24-æм апрелы Сомихстоны æмбæстæгтæ æмæ æппæт дунейы сомихаг диаспорæты минæвæрттæ нысан кодтой сомихаг адæмы ныхмæ  геноцидыл 104 азы сæххæсты бон, кæцыйы рæстæджы фæмард 1,5 милуан сомихаджы бæрц.  1914 азы æппæт дунейы цард 4,1 милуан сомихаджы. Уыдонæй 2,1 милуаны бæрц цард Осмайнаг империйы территорийыл. Сомихаг историкты зонæнтæм гæсгæ 60 сомихстойнаг горæты æмæ 2,5 мин хъæуы бæрц  æрцыдысты  куынæг. 1 милуан сомихаджы бæрц та систы лигъдæттæ.

Абон сомихæгтæн сæ фылдæр цæрынц сæ райгуырæн бæстæйæн æддейæ.  100 азы бæрц Сомихстоны æхсæнадон æмæ политикон организацийы минæвæрттæ тох кæнынц  дунейы иуæй-иу бæстæты алыгъуызон политикон фæзуæттыл, цæмæй сомихаг адæмы ныхмæ 1915 азы æрцæугæ геноцид нымад æрцæуа. Сомихстон æмæ Анкарайæн абоны онг нæй дипломатон ахастытæ, Турчы инициативæмæ гæсгæ 1993 азæй 330 километры бæрц се ‘хсæн арæн у æхгæд.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы 24 апрелы нæ республикæйы сомихæгты диаспорæйы минæвæрттæ ауагътой мысæн изæр. Уырдæм хуынд æрцыдысты нæ Республикæйы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Пухаты Къоста, Фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Джиоты Мурат, РХИ-йы уæрæсейаг минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько, нæ республикæйы цæрæг сомихæгтæ æмæ нæ горæты æхсæнады минæвæрттæ.

Мысæн изæр байгом кодта нæ республикæйы сомихæгты диаспорæйы минæвар Авагимова Элла. Уый залмæ æрбацæуджытæн цыбыртæй радзырдта геноциды историйы тыххæй, загъта, зæгъгæ, нырыккон Турчы политикæмæ гæсгæ сомихæгты ныхмæ  геноцид арæзт никуы ‘рцыд, фæлæ историон факттæн  æмбæхсæн кæй нæй. «Абон уа   æви сом, сомихаг адæмы ныхмæ арæзт геноцид нымад хъуамæ æрцæуа, кæннод бирæ азты æнæуынондзинады арт никуы æрнымæг уыдзæн. Æмæ цæмæй æнæуынондзинад баззайа ивгъуыды, уый тыххæй сомихаг адæмæй хъæуы хатыр курын», – банысан кодта Авагимова Элла.

“Уыцы уæззау бонты сомихæгтæ сæхи райгуырæн зæххыл нымад цыдысты дыккаг сорт адæмыл. Сæ мадæлон æвзагыл сæ нæ уагътой дзурын, ахуыр кæнын. Азæй азмæ сомихæгты æмæ туркæгты æмахастытæ карзæй карздæр кодтой, уымæ гæсгæ уæды Турчы къухдариуæгад рахаста уынаффæ, цæмæй Сомихстон   йæ культурæ æмæ этнос фесафой», – фехъусын кодта Авагимова Элла.

Джиоты Мурат йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы цæрæг сомихæгтæн, æмткæй – мысæн изæрмæ æрбацæуджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, истори куыд амоны, афтæмæй ирæтты æмæ сомихæгты рагæй фæстæмæ иу кæнынц историйы уидæгтæ, уымæ гæсгæ тынг зын у ацы дыууæ адæмы ахицæн кæнын. Джиоты Мурат æрдзырдта ирон адæмы геноциды фæстиуджытыл дæр. Фехъусын кодта, зæгъгæ, кæд  ацы аз  сомихаг адæмы ныхмæ  геноцидыл  104 азы  æххæст кæны, уæд  2020 азы та хуссайраг ирæтты геноцидыл   сæххæст уыдзæн 100 азы. «1920 азы Гуырдзыстоны сырдон миты фæстиуæгæн хуссарирыстойнаг æмбæстæгты иу цыппæрæм хай, уыдоны ‘хсæн – æнахъом сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ хистæр кары адæймæгтæ фæмарды сты, ирæттæ кæй уыдысты æмæ сæ мадæлон æвзагыл кæй дзырдтой, уый тыххæй. Азæй азмæ зындæр у ацы æнамонд цаутæ мысын. Никуы ферох уыдзысты иронæмæ Сомихстоны адæмæй геноцидты фæстиуæгæн æрцæугæ æнамонд цаутæ», – банысан кодта Джиоты Мурат.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номæй Пухаты Къоста мæсæллæй загъта æппæт Сомихстоны æмбæстæгтæн геноциды сæраппонд. Уый фæстæ æрдзырдта сомихæгты национ-сæрибаргæнæн хæстон архайдтыты активон хайад кæй истой 9 ирон хæстоны, кæцытæн лæвæрд æрцыд «Арцахы Хъайтар»-ы ном. «Æрæджы мыхуыры рацыд чиныг, цыран лæмбынæгæй автор æрдзырдта ирон хæстонты хъайтардзинадыл Арцахы сæрыл тохты рæстæджы. Уыцы тохы уыдон равдыстой стыр хъæбатырдзинад æмæ сын уый фæстиуæгæн лæвæрд æрцыд “Арцахы Хъайтар”-ы ном  – банысан кодта Пухаты Къоста.

Нæ Республикæйы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, сомихаг адæмы ныхмæ арæзт геноцид у тынг риссаг æмæ æбуалгъ фыдракæнд – æмткæй Сомихстонæн. «Алцæмæн дæр хъæуы рæстæг, æмæ уыцы рæстæг дæр æрцæудзæн – бирæ бæстæтæ банымайдзысты æрцæугæ геноциды», – загъта Гасситы Петр.      

Зураб Давитян нæ горæты цæрæг у, фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ фыдæлтæ геноциды рæстæджы ралыгъдысты Сомихстонæй, æмæ бирæ зындзинæдты фæстæ æрцыдысты цæрынмæ Ирыстонмæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, сомихæгты геноцид баззайдзæн сомихаг адæмы историйы æнустæм.

Уый фæстæ залы бадджытæн æвдыст æрцыд киноныв, кæцыйы сюжет баст уыд сомихæгты ныхмæ геноцидыл.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.