Уалдзæг карз марты фæстæ йæхи тынгæй тынгдæр зонын кæны. Хъæууон цæрджытæ, стæй горæттæгтæй дæр хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ кæмæн ис, уыдон тауынц алыгъуызон халсæрттæ, цæмæй куы сзайой, уæд сын барæсугъд кæной сæ фынг, организм зымæджы бонты цы витаминтæй фæцух, уыдонæй баххæст уа.

Нуры æмæ хъæдындз уыцы халсæрттæй сæ ахсджиагдæртæ сты. Уыдоны æрмæст уалдзæджы нæ фæтауынц. Рагуалдзæджы кæй фæфæнды ацы халсæрттæ йæ фынгыл æрæвæрын, уыдон бацархайынц æмæ сæ æрæгвæззæджы байтауынц. Афтæ чи бакодта, уыдонæн ныридæгæн ацы халсæрттæ рæз хæссынц æмæ æввахс бонты сæ хæлцадон рационы фæзындзысты. Ацы бонты сæ чи байтыдта, уыдоны дæр бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъæудзæн. Мæр райсдзæн йæ æмбæлон хъæрмад æмæ тагъд сзайдзысты. Фæлæ ацы байтыдтытæм дæр, куыд æндæр халсæрттæм, афтæ хъæуы кæсын, зилын. Цæвиттон куы сзайынц, уæд сæ сыфтæ æмæ сæ зæнгтæ хус кæнын райдайынц. Цæмæн афтæ у, уый тыххæй мах бахатыдыстæм ахуыргонд агроном Дыгъуызты Таймуразмæ, цæмæй нын бæстондæрæй радзура, сæ аххосæгты тыххæй.

   – Таймураз, арæх вæййы ацы рæстæджы нурыйы сыфтæ куы сбур вæййынц æмæ адæймаджы фыдæбон дзæгъæлы куы фæвæййы…

– Раст у, цæхæрадонкуыстгæнджытæ арæх æмбæлынц ахæм проблемæимæ, фæлæ уый фылдæр хатт  баст вæййы, фæззæджы агротехникон  æмгъуыдтæм гæсгæ раст тыд куынæ æрцæуы, уæд уыимæ. Уалдзæджы йæ сыфтæ куы сбур вæййынц, уæд уый нысан кæны, йæ рæзынæй кæй æрлæууы æмæ нурыйы дæндæгтæ æмбийын кæй райдайынц.

   – Уыдæттæн сæ аххоссаг сæйраджыдæр цы вæййы?

– Кæй сбур вæййынц нурыйы сыфтæ, уымæн ис цалдæр аххосаджы: нæ йын фаг кæны хæлц, уæлдай умæлад куы райсы, кæнæ та – иннæрдæм, умæлад ын куынæ фæфаг кæны, зымæгон уазæлтты куы бахъыгдард вæййы, мæр куынæ фæбæззы, кæнод та йын куы батых кæнынц алыгъуызон зианхæсджытæ æмæ низтæ. Бæрæг у, нурыйы сыфтæ кæй сбур вæййынц, уымæн йæ сусæгдзинæдтæ баст кæй сты агротехникон æмгъуыдтæ хъахъхъæд куынæ æрцæуынц.

   – Цы саразын хъæуы, цæмæй раст  базилæм нæ нурыйы хуымтæм?

