ЮНЕСКО-йы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы къамисы сæрдары хæдивæг, дунеон хъуыддæгты фæдыл уæрæсейаг советы вице-президент, хæлардзинады уæрæсейаг-сириаг æхсæнады сæрдар Дзасохты Александр йæ 85-азы юбилейы сæраппонд Сирийы президент Башар Асадæй райста символикон лæвар «Дамасский меч», зæгъгæ. Уæрæсейаг диплома-тæн лæвар радта УФ-йы Сирийы ми-нæвар Риад Хад-дад. «Ды дæ Сирийы æмæ йæ адæмы æцæг хæлары цæвиттон, дæ зындгонд принципиалон позициты фæрцы, кæцытæ æвдыст æрцы-дысты хæсты æп-пæт этапты, ды æххуыс кодтай, такфиризмы ныхмæ чи тох кодта, уыцы сириаг адæм æмæ æфсадæн. Дæ арфæйаг позицитæ æвдисынц историон ахастыты, æфсымæр-дзинад, æмзæрдæдзинады æцæг цæвиттон, кæцытæ бæт-    тынц Уæрæсе æмæ Сирийы адæмты», – загъта уый Дзасохты Александрæн.

Йæ рады Дзасохты Александр дæр бузныджы ныхæстæ загъта ацы лæвар, ацы хорзæхы тыххæй, кæцы йын саккаг кодта Сириаг Арабаг Республикæйы президент Башар Асад. «Ацы цирхъ у æхсардзинад æмæ æнувыддзинады символ. Ацы лæвар æз исын, Сирийы хæ-ларадон æмæ æфсымæрон адæм йæ нырыккон историйы ахсджиаг этапыл куы цæуы, уыцы рæстæджы. Фæнды мæ арфæ ракæнын Башар Асадæн йæ хъусдарды тыххæй. Курæг дæ дæн, цæмæй йын зæгъай бузныджы ныхæстæ, афтæ ма йын зæгъ, мах алы хатт дæр кæй уыдзыстæм сириаг адæмы фарсмæ», – загъта Дзасохты Александр сириаг минæварæн. «Фæнды мæ зæгъын, сириаг адæм кæй тох кæны йæ рагон бæстæйы, йæ хæдбардзинады сæрыл. Уæ тох у раст æмæ мах уырны, кæй фæуæлахиз уы-дзыстут, уый.  Мæ фæлтæрæн, кæцы хъуыды кæны нæ бæс-тæты ‘хсæн æмгуыстады мас-штабтæ, тынг æхсызгон у УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ йе ‘мтохгæнджыты позици сириаг адæмæн йæ рæстаг тохы кæй æххуыс кæны, уый. Уæ тох у æрмæст Сирийы фæрныгадæн нæ, фæлæ ма дунейы адæмты фæрныгадæн дæр. Æз уый банысан кæнын алыгъуызон форумты. Ноджыдæр ма уын иу хатт бузныг зæгъын, ахæм лæвар мын кæй бакодтат, уый тыххæй», – загъта уæрæсейаг дипломат.

«Александр Сергейы фырт, ноджы дæр дын иу хатт арфæ кæнын, нæ адæмты ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидардæр кæ-нынмæ дæ хайбавæрд кæй бахастай æмæ ныр дæр кæй хæссыс, афтæ ма терроризмы ныхмæ Сирийы ахасты дæ æнæаивгæ позициты тыххæй», – фембæлды кæрон загъта Риад Хаддад.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Дзасохты Александр 1986-1988 азты кæй уыд Сирийы Советон Цæдисы æххæстбарджын минæвар.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.