Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæ хъазуатон тох кæны республикæйы территорийыл цахæмфæнды зынгсирвæзтытæ рæстæгыл аиуварс кæныныл. Ацы службæ рагон у. Æххæст ыл кæны 92 азы. 1930 азы 23 августы Хуссар Ирыстоны Централон æххæстгæнæг комитеты президиумы рабадты рахæсгæ уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны хайад. Хайады уæды сæргълæууæг Санахъоты Михакайæн бахæсгонд æрцыд, зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны къорд æнæведомствæйон милицийы кусджытæй саразын. Бакуыст æрцыд хайады уагæвæрд æмæ инструкцитыл, районты колхозты, уагдæтты зынгсирвæзтыты ныхмæ тох кæныны фæдыл. Зынгсирвæзты ныхмæ службæ йæ сырæзтæй фæстæмæ ивта, уыимæ иумæ ивта йæ куысты системæ дæр.

Хуссар Ирыстоны зынгхуыссынгæнджытæ сæ бæрæгбон 23 августы банысан кодтой цытджын уавæры. Арфæ кæнынмæ сæм æрбацыдысты нæ республикæйы бæрнон кусджытæ, ацы службæйы ветерантæ.

Æнæгуырысхойæ, зынгсирвæзтæй хъахъхъæныны службæ у, Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады сырæзты бындурæвæрæг. Сæ намысджын куыстæн саргъгæнæн нæй.  Ныртæккæ зынгсирвæзты æдасдзинад, æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварскæнынмæ цы тыхтæ здæхт сты, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, раздæрмæ абаргæйæ тыхджындæр сты.

Йæ дæлбаруæвæг дæлхайы службæгæнджытæн бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта Уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Азæмæт.

«Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæ йæ архайд райдыдта 1930 азы 23 августæй. Уымæ гæсгæ уыцы бон нысан цæуы Хуссар Ирыстоны зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæйы сырæзты бонæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уæдæй абонмæ æрцыд бирæ ивындзинæдтæ хорзæрдæм, куыд йæ структурæйы, афтæ куысты спецификæйы  бæрæг фæфылдæр сты службæйы сæрмагонд сконд, фæхуыздæр сæрмагонд техникон ифтонгад.

30-æм азты кæд дæлхайы архайдтой 20 адæймаджы, уæд ныр та зынгсирвæзты ныхмæ архайынц 350 адæймаджы бæрц. Бузныджы ныхæсты аккаг сты нæ ветерантæ. Уыдон ацы фадыджы куыстой республикæйæн уæззау азты æмæ уыимæ иумæ, хъахъхъæдтой нæ бæстæйы хæдбардзинад. Стыр хайбавæрд бахастой зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæйы рæзтмæ», – банысан кодта Цоциты фырт.

Министры хæстæ æххæстгæнæджы цæст бауарзта службæгæнджытæн, цæмæй сæ службæ хæссой хæрзвадат уавæрты. Йæ цæст сын бауарзта къаддæр уæлвæткон уавæртæ æмæ службæйы æнтыстджын куыст.

Республикæйы президент Гаглойты Алан æмæ Æдасдзинады Советы номæй бæрæгбонгæнджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Плиты Анатоли.

Нæ республикæйы ныртæккæйы климатон уавæрты, зæгъгæ, уæ хæстæ актуалон æмæ хъæуæг сты. Нæ цæст уын уарзы, цæмæй цыфæнды рæстæджы дæр уæхски-уæхск бæстон кæнат проблемæтæ, къаддæр уой зынгсирвæзты цаутæ. Паддзахад та бæстæйы сæргълæууæджы къухдариуæгадæй архайдзæн, цæмæй уавæртæ æмæ фадæттæ уæрæхдæр кæной, хуыздæр кæна материалон-техникон хай æмæ уагдон, рæстæ-джы ног тенденцитимæ  кæна æмдзу.

Бæрæгбонон мадзал адарддæр, республикæйы территорийыл æппæт зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны фæдыл хайадты æмкусджыты æхсæн æхсæнкомандæйон ерыстæй. Сæ профессионалон æвзыгъддзинæдтæ ирвæзын кæнын æмæ æндæр æнамонд цауты рæстæджы чи æвдыста, уыцы фæуæ-лахизуæвджытæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ æмæ грамотæтæй.

 

Ветераны мысинæгтæ

Йæ коллегæтæн арфæ кæнынмæ чи æрба-цыдысты, уыдонæй сæ иу – Букуылты Чермен ацы службæйы кусын райдыдта 1973 азы. Уыцы рæстæджы кадавар уыдысты сæ авналæнтæ – уыд сæм æрмæстдæр иу зынгхуыссынгæнæн машинæ. Бирæ фыстой æмбæлон органтæм, цæмæй сæ авналæнтæ фæуæ-рæхдæр уыдаиккой. Уыцы хъуыддагыл бирæ фыста Чермен йæхæдæг дæр æмæ кæдæй уæдмæ сæ къухы бафтыд. Цы машинæ сын хицæн æрцыд, уый æркæнын хъуыд Харьковæй, фæлæ сын заводы загътой, зæгъгæ, Гуырдзыстон машинæты иууылдæр акодта. Фæлæ уæддæр, куыддæрты, сæ къухты бафтыд дыууæ машинæйы æркæнын.

1991 азы февралы мæйы сæ æркодтам Хуссар Ирыстонмæ. Фæахъаз нын сты, уæды хæстон ныхмæлæууынады рæстæджы зынгсирвæзтытæ иуварс кæнынæн», – дзырдта Чермен.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уæззау æмæ зæрдылдаринагæй бирæ цаутæ баззад йæ зæрдыл. Ацы службæйы кусджытæ зынгсирвæзт аиуварс кæнынмæ тындзгæйæ, иу хатт бахаудтой амынæты дæр. Цæвиттон, 90-æм азты уæды Ереды хъæуы службæгæнджытæ дыууæ боны уыдысты амынæты. Уыдонимæ ма æрцахстой горæт Цхинвалы зынгсирвæзты ныхмæ инспекцийы сæргълæууæг Букуылты Чермен æмæ Хуссар Ирыстоны зынгсирвæзтæй бахъахъхъæныны службæйы къухдариуæггæнæг Гуыцмæзты Мозирокы. Бадзырдтыты фæстиуæгæн бæстæйы къухдариуæгады къухты бафтыд уыдон ссæрибар кæнын.

Ныртæккæ министрады дæлбар ис аст зынгсирвæзты ныхмæ тохы æмæ ирвæзынгæнæн хæйттæ. Уагдоны сконды ис æмбæстагон хъахъхъæнынады службæ, зынгсирвæзты ныхмæ тохы службæ æмæ агурæн – ирвæзынгæнæн дæлхай, кæцытæ кусынц æхсæвæй-бонæй. Уыдоны куыст ахсджиаг у, бирæ æрцæугæ æнамонддзинæдты рæстæджы ирвæзын кæнынц адæймаджы цард, ахсджиаг нысаниуæджы объекттæ – хатт цæрæгойты дæр. Уымæ гæсгæ сын арфæ кæнæм сæ бæрæгбоны цытæн мах дæр, бирæ бæрæгбонтæ фæрнджын æмæ æвæлмастæй нысан кæнæт Ирыстоны сæрвæлтау.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.