Нæ горæты сæйраг уынгты Ног азы агъоммæ æмæ æндæр бæрæгбонты рæстæджы фенæн вæййы бирæ базаргæнджыты, кæцытæ бацахсынц æгас тротуар æмæ ма фистæг бæлццæттæ се ‘хсæнты тыххæйты ахизынц, бирæты дзы бар-æнæбары бахъæуы машинæты фæндагмæ рахизын дæр. Æмæ ма йын ахæм уавæрты бамбарæн ис – уæддæр адæмы фæхъæуы уыцы уæййæгтæ балхæныны сæр æмæ рæстæгмæ зындзинæдтыл дæр фæхъæцынц. Фæлæ æрвылбон дæр афтæ уа, уый гæнæн нæй.

Горæты администрацийы фæндонмæ гæсгæ уæййæгтæ уæй кæныны бар ис æрмæстдæр цалдæр бынаты æмæ ма æнæмæнгæй райсын хъæуы бары гæххæтт дæр. Уынджы тротуартыл нæй базар кæныны бар, уымæн æмæ дзы æххæст нæ цæуынц санитарон нормæтæ æмæ ма бæлццæтты дæр хъыгдарынц.

Ацы уавæр бахынцгæйæ, милицийы фадыгон инспектортæ арæх ауадзынц рейдон мадзæлттæ, цæмæй бафæдзæхсой базаргæнджыты, æмæ тротуартыл ма æвæрой сæ уæййæгтæ. Æрæджы та ахæм рейдтæ ауагътой горæты сæйраг уынгты æмæ та сбæлвырд кодтой дзæвгар фæткхалджыты. Фадыгон инспектортимæ ма ахæм мадзæлттæ уадзыны рæстæджы арæх вæййынц милицийы экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны фæдыл управленийы кусджытæ æмæ горæты администрацийы минæвæрттæ дæр, фæлæ ацы хатт азылдысты æнæ уыдонæй.

Фыццаг уал бабæрæг кодтой Харебаты Исахъы уынг. Ам цы базар ис, уый раз тротуар æрвыл райсом дæр йедзаг вæййы уæййæгтæй. Сæ фылдæр вæййынц хъæууонхæдзарадон продукттæ, фæлæ ма дзы рарæгъ-рæгъ кæнынц дидинджытæ æмæ æндæр товартæ дæр æмæ се ‘хсæнты æдæрсгæ ахизæн нал вæййы. Фадыгон инспектортæ бафæдзæхстой æмæ къухфысттæ райстой фынддæс адæймагæй, цæмæй сæ товартæ айсой тротуартæй æмæ дарддæр ахæм бынæтты мауал уæй кæной сæ уæййæгтæ. Кæд æмæ нæ басæттой æмæ та сæ иннæ хатт дæр баййафой тротуарыл, уæд сыл сараздзысты административон суагъæтæ дыууæ статьямæ гæсгæ æмæ сæ арвитдзысты тæрхондонмæ. Фыццаг статья хуыйны «14.1» (æнæ бары гæххæттытæй базар кæнын) æмæ йæ ивар у 500-2000 соммæ. Дыккаг та – «19.3» (бæрнон кусæджы уынаффæ куы нæ сæххæст кæнай), æмæ йæ ивар у 2 минæй 4 мин соммæ.

Ахæм рейдон мадзæлттæ дарддæр дæр цæудзысты алы уынгтыл дæр суанг азы кæронмæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.