РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан Мæскуыйы хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады æмбæстагон хъахъхъæнынады æмæ зынгсирвæзты ныхмæ службæйы академийы курсантты рауагъдон церемонийы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, церемони уагъд æрцыд Сырх фæзуаты, уымæн æмæ æмбæстагон хъахъхъæнынады академийæн бындур æвæрд куы æрцыд, ууыл ацы аз сæххæст 25 азы æмæ ацы юбилейон азимæ баст уыд УФ-йы сæйраг столицæйы цытджын церемони ауадзын дæр.

«24-æм июны Сырх фæзуаты уыд Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады æмбæстагон хъахъхъæнынады æмæ зынгсирвæзты ныхмæ службæйы академийы курсантты рауагъд, цыран ахуыр кæнынц хуссарирыстойнаг курсанттæ. Уырдæм æз ацыдтæн паддзахадон зынгсирвæзты ныхмæ академийы командæкæнынады фæхуындмæ гæсгæ. Цытджын мадзалы хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министр Владимир Пучков йæ хæдивджытимæ, Хæдбар Паддзахадты Цæдисы бæстæты – Таджикистан, Казахстан, Сомихстон, Азербайджаны делегацитæ, кæцыты студенттæ уæлдæр ахуырад исынц ацы уæлдæр ахуырадон уагдæтты», – загъта Тадтаты Алан.

РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министр бамбарын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады æмбæстагон хъахъхъæнынады æмæ зынгсирвæзты ныхмæ службæйы академи каст фесты нæ дыууæ студенты – Мулдарты Денис æмæ Багаты Алинæ (сырх дипломимæ), кæцы йæ ахуыр адарддæр кæндзæн магистратурæйы, РХИ-йы иннæ курсанттæ нырма ахуыр кæнынц.

«Дипломтæ сын радтон мæхæдæг, уымæн æмæ уыдон ахуырмæ арвыста Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад, æмæ фидæны уыдон хъуамæ æрыздæхой сæ Райгуырæн бæстæмæ. Мах сын ам ссардзыстæм куысты бынæттæ. Владимир Пучковимæ нæ фембæлды рæстæджы, уæрæсейаг коллегæ загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис нæ дарддæры æмгуыстадæй æмæ банысан кодт, Уæлвæткон уавæрты министрады хаххыл специалисттæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы нын æппæт æххуыс бакæнынмæ цæттæ кæй у, уый. Уый ма загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн фадат уыдзæн Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады ахуырадон центрты квалификаци бæр-зонддæргæнæн курсытæ рацæуынæн», – загъта Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг.

Тадтаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, фидæн азы дарддæр куыст цæудзæн Хуссар Ирыстоны территори минæтæй асыгъдæг кæныныл.

РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министр равдыста йæ бузныджыæнкъарæнтæ УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадæн Владимир Пучковы сæргълæудæй æмæ дыууæ академийы командæкæнынадæн хуссарирыстойнаг курсанттæм сæ хорз ахасты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.