18 апрель – Цыртдзæвæнтæ æмæ историон бынæттæ хъахъхъæныны дунеон бон

Ирон адæм  буц æмæ сæрыстыр сты, сæ историон бынтæй, фыдæлтæй фæстæмæ нæм чи æрхæццæ сты, уыцы историон цыртдзæвæнтæй. Уыцы цыртдзæвæнтæ нын æгомыгæй дзурынц, сæ сырæзты дуджы чи цардысты, уыдоны цард-уагыл, удыгъæд æмæ зондахастыл, сæ саразджыты къухайстыл, сæ уæнгты хъаруйыл, куыстуарзондзинад æмæ намысыл.

Ирыстоны кæмтты мæсгуытæн сæ иу хай æвæрд æрцыдысты тæккæ рындзыл, зынæндæр бынæтты.  Уыцы мæсгуыты фæрцы комбæсты фæдисы, æндæр хабæрттæ хъусын кодтой рухсыты-æртыты руаджы.

Нæ республикæйы территорийыл бирæ ис ахæм цыртдзæвæнтæ, кæцытæн ис историон æмæ культурон нысаниуæг. Хъыгагæн, уыдон бахъахъхъæнынмæ фаг хъусдард здæхт нæ цыд советон дуджы дæр. Уымæ гæсгæ сыл рæстæг йæ æгъатыр  арм   æвæрдта  æмæ  раууатмæ цыдысты. Фæстаг дæсгай азты та ахæм объекттæ реставраци кæнын æмæ сын сæ историон хуыз раздахыныл дзырд дæр нæ цыд.

Нæ историон цыртдзæвæнты реставраци кæнын кæй хъæуы æмæ сын сæ раздæры архитектурон хуыз радтын кæй хъæуы, уый тыххæй къорд хатты йæ хъуыды дзырдта РХИ-йы Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады хистæр Табуты Нелли. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыдон сты мæгуырау уавæры æмæ æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй бакуыст æрцæуа бæрæг программæ сæ реставраци кæныны фæдыл. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон хъуамæ реставраци кæной, фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм специалисттæ. Нæ горæты рагон хуызыл дзурæг организацитæ æмæ уагдæтты бæстыхæйттæм дæр æгæр æнæмæт ахаст равдисæм. Пырх æмæ дæрæн æрцы-дысты нæ адæмы историйыл дзурæг къорд цыртдзæвæны. Пырхæнтæн раздæхæн нал ис, фæлæ иннæтæ хъæуы бахъахъхъæнын.

– Мах æнæмæнг хъæуы нæ националон элементтæ бахъахъхъæнын, уымæн æмæ уыдон сты Ирыстоны историйы æвдисæндартæ æмæ нæ адæмы цардыл дзурæг, – зæгъы Табуты Нелли.

Алы бæстæ дæр сæрыстр цæмæй у æмæ йæ хæзнатыл цы нымайы, уыдон сты сæ историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ. Уыдон бахъахъхъæнын æмæ сæ фидæны фæлтæртæн сæ историон хуызы адæттын у паддзахады ахсджиаг хæс. Уый хорз æмбарынц нæ Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады кусджытæ дæр. Фæлæ æрмæст уыдон архайд фаг нæу. Æхсæнад æгасæй дæр хъуамæ архайа æмæ ауда уыдон бахъахъхъæныныл, сæ цард сын адаргъ кæныныл.

Æрæджы, Цыртдзæвæнтæ æмæ историон бынæтты дунеон боны хæдразмæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады цыртдзæ-вæнтæ бахъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Табуты Нелли пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæн æрдзырдта, нæ республикæйы цыртдзæвæнтæ цы уавæры сты, сæ бахъахъхъæныны сæраппонд цы мадзæлттæ ист цæуы, уыдæттыл æмæ ма афтæ  историон объектты паспортизацийы тыххæй.

«Культурон объектты паспортизацийы фæдыл Цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны хайады куыст уагъд æрцæудзæн дыууæ этапмæ гæсгæ. Фыццаг уыдзæн – хыгъдон карточкæтæ саразын. Паспортты æвдыст уыдзæн æппæт хъæуæг информаци. Фæнды нæ, цæмæй паспорттæ раздæр куыд уыдысты, уымæй сæ фæхуыздæр кæнæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тынг зын куыст у. Бирæ хъæутæ федзæрæг сты æмæ æмбæлон информаци чи радта, ахæм адæймæгтæ дæр бирæ нал сты. Ныридæгæн хыгъдон карточкæтæ ис Цыртдзæвæнты 80 процентæн. Паспортизацийы фæдыл куыст дарддæр цæудзæн», – загъта Табуты Нелли.

Табуты Нелли ма банысан кодта, зæгъгæ, ног Инвестпрограммæйы цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнынæн фæрæзтæ дихгонд не ‘рцыд.

Цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны дунеон боны цытæн ацы аз 20 апрелы горæт Къуайсайы уагъд æр-цæудзæн конференци. Цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайад фæнд кæны алы районы дæр цыртдзæ-вæнтæ хъахъхъæныны фæдыл инспекторты бынæттæ бакæныны фарст сæвæрын, кæцытæ сæ хъус дариккой сæ уавæрмæ.

Цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайад рагæй фæстæмæ архайы, цæмæй Ручъы хъæуы цы бирæнымæц мæсгуыты пырхæнтæ баззад, уым арæзт æрцæуа культурон бынты тобæгонд бынат. Уый у цæттæ этнографион къуым.

Уæдæ, алы бæстæ дæр сæрыстыр цæмæй у æмæ йæ хæзнатыл цы нымайы, уыдон бахъахъхъæныны æмæ сæ фидæны фæлтæртæм сæ историон хуызы адæттын у паддзахады ахсджиаг хæс.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.