– Фыццаджыдæр, рæстæгыл рувын хъæуы нурыйы хуымтæ, мæры уæлцъар хъуамæ ма хус кæна, йæ хъæбæр уæлцъар ын рæстæгæй – рæстæгмæ хырыз кæнын хъæуы, цæмæй уæлдæф æнæкъуылымпыйæ  исой. Дыккаджы, нурыйы хуымты фæззыгон байтыдтытæ нæ хъæуы уалдзæджы донхæр кæнын, нуры нæ уарзы æгæр умæлад, уалдзæджы та йын фаг у, зымæджы мит тайыны рæстæджы зæхх цы умæлад райсы, уый, фæлæ мæр æгæр дæр ма хъуамæ ныххус уа. Æртыккаг, нурыйы тыллæгæрзад бирæ кæнгæ у мæрæй. Нурыйы сыфтæ кæй сбур вæййынц, уый дзурæг у мæрæн йæ туагад æгæр бирæ кæй вæййы, кæнæ та йын нæ фæфаг кæны фаг хъацæнтæ. Цæмæй мæрæн йæ туагад фæкъаддæр кæнай, уый тыххæй йæм бахæссын хъæуы иу агуывзæ фæнык 10 литр доныл æй схæццæ кæнгæйæ. Уалдзæджы та хуыммæ бахæссын хъæуы азотон хъацæнтæ æмæ уæд тыллæгæрзад уыдзæн бирæ хуыздæр. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы уый дæр æмæ ног фаджыс кæй нæй гæнæн нурыйы хуымтæм бахæссæн, уымæн æмæ расайы нурыйы бирæ низтæ. Цыппæрæм, нурыйы сыфтæ бур кæныны, куыд ма загътам, афтæмæй йæ аххосæгтæй сæ иу у, зымæджы рæстæджы кæй басийынц байтыдтытæ. Садзын æй хъæуы афтæ, цæмæй ма басиой, фæлæ уыимæ зæрдыл дарын хъæуы, хъуамæ тынг арф сагъд дæр ма æрцæуой. Уымæ гæсгæ стыр нысаниуæг ис, цы арфæн сагъд æрцæудзæн, уымæн дæр. Уый та раст уыдзæнис, 4-6 сантиметры æрфæн сагъд куы уой, уæд. Нурыйы хуымтыл æвзæрæрдæм бандавынц, уалдзæджы уазæлттæ куы ахæссы, уæд уый дæр. Æмæ, уæдæ, нурыйы сыфтæ уазалы фæбур сты, афтæ чи дзуры, уыдоны хъуыдыимæ æз дæр разы дæн. Мæр фаг хъæрмад нæма райсы æмæ уый дæр вæййы нурыйы сыфтæ фæбур кæныны  аххосæгтæй сæ иу. Ахæм рæстæджы та нурыйы байтыдтытæм фæкæсын хъæуы амиачы селитрæйæ.

   – Æвæццæгæн, ма нурыйы сыфтæ фæбур кæныны аххосæгтæй сæ иу уыдзæнис алыгъуызон низтæ сыл кæй фæзынынц, уый дæр. Бæлвырддæрæй та цахæм низтæ фæзыны нурыйы байтыдтытыл æмæ цы аххосæгтæм гæсгæ фæзынынц?

– Дзырд куы цæуа алыгъуызон зианхæсджыты ныхмæ низтыл, уæд уыцы низтæм хауы фузариоз – уый хауы зокъонизтæм, арæхдæр фæзыны тæвд рæстæджы, зæхх æгæр умæлад куы райсы,  мæр фæлмæн куынæ вæййы æмæ фаг хæринаг куынæ фæисы, тынг сын батых кæны хъæдындзы бындз, хæры сын сæ бынты. Тынг сын зиан кæны нематода дæр, уымæн бирæ рæстæджы дæргъы йæ бон цæрын у мæры, æйчытæ та æрæфтауы халсары зæнджы.

– Хъæдындзы сыфтæ кæй бур кæнынц, уымæн дæр, æвæццæгæн, уыдзæнис йæхи аххосаг?

