фидауц чи суыдзæн, уыцы уарзон театр. Уый у махæй алкæйы бæллиц дæр, – загъта йæ раныхасы Хъуылымбегты Доменти.

Бæрæгбон æнæ хор-зæхтæ ракæнгæйæ нæ фидауы, уымæ гæсгæ йæ аив хъазты тыххæй Кады грамотæйæ хорзæхджын æрцыд РХИ-йы сгуыхт актер Сагирова Милена, Кады грамотæйæ ма хорзæхджын æрцыдысты РХИ-йы сгуыхт артисттæ Козаты Ромик, Битарты Виссарион, Уанеты Эдуард. Кады грамотæйæ ма хорзæхджын æрцыдысты Культурæйы сгуыхт кусджытæ Козаты Маринæ æмæ Хъотайты Залинæ.

Ахæм рæсугъд бон, театры бон ма йæ гуырæн бон банысан кæны театрдзауты уарзондæр актрисæтæй  иу – Къуезерты Фатимæ. Уымæн зæрдæбын арфæтæ ракодтой канд йæ коллегæтæ нæ, фæлæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти дæр. Йæ цæст ын бауарзта æнæниздзинад æмæ дидинрафтыд ирон сценæйыл.

Бæрæгбонон мадзалы ма раныхас кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли. «Зæрдæбын арфæты йедтæмæ мæ зæрдæйы ницы ис. Æмæ уын депутатты номæй, Парламенты аппараты кусджыты æмæ Ирыстоны æппæт театруарзджыты номæй дæр арфæ кæнын. Не ‘ппæт дæр бæллæм, цæмæй тагъддæр бахизæм нæ ног театры къæсæрæй. Уым ноджы рæсугъддæр уыдзæн уæ хъазт, ноджы рæсугъддæрæй   хъуысдзæнис уæ хъæлæс æмæ сæйраджы та байгом кæндзыстут уæ зæрдæ. Æмæ, уадз, дунескæнæг радтæд абон нæ зæрдæйæ куыд нæ хицæн кæнынц Гæбæраты Дауыт, Цоциты Къæдзæх, æмæ æндæртæ дæр, афтæ нын нæ зæрдæты уыдонау арф фæд ныууадзæд алчи дæр сымахæй, нæ уарзон актертæ, æмæ уын, мах та лæггад кæндзыстæм, канд армæй нæ, фæлæ зæрдæйы хъармæй дæр, – загъта уый æмæ сын бакодта зæрдылдарæн лæвар.

Кæронбæттæны мадзалы хайадисджытæн концерт равдыста ансамбль «Симд». Иудзырдæй, бæрæгбон рауад рæсугъд, хъæлдзæг æмæ цымыдисон.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.