6-æм июны, зынгæ уырыссаг поэт Александр Сергейы фырт Пушкины райгуырæн боны нæ горæты Пушкины скверы уагъд æрцыд бæрæгбонон мадзал Уырыссаг æвза-джы дунеон боны æмæ стыр уырыссаг поэты райгуырæн боны цытæн.

Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Уæрæсейы минæварад, Россотрудничествойы къухдариуæггæнæг Михаил Степанов, Ахуырады æмæ зонады министр Гасситы Натали, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, нæ республикæйы скъолаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæ-йы ахуыргæнджытæ, нæ университеты студенттæ æмæ ахуырдзау фæсивæд.

Уырыссаг æвзаджы боны цытæн æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ассоциацийы президент Тедеты Зæлинæ. «Æвæджиаг тых кæмæн ис, уыцы цардæгас уырыссаг ныхас махæн æххуыс кодта сæрибары сæрыл тохы азты цæрынæн. Нæ идентикон иудзинад бахъахъхъæнынæн, Хуссар Ирыстоны æмбæстаг хъомыл кæнынæн, кæцы йæ удыхъæды иу кæны Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æмæ Уæрæсейы культурæ æмæ йæ адæмæн аргъ кæнын».

– Уырыссаг æвзаг у нæ историон цардвæндаджы айдæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уырыссаг æвзаг нын дарддæр дæр æххуыс уыдзæнис уæндон къахдзæфтæ аразынæн, куыд медицинæйы, æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады, хъæууон хæдзарады æмæ æхсæнады æндæр ахæм фадгуыты.

Тедеты чызг ма банысан кодта, зæгъгæ, уырыссаг æвзаг ахуыр кæнгæйæ, мах хуыздæр бамбардзыстæм Уæрæсейы адæмы культурæ æмæ традициты. «Махæн цæрын æмæ размæ цæуын нысан кæны уырыссаг адæмимæ æнгом уæвын æмæ фидар бастдзинæдтæ аразын, – банысан кодта Тедеты чызг. – Уырыссаг æвзаг зонын та у Александр Сергейы фырт Пушкинмæ гом фæндаг, уый у стыр поэтимæ ныхас кæнынмæ фæндаг, уый у ирон æмæ уырыссаг культурæты диалогы райдиан.

Уый фæстæ мадзалы раныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы минæварад Хуссар Ирыстоны æртыккаг секретарь Андрей Ярыгин, кæцы æрдзырдта бæрæгбоны нысаниуæгыл. «6-æм июнь – Пушкины райгуырæн бон æппæт дунейы нысан цæуы Уырыссаг æвзаджы бонæй, – загъта Ярыгин. – Ацы бæрæгбон нысаниуæгджын у Кавказæн дæр, уымæн æмæ махæй алчи дæр зоны, стыр фыссæджы уацмыстæй бирæтæ фыст кæй æрцыдысты ацы регионы тыххæй».

Ярыгин ма банысан кодта, зæгъгæ, Пушкины егъаудæр уацмыс Кавказы тыххæй – «Кавказский пленник» Уæрæсейы культурæмæ сæв-зæрын кодта стыр цымыдис Кавказы регионмæ. «Белинский та загъта: «Кавказ у Пушкины поэзийы авдæн – уый фæстæ та ссис Лермонтовы поэзийы авдæн», – банысан кодта Ярыгин. Поэтæн стыр аргъ кодта Хе-тæгкаты Къоста дæр, арæх ын пай-да кодта йæ хъуыдытæй йæ фыстæджыты. Стыр поэты уацмыстæ тæл-мац æрцыдысты дунейы 200 æвзаг-мæ. Уый руаджы æндæр бæстæты адæмтæ хуыздæр базыдтой Уæрæсейы, Кавказы æмæ уырыссаг культурæ. Мах та уыцы хъуыддаджы амондджын стæм уымæй, æмæ кæдфæнды дæр парахатæй кæсæм Пушкины уацмыстæ нæ мадæлон æвзагыл».

Ярыгин ма загъта, зæгъгæ, Пушкинæн йæ курдиат у æппæтварсон æмæ йыл уымæ гæсгæ бирæ дзурæн ис. «Фæлæ сæйраг уый у, æмæ бындур кæй æрæвæрдта нырыккон уырыссаг литературон æвзагæн, – банысан ма кодта Ярыгин. – Æвзаг у удæгас æмæ кæддæриддæр цæуы размæ, алы ног фæлтæр дæр æм бахæссы йæхи ивындзинæдтæ æмæ ногдзинæдтæ, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, сæйраг хæс у æвзагæн йæ хъæздыг бынтæ бахъахъхъæнын, кæцытæ нын баззадысты нæ фыдæлтæй æмæ сæ кæстæр фæлтæрмæ фæхæццæ кæнын».

