Республикæйы цæрджытæй бирæтæ газ æмæ электроэнергийы тыххæй фиддонтæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ фидынц, ууыл арæх дзурынц электроэнерги æмæ газифтонгады службæтæ. Фиддонтæ афоныл чи нæ фиды, уыдон арæх хицæн æрцæуынц ацы лæггæдтæй дæр.

«Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы нын куыд загътой, афтæмæй  газæй пайдагæнджытæй сæ фиддонтæ 5 мин сомæй кæмæн фæ-фылдæр вæййынц, уыцы абонент-тæ хицæн æрцæуынц газы хаххæй. Фæлæ, зæгъгæ уый, æнæнхъæ-лæджы нæ вæййы абонентæн, уымæн æмæ цалынмæ ацы службæйы кусджытæ газ нæ ахицæн кæнынц, уæдмæ контролер ба-фæдзæхсы бинонты, сæ фиддонтæ æгæр кæй сбирæ сты. Уый фæстæ сæм бацæуы официалонæй гæххæтт дæр. Дæс боны куы рацæуы уыцы хъусынгæнинагæй, уæд газы службæйы кусджытæн бар ис абонентæн æрдзон газ ахицæн кæнын.

Хъыгагæн, бирæтæн сæ газ æмæ электроэнерги куы ахицæн кæнынц, уæд райдайынц тыхсын, цæмæй бафидой сæ фиддонтæ. Иууыл хъыгаг та у, ацы службæйы кусджытæ иу кæнæ иннæ абоненты газ кæнæ электрохаххæй куы ахицæн кæны-нц, уæд лæбурдтытæ æмæ æртхъи-рæнтæ кæй райдайынц. Уымæ гæсгæ ахæм рæстæджы семæ акæнынц барадхъахъхъæнæг ор-ганты кусджыты.

Газы службæйы кусджытæ ма куыд зæгъынц, афтæмæй æрвыл-бон дæр уыдон бахъæуы дыууæ-æртæ хæсджыны ахицæн кæнын. Хуыздæр, дам, у цæмæй цæрджытæ цалынмæ хицæн не ‘рцæуынц æрдзон газæй, уæдмæ фидой сæ фиддонтæ. Науæд уый фæстæ, инструкци куыд амоны, уымæ гæс-гæ ногæй коммуникацитæм куы иу кæной абоненты, уæд хъуамæ бафида уæлæмхас 1280 сомы. Ацы службæйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрæджы тæрхондонмæ адæдтой 180 дибиторы тыххæй хъаст.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй ахæм æнгæс тенденци ис энергетикæйы фадыджы дæр. Энергохызæджы системæйы та хицæн цæуынц ахæм абоненттæ, кæцытæн сæ фиддонтæ схызтысты 2 мин соммæ. Уыдоны ныхмæ дæр ист цæуы æнгæс мадзæлттæ.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы директор Гæбæраты Анатоли зæгъы: «Кæддæрты æнæнхъæлæ-джы рухс куы ахуыссы, уæд адæм катайы бахауынц. Кæд та, зæгъгæ, аваритæ æрцыд электроадæттæн хаххыл. Нæ адæм хорз æмбарынц, æнæ электроэнерги куыд зын у цæрын ныры дуджы. Фæлæ, хъыгагæн, алчи не ‘мбары, кæнæ та йæ нæ фæнды бамбарын, бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фидын кæй хъæуы. Ахæм бæстæ нæй æмæ йæ кæм нæ фидынц. Электроэнергийæ куы пайда кæнай, уæд хъæуы йæ фиддонтæ йын рæстæгыл фидын дæр. Хъыгагæн, фиддонтæ фидыны уавæр нæ республикæйы мæгуырау у, уæлдайдæр та – районты».

Уавæр рараст кæныны тыххæй «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы кусджытæ систематикон æгъдауæй саразынц рейдтæ, хыгъдтæ. Бабæрæг кæнынц нымайæн  куыст, акттæ саразынц. Йæ фиддонтæ кæмæн сбирæ вæййынц æмæ сæ афоныл чи нæ фиды, уыдон ивар дæр æрцæуынц. Уæдæ нæ цæрджытæ хъуамæ æмбарой, æнæ рухсæй ныры дуджы цæрæн кæй нæй æмæ цæмæй уый уа, уый тыххæй та йын хъуамæ фидæм йæ аргъ.

Гæбæрайы фырт ма куыд зæгъы, афтæмæй боны мидæг электроэнергийы хызæгæй хицæн æрцæуынц 50 абоненты бæрц. Фæстæмæ электрохызæгмæ баиу кæныны аргъ у 300 сомы, тæрхондонмæ та арвыстæуыд 300 адæймаджы тыххæй куырдиæттæ, цæмæй сын сæ хъуыддæгтæм æркæсой.

Хъуамæ ма рох кæнæм, уартæ ма блокадæйы куы уыдыстæм, уæд цы зындзинæдтæ æвзæрстам. Ныртæккæ Уæрæсейы Федерацийы руаджы мах æнæкъуылымпыйæ ифтонг цæуæм газæй дæр æмæ электроэнергийæ дæр. Уæдæ хъуамæ алчи дæр бæрндзинад æнкъара æмæ æмбара, бахардз кодтай газ, электроэнерги, уæд ын фидын кæй хъæуы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.