Цард афтæ у æмæ адæймаг кæмдæр рæдигæ дæр фæкæны. Уыцы рæдыдæн ныббарæн дæр вæййы, бынтон стыр бæллæх куынæ æруадза, йæ фæдыл стыр фыдбылызтæ куынæ расайа, уæд. Фæлæ ма æрхъуыды кæнæм, нæ сыхаг гуырдзиæгтæ нын цæрæнбонты цы æбуалгъ хъуыддæгтæ бакодтой, ирон адæмы куынæг æмæ дæлдзиныг кæныныл куыд никуы ауæрстой.

Абоны фæлтæрæй ничи у æвдисæн, ивгъуыд æнусы  20-æм азты гуырдзиаг меньшевиктæ  Хуссар Ирыстоны сабырцæрæг адæмы куынæг кæныныл куыднæ ауæрстой, уымæн. Зæгъын хъæуы, уыцы æнæмæнгхъæуæг зонæнтæ рахъæр кæнынæн фадат нал лæвæрдта Советон хицауад æмæ сæ иу хай рæстæджы аууон амбæхстысты. Фæлæ уæддæр хорз æмæ сæ мæнгарддзинæдтæ, сæ æнæмсæр тох ирон адæмы ныхмæйы цаутæ кæй æрхæц-цæ сты дзыхыныхасæй, хистæр фæлтæры ныхæстæ сæ зæрдыл бадардтой уæды чысыл сабитæ, ныр та абоны хистæр фæлтæр. Мах не ‘ппæт та ноджы къæрцхъус-дæр хъуамæ уæм, цæмæй уæды цаутæй алы чысыл эпизод дæр рæгъмæ хæссæм æмæ сæ зоной æмæ хъуыды кæной, сæ зæрдыл сæ дарой (маст æмæ фыдæхы тыххæй нæ) сæ фыдæлтæн сын гуырдзиаг лæгсырдтæ цы фыдмитæ фæкодтой, уыдон.

Ивгъуыд æнусы 20-æм азты Дампъалеты хъæуккаг Цхуырбаты Нинæйы фыдæлтæ цы уæззау фыдæбæттæ бавзæрстой, уыдон тыххæй дзырдта æрхæндæг зæрдæйы уагимæ. Къаннæг чызгæн сæ дзургæ та ракодта йæ фыды фыды дыккаг æмкъай Хъæцмæзон. Иугæр гуырдзиаг хотыхджынтæ Хуссар Ирыстоны хъæутæм куы æрбабырстой, сабыр, ницыгæнæг адæмы цæгъдыныл куынæ ауæрстой, нæ хъæутæ арты пиллон куы фестадысты, уæд цæрджытæ хуыздæр фæрæзæн ссардтой фæсхохмæ, се ‘мирæттæм сæхи бааууон кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон сын нæ уыд, сæ къах сæ нæ хаста, райгуырæн уæзæгæй фæхауæггаг уæвын æнцон кæм уыд, уымæн æмæ цæттæ фæллой уадзын, цæ-рæнбонты цы исбон скодтай, уыдонæй æнæ хай фæуын тугтæригъæд уыд. Фæлæ сын æндæр гæнæн дæр нæ уыд, цард та адджын у æмæ  хуыздæрæн равзæрстой сæхи знаджы дзæмбытæй фервæзын кæнын.

