Ацы аз Зазхæссæны бæрæгбон нысан æрцыд 25-æм апрелы. Уый цытæн бæрæгбонон литурги ауагъдæуыд Мады Майрæмы æмæ Æртæиууон аргъуанты. Дыууæ аргъуанмæ дæр æрбацыд дзæвгар адæм. Фарон ацафон коронавирусæй хи бахизыны нысанæн дыууæ аргъуаны динамонджытæ развæлгъау æрсидтысты адæммæ, цæмæй Чырыстийы куывтытæ сæххæст кæной сæ хæдзæртты. Разынд ахæмтæ, кæцытæ уæддæр хъæуæгыл банымадтой аргъуанмæ æрбацæуын, фæлæ сæ сывæллæтты бахызтой. Ныр дыууæ аргъуаны дæр уыд дзæвгар сывæллæттæ. Уыдон дæр хистæр кары адæмимæ иумæ хайад райстой ацы бæрæгбоны.

Чырыстийы уырнынадмæ гæсгæ ацы бон у Хуыцауы бацыды бон Иерусалиммæ. Уый та у аргъуаны дыууадæс сæйрагдæр бæрæгбонтæй сæ иу.

Хуыцаубоны Мады Майрæмы кувæндоны аргъуаны уæвæг адæмæн иерей Хетæгкаты Иаков цы куывтытæ уагъта, уыдон райдыдтой кувæг адæммæ ахæм сидтæй: «Абон кувæндоны бирæ адæм кæй æрæмбырд, уый дзурæг у нæ адæмы иудзинадыл. Чырыстийы уырнынадмæ гæсгæ ис удварн бæллиццаг фидæн æмæ ацы бæрæгбон дæр у царды фидаргæнæг. Зазхæссæны бæрæгбоныл нæ фыдæлтæ æууæндыдысты. Бæрæгбонты руаджы-иу сæ уæззау цард зæрдæрухс кодтой. Бирæтæм афтæ кæсы, сæйраг хæдзармæ заз бахæссын кæй у, хæдзары уавæрты, дам, акувдзыстæм Хуыцауæн. Фæлæ уый раст нæу. Куывдæн фылдæр тых вæййы кувæндонмæ æрбацæугæйæ. Нæ фыдæлтæ табу кодтой канд Хуыцауæн нæ, фæлæ зæдтæн, дзуæрттæн, дауджытæн. Кувынмæ дæр сæм цыдысты сæ бынæттæм».

Зазхæссæны бæрæгбоны тыххæй та загъта, зæгъгæ, ацы бæрæгбоны Чырысти бацыд Иерусалиммæ. Хуыцау горæтмæ куыддæр йæ къах бавæрдта, афтæ йыл адæм фембæлдысты цъæх къалиутимæ æмæ хъæр кодтой «Осана, Осана». Уый та нысан кодта, ома, йæ банымадтой сæ паддзахыл.. «Æмæ ацы стыр бæрæгбон мах иумæ хъуамæ æмбырд кæнæм Хуыцауы кувæндоны, нæ фыдæлтæ иу минæй фылдæр азы размæ кувæндæтты куыд уыдысты, афтæ. Æмæ мах цин кæнæм ууыл, сабырæй æмæ уарзгæйæ нын кæй ис иудзинад равдисыны фадат», – загъта уазкусæг.

Вербæты нысаниуæджы тыххæй та афтæ загъта: «Вербæтæ та сты æрмæстдæр Хуыцауы хорзæхы нысан. Сæйраг у, цæмæй нæ зæрдæты Хуыцаумæ æмæ нæ кæрæдзимæ уа уарзондзинад. Уæд фарн уыдзæн зæххыл дæр æмæ нæ зæрдæты дæр. Мах хъæуы сабырдзинад, размæцыд æмæ фарн».

Литургийы фæстæ аргъуаны кусджытæ æмæ кувынмæ цы адæм æрбацыдысты, уыдон Дзуарджын цыд акодтой горæты хуссар фарс Згъудермæ ссæуæны Уаз Георгийы аргъуаны бын æвæрд нæ адæмы хъахъхъæнæг дзуармæ. Ам зазбæлæсты æмæ вербæты къалиутыл æрцыд аргъуыд, адæмы къухты цы ног къалиутæ уыд, уыдон сæ хæдзæрттæм ахастой, фароны къалиуты та цæугæдонмæ баппæрстой.

Фыд Яков ноджыдæр раарфæ кодта адæмæн ацы бæрæгбоны цытæн: «Уадз, алкæй хæдзары дæр уæт фарн æмæ сабырдзинад. Мæнæн тынг æхсызгон у, ацы бон бирæ адæм кæй æрæмбырд ис. Уымæй уæ зæрдæтæ кæнынц сыгъдæг æмæ уæлахиз кæндзыстут царды зындзинæдтыл, уæ зæрдæты ныфс бацæудзæн, сом-боны цард кæй фæхуыздæр æмæ фæрогдæр уыдзæн, уымæй».

Ацы ирд бæрæгбон æцæгæйдæр рагæй фæстæмæ адæмы ‘хсæн нымад у монон сыгъдæгдзинадыл. Ацы бон æрвылаз дæр вæййы хур. Чырыстон диныл хæст адæм, ацы бæрæгбон нысангæнгæйæ, вæййынц уæлдай фæрнджындæр æнкъарæнтимæ. Нæ рагфыдæлтæ куыд нымадтой, афтæмæй ацы бæрæгбоны æрцыдимæ райхъал вæййы æрдз.

Аргъуан та куыд амоны, афтæмæй ацы бон æмбæлы кæрæдзийæн арфæ кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.