Донецкы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад банымайыныл æртæ азы сæххæсты цытæн нæ горæты Анахарсисы номыл библиотекæйы залы уагъд æрцыд иумиаг аивадон посты маркæтæ «Храмы»-йы сæрмагонд архайды ауадзыны процедурæ. Ацы цытджын мадзалы Хуссар Ирыстонæй хайад райстой Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан, Постон-телеграфон службæйы генералон директор Уалыты Владимир, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Андрей. Донецкæй та – Бастдзинад æмæ массон коммуникациты министры хæдивæг Никита Бородин æмæ «Почта Донбасса»-йы генералон директор Денис Неудачин.

Джиголаты Хасан бузныг загъта уазджытæн æмæ банысан кодта мадзалы ахсджиагдзинад, зæгъгæ, посты маркæ æрмæст посты фиддонты нысан нæу, фæлæ у паддзахадон нысан – бæстæ, наци æмæ политикон нысаниуæджы символ.

«Маркæ у бæстæйы визитон картæ. Ныртæккæ уыдонæй пайда цæуы, æндæр бæстæтæм фыстæджытæ æмæ æрвитæггæгтæ æрвитыны рæстæджы. Постон маркæты рауагъд у хæдбар паддзахады атрибуттæй сæ иу.

Ивгъуыд аз Донецкы Республикæйы Адæмты иудзинады бон æмæ йæ паддзахадон хæдбардзинад банымайыны цытæн уагъд æрцыд фыццаг маркæ. Уыдон архайды ауадзыны процедурæ уагъд æрцыд Донецкы. Уымæй дарддæр ма нæ уагдæтты ‘хсæн бафыст æрцыд бастдзинад æмæ коммуникациты фадыджы бæстон кæныны фæдыл меморандумыл», –  банысан кодта Джиголаты Хасан.

Никита Бородин бузныг загъта организацигæнджытæн æмæ банысан кодта, абоны мадзал кæй у 2016 азы Донецкы уагъдæрцæуæг мадзалы дарддæргæнæг.

«Уæд махмæ, посты маркæйы сæрмагонд архайды ауадзыны рæстæджы фæндыд Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын. Уыцы фæндон нын сæххæст æмæ уадз ацы маркæ суæт нæ фидар хæлардзинад æмæ æмгуыстады символ», – банысан кодта уый.

Йæ рады Денис Неудачин, маркæтæн чырыстон дины нысаниуæг кæй ис, уый хорз хъуыддагыл банымадта. Æрмæстдæр, зæгъгæ, чырыстонадæн ис иумиаг духовон иудзинад æмæ культурон бынты идеяйы символ. Ныфсдзинад равдыста,  маркæты  сæрмагонд  архайды  ауадзыны хъуыддаг ноджы тынгдæр кæй æрбангом кæндзæн нæ адæмты. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны маркæйыл ис Мады Майрæмы аргъуаны ныв, Донецкы Адæмон Республикæйы маркæйыл та – Донецкы Спасо-Преображенаг кафедралон аргъуаны ныв.

 

***

Дыккаг дунеон нысаниуæгджын цау уыд Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы постон службæты ‘хсæн кæрæдзиимæ æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй Сразыдзинадыл къух æрфыста Паддзахадон унитарон уагдон «РХИ-йы Постон-телеграфон службæйы генералон директор Уалыты Владимир, Донецкæй та – паддзахадон уагдон «Почта Донбасса»-йы генералон директор Денис Неудачин.

Денис Неудачин ацы сразыдзинады банымадта историон моментыл. Ацы къахдзæф, зæгъгæ, нæ кæрæдзийы иумиаг куыстæн ратдзæн æнтыст-джын фæстиуджытæ.

Лæмбынæгдæр сразыдзинадыл дзургæйæ, Денис банысан кодта, зæгъгæ, сразыдзинадмæ гæсгæ кæрæдзийæн сæ фæлтæрддзинад, информаци æмæ æндæртæ лæвæрд цæудзысты. Сæйраджыдæр, сразыдзинад здæхт у нæ бæстæты ‘хсæн постон бастдзинады хъуыддаджы кæрæдзиæмбарынадмæ.

«Дарддæр æмгуыст кæндзыстæм бирæ здæхтыты. Махæн бирæ перспективон, социалон проекттæ ис, фæстаг аз сарæзтам фондз ног проекты. Уыдонæй иу у «Аптека рядом» уый руаджы медицинон хостæ лæварæй ласæм, хæстон архайдтытæ кæм цæуынц, ахæм бынæттæм», – дзырдта уый.  Йæ ныхæстæм гæсгæ æмгуыстады фæстиуджытæ бæрæг уыдзысты иумиаг куыстытæ сæххæст кæныны фæстæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.