27-æм майы Анахарсисы номыл библиотекæйы цытджын æгъдауæй банысан кодтой библиотекæйы бон. Ацы бæрæгбон кæд нырма æрыгон у, уæддæр ын йæхи бынат ис бæрæгбонтæ æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндары. Æмæ йæ ныр æрвылаз дæр 27 майы фæнысан кæнынц куыд библиотекæйы кусджытæ, афтæ ацы культурон уагдæттæм æдзух фæндаг чи арынц, уыцы чиныгкæсджытæ дæр. Сæ бæрæгбон нысан кæнынмæ ныр дæр нæ республикæйы сæйраг библиотекæмæ æрбацыдысты нæ горæты библиотекæйы сæргълæуджытæ, кусджытæ æмæ чиныгкæсджытæ.

Мадзаламонджытæ – библиографион хайады сæргълæууæг Гаглойты Зæринæ æмæ аивæдты хайады кусæг Битеты Дианæ раарфæ кодтой æрæмбырдуæвджытæн æмæ æрдзырдтой бæрæгбоны нысаниуæджы тыххæй. Æмæ уыцы иурæстæджы ныхасы бар лæвæрдтой раныхасгæнджытæн æмæ уымæй бæрæгбонæн лæвæрдтой хъæлдзæгдæр æмæ ирддæр мидис. Дзырдтой, абон кæй у, йæ бон æнæ чиныг кæмæн нæу, уыдоны бæрæгбон. Библиотекæтæн сæ хæс кæй у адæмы зæрдæтæ хъарм кæнын æмæ зонындзинæдтæ парахат кæнын. Ныры æмæ уартæ рагзаманты стыр  хъуыдыгæнджытæ дæр чиныджы хуыдтой адæймагады мысынад. Æмæ æцæгæйдæр зæгъæн ис, уыдоны æнусты дæргъы æфснайд кæй цæуынц адæмты зонындзинæдтæ. Æмæ æнæ библиотекæйы кусджытæй уыцы бирæ зонындзинæдтæ нæ хæццæ кæниккой чиныгкæсджытæм. Уыдон нысан  кодтой, зæгъгæ, дунейыл ис æртæ ахсджиагдæр æргъады. Уыдонæй сæ иу у кæрдзын, цæмæй адæм æнæниз æмæ тыхджын уой, дыккаг – сылгоймаг, цæмæй царды таг ма аскъуыйа æмæ æртыккаг – чиныг, цæмæй рæстæджыты бастдзинад ма аскъуыйа. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ ацы бæ-рæгбон у  æрмæст библиотекæйы кусджыты нæ, фæлæ чиныг чи уарзы æмæ йын чи аргъ кæны, æппæт уыдоны бæрæгбон дæр.

Мадзаламонджытæ кæрæдзи ивгæйæ дзырдтой библиотекæйы фæзынды историйыл. Уыдон фæзындысты Чырыстийы райгуырды агъоммæ. Фыццаг чингуыты та фыстой æлыгæй фæйнæ-джытыл иероглифтæй. Ахæм фæйнæджытæ æмбырд кодтой рагон аргъуанты, уырдæм кувынмæ цыдысты ахуыр адæм æмæ сæ бон уыд, уыцы чингуыты дæр бакæсын. Рагзаманы иууыл стырдæр библиотекæйыл нымад цыдис египетаг горæт Александрияйы библиотекæ, цыран æфснайд цыдысты папиросы рулонты хуызы. Уæрæсейы та иууыл фыццагдæр библиотекæйыл нымад цæуы Софияйы аргъуаны Ярослав Мудрыйы библиотекæ.

Уæрæсейы библиотекæйы бон нысан кæнын райдыдтой 1997 азæй фæстæмæ. Библиотекæтæ цахæмфæнды ног технологитæй ма пайда кæной, уæддæр дзы сæйраг сты чи дзы кусы, уыцы адæм. Афтæ у нæ республикæйы библиотекæты дæр. Иу фæлтæр ацæуы æмæ сæ бынатмæ æрбацæуы æндæр æрыгондæр фæлтæр æмæ афтæмæй рухс зонындзинæдтæ хæссынц адæммæ. Æмæ сæ абоны бæрæгбоны дæр хайад истой æрмæст абон чи кусынц библиотекæты, уыдон нæ, фæлæ кæй раивтой, уыцы ветерантæ, культурæйы  сгуыхт кусджытæ дæр.

Мадзаламонджыты раныхасæй раныхасы æхсæн 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ХИПУ-йы студенттæ кастысты æмдзæвгæтæ.

