Тематикон мадзалæй банысан кодтой Славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бон Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы.

Бæрæгбоны хайад райстой 6-æм астæуккаг скъолайы цур архайæг Хуыцаубонон уырыссаг скъолайы сывæллæттæ. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты “Россотрудничество”-йы минæварады къухдариуæггæнæг Михаил Степанов, уырыссаг æвзаг æмæ литерату-рæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президент Тедеты Залинæ, уæрæсейы минæварады Зонад æмæ культурæйы Уæрæсейаг центры кусджытæ, æмфыдыбæстæйонты уæрæсейаг æхсæнад «Россы» æмæ «Союз российских граждан»-ы æхсæнады минæвæрттæ, 6-æм скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ныййарджытæ. Мадзал ауадзынæн ма æххуысгæнджытæ уыдысты ахуыргæнджытæ Инна Зубко æмæ Диана Свиткова, 6-æм скъолайы директор Людмила Александрова æмæ “Россотрудничество”-йы минæварад.

Рагон уырыссаг æгъдаумæ гæсгæ, бæрæгбоны цытджын уазджытыл фембæлд æвзонг чызг националон уырыссаг сарафаны, хæрзад дзулы зылдимæ.

Хуыцаубонон уырыссаг скъолайы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой цымыдисон музыкалон-аивадон программæ. Уазджытæн æвзонг хайадисджытæ радзырдтой æнусты размæ ацы бæрæгбоны фидар бындурæвæрджытæ, æфсымæртæ Кирилл æмæ Мифодийæн славяйнаг алфавиты саразыны хъуыддаджы сæ хайбавæрды тыххæй. Бирæ славяйнаг адæмтæн сæ удварнон традицитæ баст сты ацы дыууæ номимæ. Рухстауджытæ-славяйнаг алфавиты саразджыты номарæн бонæн ис стыр нысаниуæг.

Сывæллæттæ бакастысты зындгонд фысджыты цитатæтæ уырыссаг æвзаджы тыххæй, аив кастысты æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой уырыссаг адæмон зарджытæ æмæ кæфтытæ. Мадзалы хайад райста скъолайы хор. Уый сæххæст кодта Михаил Глинкæйы музыкæмæ гæсгæ зарæг «Славься» оперæ «Иван Сусанин»-æй.

Хистæркъласонтæ уазджыты хъусдард аздæхтой 2016 азы нысаниуæгджын æмæ зæрдылдарæн бонты презентацимæ. Уыдон радзырдтой, зæгъгæ, ацы аз Мæскуы æмæ Афинтæ нысан кæнынц 1000 аз уырыссæгты уæвынадæн Сыгъдæг Афины хохыл. Ацы бæрæгбоны цытæн рæсугъд мадзал уагъд æрцыд Цхинвалы уæрæсейаг зонад æмæ культурæйы центры дæр.

Банысан ма кодтой Агния Бартойы райгуырды 110 азы бон дæр.

Славяйнаг фыссынады бæрæгбоны хайад райстой алы кары сывæллæттæ, сæ хайбавæрд бахастой фыццагкъласонтæ дæр. Уыдоны бацæттæ кодта сæ ахуыргæнæг Дзабиты Аидæ. Сывæллæттæ равдыстой инсценировкæтæ Агния Бартойы æмдзæвгæтæм гæсгæ, аив бакастысты æмдзæвгæтæ.

Ацы аз уырыссаг фыссæг, драматург, театралон режиссер æмæ актер Михаил Булгаковы райгуырдыл сæххæст 125 азы. Мадзалмæ æрбацæуджыты зæрдæтæ барухс кодтой æхсæзæм къласонтæ. Уыдон уазджытæн равдыстой спектакль Булгаковы пъесæ «Иван Васильевич»-мæ гæсгæ.

Бæрæгбонон мадзал амонджытæ банысан кодтой, зæгъгæ, дунеон цивилизацийы уырыссаг æвзаг æмæ мыхуырон дзырды фæрцы хъахъхъæд цæуынц культурон-историон бынтæ. «Уырыссаг æвзаг XX æнусы бацыд, афтæхуыйнæг, дунеон æвзæгты нымæцмæ. 2013 азы та – Интернеты тыгъдады, популярон æвзæгты нымæцы бацахста 2-аг  бынат», – банысан кодта 10-æм къласы ахуыргæнинаг, уырыссаг æвзаджы курсыты рауагъдон Кокойты Аннæ.

Тыхджын къухæмдзæгъд кодтой 10-æм къласы ахуыргæнинаг Тедеты Аннæйæн, уый бакаст уырыссаг æвзаджы тыххæй йæхи фыст æмдзæвгæтæ.

Бæрæгбонон концерты фæлгæтты схорзæхджын кодтой, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæ олимпиадæйы скъолайон æмæ горæтон турты фæуæлахизуæвджыты. Йæ раныхасы Диана Свиткова банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ алы хатт дæр æвдисынц уырыссаг æвзаджы зонындзинæдтæй бæрзонд æмвæзад. Уый ма загъта, зæгъгæ, 6-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ бирæ хæттыты систы, æрмæст горæтон нæ, фæлæ республикон олимпиа-дæты призертæ æмæ дипломанттæ, афтæ ма фæуæлахиз сты Мæскуыйы уагъдцæуæг уырыссаг æвзагæй дунеон олимпиадæйы.

Бæрæгбонмæ æрбамбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта “Россотрудничество”-йы минæварады къухдариуæггæнæг, РХИ-йы УФ-йы минæварады уынаффæгæнæг Михаил Степанов. Уый раарфæ кодта алкæмæндæр славяйнаг адæмты бæрæгбоны цытæн. Банысан кодта, Уæрæсейы культурæйы историйы рухстауджытæ Кирилл æмæ Мефодийы хайбавæрд. «Абоны мадзал алкæй зæрдæмæ дæр бахъардта, сывæллæттæ ноджыдæр иу хатт равдыстой, куыд аргъ кæнынц æмæ сын цавæр ахаст ис уырыссаг æвзагмæ, кæцы у республикæйы паддзахадон æвзаг дæр», – загъта Степанов.

Раныхас кодта æмæ арфæйы ныхæстæ загъта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президент Тедеты Залинæ. Уый бузныг загъта скъоладзаутæн, уырыссаг аив дзырдмæ сæ цымыдисдзинады тыххæй, банысан кодта, зæгъгæ, Славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бон у махæн æнæмæнгхъæуæг æмæ ацы традици хъуамæ дарддæр кæнæм. Мадзалы кæрон иумæйагæй азарыдысты зарæг «Моя Россия».

Залы ма арæзт æрцыд Славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бæрæгбоны историйыл дзурæг фоторавдыст.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЗЕБЫСАТЫ Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.