Ивгъуыд аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдонæй сæ иу уыдис Харебаты Исахъы уынджы хæлцадон базары ног бæстыхай. Куыд зонæм, афтæмæй «Чысыл базар» ам арæзт æрцыд дуджы домæнтæм гæсгæ, фæлæ уый дзуапп нæ лæвæрдта базары домæнтæн, базаргæнджытæн сæ уæййæгтæ уæй цыдысты антисанитарион уавæрты. Уы-мæй дарддæр ма ам фадат нæ уыд хъæууон фæллойгæнæ-гæн йæ базайрæгты ауæй кæнынæн, фаг бынæттæ дзы кæй нæ уыд, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ-иу уыдон сæ уæййæгты уæй кодтой базармæ бахизæны тротуартыл, уый та æвзæрын кодта антисанитари. Æппæт уыдæттæ бахынцыдта нæ республикæйы разамынад æмæ 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты цы объекттæ арæзт цыдысты, уыдоны нымæцмæ хаст æрцыд уый дæр. Ам арæзтадон куыстытæм æрæвнæлдтой ивгъуыд аз. Арæзтадон куыстытæ сæххæст кодта фирмæ «Престиж». Зæронд базары бынаты ногæй сырæзт, йæ иумæйаг фæзуат 1000 кв. м. кæмæн у, ахæм базар. Уый дих æрцыд дыууæ хайыл – æхгæд базарадон павильон æмæ гом базаргæнæн фæзуат. Æхгæд павильоны уæй кæнынц дзидза, кæсаг æмæ урсаджы продукттæ. Ацы павильон ифтонг у хъарм æмæ уазал донæй, кусы дзы хъармгæнæн системæ, ис дзы уазалгæнæнтæ. Æхгæд павильоны бынмæ арæзт æрцыд æфтауцдон, уым уæйгæнджытæ æфснайынц сæ уæййæгты, ис дзы вентиляци дæр. Уæлдай æхсызгон хъуыддаг та уый у, æмæ ам ныр фадат кæй ис нæ республикæйы районты фермерон хæдзарадтæн сæ продукци уæй кæнынæн.

Фæлæ гом базаргæнæн фæзуаты йæ продукци чи уæй кæны, уыдон баззадысты æнæрайгондæй, æдзух дзы тыхдымгæ кæй зилы, уый аххосæй. Хъуыддаг бæлвырддæр базоныны тыххæй хуыцаубоны, 12-æм марты нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид бабæрæг кодта базаргæнджыты, цæмæй уавæр фена йæхи цæстæй. Базаргæнджытыл зилгæйæ, сæ уавæртæй куыд райгонд сты, уымæ цымыдисгæнгæйæ, Президент зæрдæбынæй аныхас кодта уыдонæй бирæтимæ. Базаргæнджытæн сæ домæн уыд æмхуызон – цæмæй дзы тыхдымгæ ма зила, уый тыххæй йын йæ алыварс æрæхгæной. Президентимæ фембæлгæйæ, базаргæнджытæй бирæтæн фадат уыд цардуагон фарстытыл адзурынæн дæр æмæ уыдонæн дæр Президент радта æмбаргæ дзуаппытæ. Куыд загътой, афтæмæй уыдонæй бирæтæ фæрынчын сты тыхдымгæйы аххосæй æмæ хос кæныны тыххæй хуыссыдысты республикон соматикон рынчындоны. Уымæй дарддæр ма тæрхæгæй тæрхæджы ‘хсæнты уæлагъуыст æмбæрзт кæй не ‘рцыд, уый аххосæй комкоммæ къæвда æмæ мит дæр кæлы сæ уæййæгтæм. «Æнæуый нæ уавæртæ бирæ кæй фæхуыздæр сты, алы уавæр дæр нын арæзт кæй æрцыд, нырыккон домæнтæн дзуапп кæй дæтты базар, уый тыххæй уын бузныг зæгъæм», – дзырдтой уæйгæнджытæ.

Президент ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнын бахæс кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланæн, цæмæй æвæстиатæй æрæвнала йæ саразынмæ. «Мах ба-нымадтам, цы арæзтадон æрмæджытæ нæ бахъæудзæн, уыдоны хæрдзтæ æмæ рæхджы æрæвналдзыстæм йæ аразынмæ. Тыхдымгæйæ бахизыны тыххæй уый æмбæрзт æрцæу-дзæн æртæрдыгæй, æмбæрзт та æрцæудзæнис лексанæй, цæмæй йæм рухс кæла. Æппæт куыстытæ дæр баконд æрцæудзысты дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ», – загъта Æлборы фырт. Президент загъта, зæгъгæ, арæзт куы æрцæуа, уæддæр æм æрбацæудзæн уынынмæ.

Президент павильоны бабæрæг кодта дзидза, æхсыр, кæсаг, рæвдуан, цыхт цы уавæрты уæй цæуынц, уый дæр. Уый ма цымыдис кодта æргътæм дæр.

Цхинвалы районы Елтъурайы хъæуы цæрæг – фермер Сиукъаты Роберты продукци фенгæйæ, Президент райгондæй банысан кодта, фермеры куысты фæстиуджытæй зæрдæ кæй рухс кæны. «Ацы фермерон хæдзарады æнтысгæ архайд, йæ хæрзгъæд продукци цæвиттойнаг у нæ республикæйы хъæууон цæрджытæ æмæ фермертæн», – загъта Президент. Сиукъаты Роберт дæр радзырдта, йæ рауадзгæ продукци йын фæлхасгæнджы-тæ райгондæй кæй æлхæнынц, æмæ ныфс бавæрдта, йæ продукци фылдæрæй фылдæр кæй кæндзæн, уымæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.