Президент Гаглойты Алан министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджыты базонгæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады ног сæрдар Джусойты Константинимæ. Барамындыл паддзахады сæргълæууæг йæ къух æрфыста 20 июны.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, разылæууæг хæстæн иугæндзонæй скъуыддзаг гæнæн нæй. Фæлæ, мæн ныфс ис, мах кæй фæтых уыдзыстæм проблемæтыл. Константин Хасаны фырт здæхт у фæстиуджытæ райсынмæ», – загъта Президент, æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ.

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Парламент хорзыл банымадта Джусойты Константины Хицауады Сæрдары бынтамæ снысан кæнын æмæ сессийы хайад райсæг 33 депутаты æмхъæлæсæй сразы сты йæ кандидатурæйыл.

«Ныфс мæ ис, иумæ æнтыстджынæй кæй кусдзыстæм нæ адæмы хæрзиуæгæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уымæй уæлдай ма Гаглойты Алан бузныджы ныхæстæ загъта министры кабинетæн Бекъойты Геннадийы сæргълæудæй сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Йæхи рады, Джусойты Константин бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн йе ‘ууæнкдзинады тыххæй.

«Æз серьезон ахаст дарын куыстмæ. Иумæйагæй скъуыддзаг кæндзыстæм проблемон фарстытæ, архайдзыстæм Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзтмæ нæ хайбавæрд хæссыныл. Ныфс мæ ис æмбарындзинад æмæ æххуысæй», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.