– Хъæдындзы сыфтæ цæмæн бур кæнынц, уымæн дæр ис, йæхи аххосæгтæ. Уыдонæй фыццаг аххосаг у донæй арæх пырх куынæ цæуой. Уый бирæ уарзы умæл мæр, уымæ гæсгæ йæ  мæйы дæргъы æппынкъаддæрæй хъæуы 7 хатты бапырх кæнын, къæвдатæ куынæ вæййы, уæд. Дон пырх кæнгæйæ архайын хъæуы, цæмæй мæры тынгдæр ахъара. Донæй бапырх кæныны размæ кæнæ та йæ фæстæ мæры хъæуы схырыз кæнын. Хъæдындз ма гæнæн ис æмæ бур кæна мæры азот куынæ фаг кæна, уæд. Æмæ уый та комкоммæ баст у мæры умæладимæ. Мæр умæл куы уа, уæд хуыздæр тайы азот æмæ йæ хъæдындз хуыздæр исы йæхимæ. Цæмæй хъæдындз ма бур кæна, уый тыххæй гæнæн ис спайда кæнай, адæм раздæр кæмæй пайда кодтой, ахæм фæрæзтæй. Зæгъæм, сæ фарсмæ сын уырыдзы байтауын. Уырыдзыйы тæфæй тынг тæрсынц хъæдындзы бындзытæ æмæ афтæмæй аирвæзынц хъæдындзы хуымтæ. Гæнæн уæвгæйæ иу аз хъæдындз кæм байтауай, уыцы бынаты иннæ аз ахæссын хъæуы 200-300 метры æддæдæр, цæмæй йæм хъæндилтæ мауал бафтой.

   – Куыд сæ ис фервæзæн уыцы зианхæсджытæй та?

– Мæры уæлцъар хъæбæр куы уа, уæд байтыдтыты астæуты хъæуы сфæлмæн кæнын, доныл хæрыны цæхх батайын кæнын æмæ хуымты уымæй кæнæ марганцовкæйы лæмæгъ тадтагæй бапырх кæнын. Бирæ ис æндæр алыгъуызон сæрмагонд хостæ дæр сæ ныхмæ. Нематодæйы ныхмæ тох кæнынæн ма ахъаз у байтыдтытæн сæ бынæттæ куы ивай. Цæмæй хъæдындзы бындзæй фервæзай æмæ нурыйы, хъæдындзы сыфтæ мауал хус кæной, уый тыххæй хъæуы сæххæст кæнын иу нæ, фæлæ къорд мадзалы. Фыццаджыдæр, кæд нуры æмæ хъæдындз зымæджы размæ сагъд æрцыдысты, уæд сын рагуалдзæджы сæ мæр хъæуы схырыз кæнын æмæ се взарты разынын кæнын. Уымæн æмæ уалдзæджы мæры вæййы бирæ умæлад. Афтæмæй нырма мæр вæййы уазал дæр æмæ гæнæн ис бамбийой, кæнæ та “фæхуыдыг” уой. Дыккаджы та, фыццаг сыфтæ куы фæзыной,уæд сæ бапырх кæнын хъæуы нашатиры спирты 2 уидыджыдзаг кæнæ та 1,25 проценты техникон аммиак 10 литр доныл схæццæ кæнгæйæ. Уый фæстæ ма байтыдтыты бапырх кæнын хъæуы сыгъдæг донæй,  цæмæй сæ бынтæм хуыздæр ахъара. Доны бæрц кæнгæ у мæр цас хус уа, уымæй. Æртыккаджы, уымæй 10-14 боны фæстæ сæ хъæуы ногæй бапырх кæнын – иу литр доныл иу хæрыны уидыджыдзаг цæхх схæццæ кæнгæйæ. Уый дæр уый фæстæ бапырх кæнын хъæуы сыгъдæг донæй. Цыппæрæм, дæс боны фæстæ та сæ хъæуы æртыккаг хатт бапырх кæнын, доныл марганцовкæйы тадтагæй.

Цы радтынц, уыцы мадзæлттæ?

– Фыццаг бапырхæй амæлынц хъæдындзы бындзы æйчытæ. Цæхх та мæры æйчытæй чи равзæрынц, уыцы фидæны бындзыты амары. Растдæр æй уыдон райдайынц хæрын, йæ мидæг абырынц, афтæмæй. Ахæм мадзæлттæ сæххæст кæнгæйæ мах райсдзыстæм æнæниз хъæдындз æмæ нуры.

                    БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.