Мадзалы раныхас кодта сывæллæтты библиотекæйы директор Джиоты Аллæ. Йæ коллегæтæн уымæн йæ цæст бауарзта, сабыр арвы бын кусын æмæ цæрын, бинонты амонд æмæ цæмæй сæ бæрæгбоныл зæрдæхъæлдзæ-гæй æмбæлой. Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд 90-æм азты Ирыстоныл уæззау дуг ныккодта, уæддæр библиотекæйы кусджытæ сæ куыст никуы ныууагътой æмæ зæгъæн ис, алчидæр сæ кæй у хъайтары аккаг. Чингуыты фондæн тæссаг кæй уыдис хæстон архайдтыты рæстæджы, уымæ гæсгæ сæ, зæгъгæ, мах хастам æмæ æфснайдтам ныккæнды. Ацы куыст уый банымадта стыр ахсджиагыл. Стæй бæстæ куы фæсабыр, уæд чингуытæн фæстæмæ ссарын кодтой сæ раздæры бынæттæ. Сæрмагондæй цы библиотекæйæн разамынд кæны, уый тыххæй дзургæйæ Джиоты чызг банысан кодта йе стыр нысаниуæг, сывæллæтты æхсæн чиныг пропагандæ кæныны, чиныг сын уарзын кæныны хъуыддаджы. Нæй, зæгъгæ, ахæм хæдзар, цыран сывæллæттæ ифтонг сты сывæллæтты литературæйæ, уымæ гæсгæ цæуынц сывæллæтты библиотекæмæ æмæ уым ссарынц, цы чингуытæ сæ хъæуы, уыдон. Афтæмæй хæлар кæнын райдайынц чиныгимæ, кæцы сæ даргъ царды фæндагыл свæййы се ‘нусон æмбæлццон. Кæд бæрæгбон уыд, уæддæр уый рахъаст кодта сæ чингуыты фонд æмбæлон уагыл кæй нæ цæуы ноггонд. Бирæ чингуытæ пайда кæнынæн кæй нал бæззынц. Ацы хъуыддаджы сын сæ къух бирæбæрцæй саразынц «Россотрудничество»-йы минæвæрттæ æмæ сын загъта бузныг. Уыимæ ма æрдомдта, цæмæй сæм хицауады æрдыгæй уа фылдæр хъусдард.

Ныхасы бар лæвæрд æрцыдис иууыл рагондæр æмæ активондæр чиныгкæсджытæй сæ иу, Гуырдзыстоны ССР æмæ РХИ-йы сгуыхт дохтыр, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ куысты ветеран Уалыты Лидияйæн. Æппæт чиныгкæсджыты номæй уый раарфæ кодта библиотекæты кусджытæн сæ бæрæгбоны цытæн. Æмæ сын йæ цæст бауарзта иууыл хуыздæр фæндиæгтæ. Библиотекæйы уый банымадта йæ дыккаг хæдзарыл, йæ кусджыты та рæзгæ фæлтæры хъомылгæнджытыл. Стыр аргъ сын скодта сæ арфæйаг куыстæн. Банысан кодта, зæгъгæ, ныры дуджы æнæ чиныгæй цæрæн, уæвæн нæй.

Чиныджы нысаниуæджы æмæ царды йæ ахадындзинады тыххæй æрдзырдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнæг, доцент Пæррæстаты Мананæ. Æмæ уый дæр йæ арфæйы ныхæстæ загъта мадзалы хайадисджытæн.

Мадзалы библиотекæты кусджыты иузæрдион куысты тыххæй æмдзæвгæ бакаст сывæл-лæтты библиотекæйы методист Мæргъиты Маринæ.

Иу бæрæгбон дæр æнæ зард æнæ кафт, æнæ музыкæйы зæлтæй нæ фидауы. Æмæ мадзал фæаивдæр, фæхъæлдзæгдæр музыкалон скъолайы ахуыргæнинæгтæ Джыгкайты Владислав æмæ Александр Яралов. «Хонгæ» кафты цагъды куы сæххæст кодтой, уæд.

Мадзалы кæронбæттæны республикон библиотекæйы директор Кокойты Валерия хъарм, бæ-рæгбонон арфæйы ныхæстæ загъта, куыд æрæмбырдуæвджытæн, афтæ библиотекæты æппæт куысджытæн дæр. Уыимæ банысан кодта, уыдонæн сæ зын, фæлæ ахсджиаг куыст æмæ кæд чысыл мыздтыл кусынц, уæддæр сæ разылæууæг хæстæ æххæст  кæнынц намысджынæй. Уый ма загъта, зæгъгæ, адæмы æхсæн ис ахæм хъуыды, ома, библиотекæтæм адæм нал цæуынц, чиныджы нал агурынц, фæлæ уый афтæ нæу. Библиотекæтæм цæуынц фылдæрæй фылдæр адæм, уæлдайдæр та ахуырдзау фæси-вæд. Æмæ уый дзурæг у сæ удварны рæзтыл дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.