«Академия социологического анализа»-йы Автономон æнæкоммерцион организаци «Социологион анализы академи»-йы цур хæрзаудæн центр æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком» «Мегафон – Хуссар Ирыстон»-имæ иумæ хъусын кæны, кæй райдыдта хæрзаудæн акци «Араз хорз хъуыддаг», зæгъгæ, уæззау рынчын фондзмæйдзыд сывæллон Гаглойты Миланæ Аланы чызгæн схос кæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæныны фæ-дыл. Дохтыртæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй сывæллоны уавæр у уæззау, пневмониимæ тыхсы 3-аг къæпхæны ДН-æй, ома, йын нæ фаг кæны улæфт, стæй ПЛГ-йæ, ома, йæ рæуджыты туг раст нæ цæуы. Курæг уæ стæм, цæмæй бацæуат сабийы уавæры æмæ хайад райсат акцийы. Æрмæстдæр иумæйаг хъаруты фæрцы махæн суыдзæн нæ бон хæрзиуæгон хъуыддаг саразын æмæ сабийы мæлæты къухтæй байсын!

Баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у дзырд хорз арвитын ахæм номырмæ: 000757. Арвитæн ын ис цалдæр хатты дæр. Акцийы хайад райсын сæ бон у æрмæст «Мегафон – Хуссар Ирыстоны»-ы абоненттæн. Иу смс арвитыны аргъ у 33 сомы. Алкæцы сом дæр цæудзæн сæрмагонд хыгъдмæ æмæ фæхæццæ уыдзæн æххуысхъуаг бинонтæм. Цы æхца æрæмбырд уа, уыдон бæрцы тыххæй зонæнтæ æрвылкъуыри дæр мыхуыргонд цæудзысты дзыллон информацийы фæрæзты.

РХИ-йæн æттейæ чи цæрынц æмæ материалон æххуыс бакæнын кæй фæнды, уыдоны тыххæй гом уыдзæн Ахынцæн хыгъд 407 038 105 00000000067 РХИ-йы Национ банчы (Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ Банк, КИО (ИНН) 0000008013, КПП 775087001, к/счет №30111810500000000042 в ОАО «Банк Москвы», 3010181050000000042 в ОАО «Банк Москвы», 30101810500000000219 в ОПЕРУ Московского ГТУ Банка России, БИК 044525 219).

Бузныг уын развæлгъау.

Бузныг хæрзаудындзинад кæй æвдисут, ноджыдæр ма иу уды мæлæтæй байсыны сæраппонд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.