1941 азы 22 июнь. Уый у нæ бæстæйы историйы уæззаудæр сыфтæй иу, æппæтæй фылдæр туг кæм ныккалд, уыцы мысæн æмæ хъыггæнæн бон. Уыцы бон райдыдта, историйы æмбал кæмæн нæй, ахæм стыр хæст, фашистон Герман æмæ Советон Цæдисы хсæн. Уыцы хæстæй рацыд бирæ рæстæг, фæлæ нæ бæстæйы алы рæттæй хæсты архайджытæ цы æхсар æмæ хъæбатырдзинад равдыстой, уый нæ адæмæй рох нæу. Нæ адæм никуы ферох кæндзысты, сæрибар царды сæрвæлтау сæ удтæ чи радта, цыфыддæр знаджы ныхмæ мастисæг чи фæцыд, сæ ардбахæрд кæронмæ чи ахæццæ кодта, уыцы хæстонты.

Уæлахизы стыр бæрæгбонмæ алы аз дæр кадджын мадзæлттæ уагъд цæуынц, сæрибардзинадæн уæлдай аргъ кæм кæнынц, уыцы Ирыстоны алы къуымы дæр. Ацы аз 77-æм хатт адæм æрымысыдысты сæ зынгхуыст хъæбулты рухс нæмттæ. Фыдыбæстæйы хæст… Лæгæвзарæн хæст. Ахæм хъæу, ахæм мыггаг æмæ хæдзар нæ уыд, хæсты цæхæр кæй нæ басыгъта. Фыдæв-зарæн рæстæджы ирон адæм хæсты цæхæрмæ афæндараст кодтой сæ хуыздæр хъæбулты, кæцытæ кад æмæ радæй бахъахъхъæдтой сæ фыдыуæзæг.

8 майы, Стыр Уæлахизы 77 азы боны цытæн бæрæгбонон мадзал уагъд æрцыд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы дæр. 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты æмæ 1989-2008 азты Ирыстоны сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхаста Дменисы хъæуæй, уыдоны номыл арæзт цырты раз æрæмбырд сты хъæуы цæрджытæ, скъоладзаутæ.

БАНЫСАН КОДТОЙ СТЫР УÆЛАХИЗЫ БОН

Мадзал бацæттæ кодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси æмæ хъæуы библиотекæйы кусæт Джиголаты Заремæ.

Мадзалы хайадисджытæ цырты раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æмырæйы алæугæйæ ссардтой  Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Украинæйы спецоперацийы рæстæджы чи фæмард, уыцы æмзæххонты рухс нæмттæ дæр.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты иумиаг знагыл фæуæлахизмæ йæ уæзгæ хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстон дæр. Советон Цæдисы иннæ адæмтимæ иумæ знаджы ныхмæ уæхски-уæхск тох кодтой Ирыстоны адæм дæр. Алы цыппæрæм цæрæг дæр хæсты азты æрлæууыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 22 мин адæймагæй фылдæр тох код-той алы фронты дæр. Хæсты быдыры уыдон равдыстой диссаджы хъæбатырдзинад.

Дменисы хъæуæй дæр бирæтæ ацыдысты Фыдыбæстæйон хæстмæ. Райгуырæн зæххы сæраппонд уыдон бырстой знаджы ныхмæ æмæ æгаддзинад сæ сæрмæ нæ хастой. Бирæтæ нал æрыздæхтысты сæ райгуырæн хъæумæ.

Мадзалмæ æрбацæуджытæн бæрæгбоны  цытæн арфæйы ныхæстæ ракодта Икъаты Ануси. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Фыды-бæстæйон хæсты рæстæджы Райгуырæн бæстæ, фыды зæхх… уыдысты нæ тырысатæ. Уыдон сæрвæлтау нæ адæм  рауæлдай кодтой сæ цард, сæ удтæ. Советон æфсымæрон адæмтæ æмхъæлæсæй фидарæй загътой, – Кæнæ мæлæт, кæнæ сæрибар!

Дæсгай азтæ рацæудзæн, фæлæ хъæубæстæй рох нæ уыдзæн, уæлахиз сын чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ. Мах нæ зæрдыл дардзыстæм, сыгъдæг арвы бын кæй фæрцы цæрæм, уыцы хъайтарты нæмттæ. Нæ фæстæ уыдзæн æндæр фæлтæртæ, фæлæ фашизмыл Стыр Уæлахизы цытæн цыртыты размæ цæудзысты фæлтæрæй фæлтæрмæ, цæмæй ма рох кæной æмæ сын сæркъулæй цыт кæной райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи радта, уыдонæн. Рæстæг куыд цæуы,  – дзырдта Икъаты чызг, – афтæ Фыдыбæстæйы хæсты цаутæ дæр дардæй дарддæр кæнынц. Хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, Фыдыбæстæйы уæлахизы ном чи айхъуысын кодта, уыдоны. Мах нæ кæстæр фæлтæртæн фæзминагæн хъуамæ ныууадзæм нæ фыдæлты хъæбатырдзинад.

«Куыд абоны, афтæ сомбоны фæлтæрæн дæр мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй макуыуал бавзарой хæсты уæззаудзинæдтæ æмæ нæ хæдбар республикæйы сыгъдæг арвы бын цæрат зæрдæрухс æмæ амондджынæй», – загъта Икъаты Ануси.

Бæрæгбонон мадзал уагъд æрцыд гом арвы бын. Къæвда уарыд æнæрынцойæ. Мадзалы организаторты кæд ацы уавæр бакъуылымпы кодта, уæддæр равдыстой чысыл концерт.

Дменисы Культурæйы хæдзары хæдархайгæ зарæггæнджыты къорд азарыд зарджытæ «Катюша» æмæ «Кино идет». Хæстон темæйыл аив бакастысты æмдзæвгæтæ ахуыргæнинæгтæ Уалыты Аслан, Сидæмонты Владик, Хацырты Фатимæ Къаролинæ æмæ Джиголаты Амандæ.

                  ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.