Ныртæккæ тынг райтынг хæрзаудæн фондтæ æмæ акциты архайд. Искæй зын уавæрмæ æвæлмаст цæстæй чи нæ кæсы, уыдон. Фæкæсынхъуаг адæймæгтæн баххуыс кæнынæй æхцондзинад чи исы, уыдонæй сæ иу у телерадиокомпани «Ир»-ы журналист Джиоты Оксанæ дæр. Ахæм зæрдæргъæвд адæймæгты фæрцы бирæ низæфхæрд рæзгæ удтæ фæуæлахиз вæййынц мæлæтыл. Сывæллонæн баххуыс кæнын æмæ йæ мæлæты къухæй байсын, хæрзиуæгон хъуыддаг у. Сусæггаг нæу алкæмæн иугъуызон уавæр нæй.

Нæ горæты стырдæр магазинты Джиоты Оксанæ æмæ хæлæрттæ — Хъотайты Сæрмæт æмæ Бететы Алим сæвæрдтой асыччытæ, цыппараздзыд Цхуырбаты Варварæйæн баххуысы нысанæн.

Чысыл Варварæйы мад Абайты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй сывæллонæн йæ сæры хъуынтæ сæрды æвзийын райдыдтой. Чысыл рæстæгмæ йын бынтондæр азгъæлдысты, фæстæдæр схаудтой йæ къухтæ æмæ къæхты ныхтæ, бынтондæр йæ зæрдæ хæрд нал быхсы, фæцух цæстырухсæй дæр. Сывæллоны бынаты сæвæрдтой диагноз «тотальная алопеция». Низæн нæхимæ хосгæнæн нæй. Хъыгагæн, Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрады нæй квотæйы фаг æхцайы фæрæзтæ дæр. Æрæджы, æвзонг зарæггæнæг Дзукъаты Ланæйы хъæппæрисæй уагъд уыдис хæрзаудæн концерт — чысыл Варварæйæн баххуысы нысанæн. Хиуæттæ дæр æххуыс кæнынæй фæстæ нæ лæууынц фæлæ, уæддæр уыцы фæрæзтæ фаг не сты, цæмæй цыппараздзыд чызджы сдзæбæх кæной Мæскуыйы клиникæтæй сæ иуы.

«Мах ноджы уæлæмхас асыччытæ сæвæрдзыстæм æндæр базарадон объектты дæр. «Чысыл чызджы цы æхцайы фæрæзтæ бахъæуа, уымæй нын кæд фылдæр бантыса æрæмбырд кæнын, æхцайы фæрæзтæ уæд иннæ хай та ратдзыстæм æндæр рынчын сабитæн», — зæгъы акци уадзæг Джиоты Оксанæ.

Мах, «Хурзæрин»-ы кусджытæ, курæг стæм нæ газеты фæрсджытæ, цæмæй æрбаиу уой ацы хæрзаудæн акцимæ. Æрæджы журналистты æхсæнад баххуыс кодта Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн, ныр дæр дарддæр кæны акци.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.