Андрей Ярыгин ма æрсидтис фæсивæдмæ, цæмæй фылдæр кæсой чингуытæ, уæ бон цас у, зæгъгæ, уыйас фылдæр кæсут, уый уын райтынг кæндзæн æппæтвар-сонæй уæ хъуыдыкæнынад.

Нæ горæты 1-æм скъолайы директор Гобозты Русудан та зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, иу азы размæ ахæм цытджын уавæры махæн не скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæм лæвæрд æрцыд абоны бæрæгбон ауадзыны эстафетæ. Тынг æхсызгон нын у, зæгъгæ, не скъолайы ахуыргæнджытæн æмæ ахуыргæнинæгтæн, ноджы хæстæгдæр кæй базонгæ стæм йæ диссаджы сфæлдыстад æмæ бæрзонд поэзиимæ. «Уырыссаг æвзаг у мах æвзаг дæр. Ацы æвзаг нæ сабидугмæ æрбацæуы Александр Сергейы фырт Пушкины аргъæутты руаджы. Уырыссаг æвзагыл дзурæм, куыд нæ мадæлон æвзагыл, афтæ. Хуссар Ирыстоны мах парахат кæнæм уырыссаг æвзаг», – загъта Гобозты чызг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр йæ рады, нæ царды уырыссаг æвзаджы нысаниуæгыл дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæйы зынгæ ахуыргæндтæ уæлдæр ахуырад райстой уырыссаг æвзагыл æмæ сæ къухты бафтыдысты стыр æнтыстытæ. «Уырыссаг æвзаг хъуысы бирæ хæдзæрттæй, – загъта Президент. – Уырыссаг æвзагыл фыст чингуытæ нæ алкæй хæдзары дæр ис – æрмæст Пушкины  нæ, фæлæ æндæр зынгæ уырыссаг классикты чингуытæ дæр.

Мæнмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны иу ахæм адæймаг дæр нæ разындзæн Пушкин, Лев Толстой, Федор Достоевскийы чингуытæ чи нæ бакаст.

Бибылты Анатоли нымайы, зæгъгæ, уырыссаг æвзагыл нæ сабиты ахуыр кæнын хъæуы хæрзчысылæй. «Абон уырыссаг æвзаг нæ мадæлон æвзаджы æмрæнхъ æнæхъуаджы нæу нæ республикæйы паддзахадон æвзагыл нымад, – адарддæр кодта йæ ныхас Бибылты Анатоли. – Мах тынг хорз æмбарæм нæ сывæллæттæ уырыссаг æвзаг куы зоной, уæд кæй райсдзысты иттæг хорз уæлдæр ахуырад, куыд нæ университеты, афтæ Уæрæсейы Федерацийы дæр».

Бибылты Анатоли хъусдард аздæхта изæрыгæтты Цхинвалы Пушкины номыл скверы кæй æрæмбырд вæййынц фæсивæд.

«Æвзонг лæппутæ ам фæбадынц сæ уарзон чызджытимæ æмæ мæ ныфс ис æмæ ам цы ныхæстæ фæкæнынц, уым кæй ис Пушкины лирикæ, уымæн æмæ Пушкинæй тыхджындæр æмæ ирддæр æнкъарæнтæ ничима ныффыста æвзонг удты ‘хсæн. Махæй алчидæр сæрыстыр хъуамæ уа уымæй æмæ кæй зоны уырыссаг æвзаг, кæй кæсы Пушкины уацмыстæ, уымæн æмæ йæ уацмысты æвдыст сты царды æрцæугæ цаутæ», – дзырдта Президент.

Мадзалы ма фехъусынчындæуыд, ацы аз Уырыссаг æвзаджы бон æмæ Стыр уырыссаг фыссæг Александр Пушкины райгуырæн боны фæдыл бæрæгбонон мадзæлттæ нысан кæныны эстафетæ фидæнмæ лæвæрд цæуы нæ горæты 2-æм астæуккаг скъоламæ.

Уымæй дарддæр мадзалы бакастысты конкурс «Почитаем Пушкина!»-йы фæстиуæгæн уæлахиздзаутæ чи систы, уыдоны номхыгъд, уыдон сты нæ горæты фæндзæм скъолайы уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Мулдарты Аллæ, паддзахадон университеты студенткæ Кокойты Каринæ æмæ Зары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Хуыбиаты Маринæ.

Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ассоциаци æмæ «Россотрудничество»-йы номæй Михаил Степанов нæ горæты фыццæгæм скъолайы директор Гобозты Русуданы схорзæджын кодта грамотæйæ уырыссаг æвзаг раразмæ кæнын æмæ йæ ахуыр кæнынмæ йæ хайбавæрды тыххæй.

Александр Пушкины райгуырæн боны цытæн бæрæгбонон мадзалы йе сфæл-дыстадæн табугæнджытæ кастысты йæ æмдзæвгæтæ, уый фæстæ стыр поэты цырты раз йæ хайадисджытæ сæвæрдтой дидинджытæ.

Мадзал сорганизаци кодтой Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциации æмæ «Россотрудничество».

Туаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.