Фæззæджы кæрон уыдаид, афтæ лигъдæттæ къордгай  тындзыдтой фæсхохмæ, уыдоны хсæн уыдысты Нинæйы фыдыфыд Хæмыц (Алыксандр),  йæ фыдымад Чызнал. Уыцы рæстæджы Нинæйы фыд Иваныл цыд æрмæстдæр 6 азы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр акодтой семæ. Сæ хиуæттæй ма семæ уыдысты Хæмыцы æфсымæр йæ бинойнаг æмæ сæ иунæг дзидзидай чызг Аняимæ, ууыл та уæд цыд афæдзæй чысыл фылдæр, стæй Тедеты бинонтæ, семæ уыд сæ 16-аздзыд чызг Ксеня дæр. Сæхицæн хордзены нывæрдтой фæндаггаг кæрдзыны муртæ. Æнцон нæ уыд сæ даргъ æмæ уæззау фæндаг, фæлæ цы сæ бон уыд æмæ фæрæзтой. Нинæйы фыд Иван дæр лигъдæттимæ цыд фистæгæй, фæлæ уыцы зын фæндæгтыл саби арæх фæллад æмæ йæ уæд та хордзены хаста Тедеты сæрæн чызг. Уый та фæстæдæр уыд Цыбырты Людвиг æмæ Хазбийы ныййарæг мад. Раздæр дæр ацы бинонтæ адджын уыдысты, фæлæ уыцы цауæй фæстæмæ ноджы садджын сты æмæ абоны бон дæр цæрынц адджын æмæ хъæрмудæй.

Лигъдæттæ æрбынат кодтой Алагиры, тынг фæрынчын сты тифæй æмæ уый тынг бандæвта се ‘нæниздзинадыл, уымæн нал сфæрæзтой Чызнал, йе фсымæр æмæ йе ‘мкъай дæр, сæрæгасæй ма  бинонтæй баззад æрмæст чысыл сывæллон Аня æмæ йæм хъуыд кæсын. Иугæр гуырдзиаг меньшевиктæ тард куы баййæфтой, бæстæ чысыл куы æрсабыр, уæд Хуссар Ирыстоны лигъдæтты иу хай фæстæмæ здæхтысты сæ цæрæн бынæттæм. Хæмыц дæр йæ къаннæг фырт æмæ йе ‘фсымæры чызджы ракодта фæстæмæ. Чысыл Иван уæддæр сæрæндæр уыд æмæ къахæй цæуынмæ нæ зивæг кодта, къаннæг чызджы та Хæмыц хаста йæ хъæбысы. Фæлæ зымæгон боныл æууæнк нæй, куыддæр Зикъарайы æфцæгмæ схæццæ сты, афтæ хъызын райдыдта. Тынг фæтыхст Цхуырбайы фырт дыууæ æнахъом сабиимæ, фæлæ уæддæр йæхи нæ ауагъта æмæ дарддæр йæ ных сарæзта йæ райгуырæн хъæумæ. Астæумæ миты лæгæрды, фæллайгæ дæр куыднæ бакодта æмæ хъуыды кæны, дарддæр цы бакæна, ууыл. Дыууæ кæстæры рахæссын йæ бон нæ бауыдаид кæронмæ æмæ æрхъуыды кодта хорз фæрæз. Йæ фырты фæндагыл ныууадза, æмæ змæлаг сы-вæллон иу ран не ‘рлæудзæн, фыдбылызы хай фæуыдзæн. Йе фсымæры чызг нырма æнахъом уыд, миты хъæпæн ракъахта, бызгъуырты йæ стыхта, цæмæй ма суазал уыдаид æмæ йæ уым æрæвæрдта. Цæмæй йæм уæлдæф цыдаид, уый тыххæй уæлийæ гомæй ныууагъта. Ратагъд кодта Хæмыц æд сывæллон, æрхæццæ йæ райгуырæн уæзæгмæ, фæцин сыл кодтой хиуæттæ æмæ хæстæджытæ. Фæлæ уа-дид фæллад лæджы хуыссæг ацахста æмæ райсоммæ йæ къах дæр нæ атылдта. Куы фехъал, уæд йæхи мастæй хордта, сбуцтæ кодта, фынæй кæнын мæ цæмæн бауагътат, зæгъгæ. Уайтагъд дыууæ лæппуимæ араст сты, сывæллоны кæм бамбæхста, уыцы бынатмæ. Зæрдæ бахъæлдзæг, чысыл Аня сæрæгас куы разынд, уæд æмæ йæ рахастой сæхимæ. Æвæццæгæн ын зымæгон уазал ратых кодта, йæ хистæр дыууæ æнгуылдзы басыдысты æмæ йын сæ дохтыртæ ралыг кодтой.

Ахæм фыдбылызтæ кодтой гуырдзиаг тугмондæгтæ ирон адæмæн!

                                                                       Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.