Ныййарæг, хъомылгæнæг. Уæвджыйæдæр, цас вæййы дæ фыдæбон, де ‘рвылбонон узæлд дæ сабийыл, уымæн ныхæстæй зæгъæн нæй. Æхсæв бонæй нæ хицæн кæныс, хатт фæсурыс дæ хуыссæг дæр, дæ удæй кæй балхæдтай, уыцы кæстæры амондджын царды сæраппонд. Ды уыдон æппындæр фыдæбоныл нæ нымайыс, ницæмæ сæ дарыс, дæ рæзинаг кæстæр æнæниз æмæ хъазгæ-худгæйæ рæзæд, уый йедтæмæ. Уый дæ къухты куы бафты, уæд арвмæ сырæзыс, худгæ хурау тæмæнтæ фæкалы дæ цæсгом. Уый ныййарæг мад. Фæлæ къаддæр цин нæ фæкæны дæ ныййарæг фыд дæр дæуыл, кæд уыцы цины æнкъарæнтæ фылдæр хатт нæ фергом кæны, уæддæр. Афтæ сты хъомылгæнджытæ, кæстæрæн цардмæ фæндаг чи байгом кæны, адæмы рæгъмæ йæ чи ракæны, уыцы хистæрты аудинæгтæ. Фæлæ æрмæст сæ сомбоны ныфсыты тыххæй нæ вæййы сæ фыдæбон, уæдæ хиуæттæ, хæстæджытæ, æввахс адæмы тыххæй дæр сæ лæггады хай кæуылты вæййы. Æмæ уæд æнхъæл вæййынц, зæгъгæ, нæхæдæг дæр царды кæронмæ уыдзыстæм зæрдæрухс æмæ амондджын. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, хатт йæхи фæтызмæг кæны иутæм æмæ сын нал вæййы атæлфæн. Æнæ зæгъгæ нæй иуæй-иу кæстæрты тыххæй дæр. Уыдон хорзæй æрвитæд сæ царды бонтæ, фæлæ сæ рох ма уæд, зæронд хæцгæ низ кæй у, уый дæр. Абон йæ ныййарæгмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, уый йæхи сомбоныл дæр хъуамæ ахъуыды кæнид.

Уæддæр бузныг зæгъын æмбæлы нæ Хицауадæн, зæронд æмæ æвæгæсæг æмбæстæгты йæ хъусдарды бын кæй дары, уый тыххæй. Нæ республикæйы ахæм уагдон рагæй ис æмæ уыцы азты дæргъы уыдонæн йæ лæггады хай дзæвгар у. Зæрæдтæ æмæ инвалидты пансионат «Аудындзинад»-ы (йæ ди-ректор Теблойты Чермен) коллектив æмбæлон хъусдард здахы ацы фæкæсинаг æмбæстæгтæм, æрмæст йæ хатæнтыл азилгæйæ дæр фæхатдзынæ, алцы дæр дзы нывыл кæй у, æдзухон аудындзинад сæм кæй ис, уый. Цух не сты хæрд, медицинон æмæ санитарон лæггæдтæй. Зæгъын хъæуы, канд ацы уагдоны кусджытæ нæ, фæлæ ма æнæхъусдард кæй не сты æндæр æмæ æндæр уагдæттæ, куыстуæттæ æмæ хицæн æмбæстæгтæй дæр. Уыдон сæ арæх абæрæг кæнынц æмæ сын уый вæййы тынг æхсызгон, фæхуыздæр вæййы сæ зæрдæйы равг. Æрæджы дæр та сæм фæуазæг сты культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстадон республикон центры кусджытæ, сæ директор Гуыцмæзты Эльзæ, афтæмæй æмæ сын Ногбоны хæдразмæ сæ аивад æмæ дзыхы ныхасæй барухс кодтой сæ зæрдæтæ, се ‘рхæндæг цæсгæмттæ бахъæлдзæг сты. Мадзал райдайыны агъоммæ фынгыл æрæвæрдтой адджинæгтæ, дыргътæ, алкæмæн дæр бакодтой Ногазон лæвæрттæ. Арфæйы ныхæстæ загътой «Аудындзинад»-ы директор Теблойты Чермен, Адæмон сфæлдыстады центры директор Гуыцмæзты Эльзæ, зæрæдты номæй та бузныджы ныхæстæ ракодта Ленингоры районы Салбиеры хъæуы раздæры цæрæг Асаты Авксенти. Ацы нæлгоймагыл цæуы 62 азы, баци саугуырм, æмæ йæм йæ хъус ничиуал дардта. Уæд районы администрацийы сæргълæууæг бахатыд «Аудындзинад»-ы разамындмæ æмæ ныр ам æрвиты йæ царды бонтæ. Уæдмæ фæзындысты Митын Дада æмæ Митын Чызг æмæ сын раарфæ кодтой Ногбоны æрбалæуды фæдыл. Ног азы тыххæй æмдзæвгæтæ бакастысты Агидезалов Сæрмæт æмæ Джусойты Георги, нæ республикæйы адæмон артист Гуыцмæзты Георги та сæххæст кодта цалдæр ирон лирикон зарæджы. Кæронбæттæны фы-сымтæ æмæ уазджыты къорд акафыдысты ирон дзыллон кафт «Симд».

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.